Ацы аз Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы стыр Уæлахизы боныл 75 азы сæххæсты цытæн карантины аххосæй 9 майы нӕ уыд Уæлахизы парад. Фӕлӕ ӕрӕджы, Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин бардзырд радта, цӕмӕй 24 июны ауадзой ацы мадзал. Нӕ  республикæйы  Президент  Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ Цхинвалы дӕр уыцы бон хъуамӕ уагъд ӕрцӕуа Уæлахизы парад.

Ӕрвылаз дӕр ацы ӕфсӕддон парады активон хайад райсынц Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ ӕмӕ та ныр дӕр арӕзт ӕрцыдысты парадон расчеттӕ. Ныридӕгӕн репетицитӕ уадзынц Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды территорийы, фӕлӕ фӕстӕдӕр ахиздзысты РХИ-йы Хъахъхъӕнынады министрады ӕмӕ 4-ӕм гвардион ӕфсӕддон базӕйы плацмӕ. Генералон репетицитӕ та уагъд ӕрцӕудзысты Цхинвалы Театралон фӕзуаты 19 ӕмӕ 22 июны.

Ӕдӕппӕт ӕфсӕддон парады хайад райсдзысты  милицийы 200 кусӕджы бӕрц. Уыдон ӕхсӕн уыдзысты ОМОН-ы кусджыты дыууӕ парадон расчеты, сылгоймӕгты парадон расчет ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрады курсанттӕ, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц Уӕрӕсейы Федерацийы уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты. Курсанттӕ фыццаг хатт рӕнхъон цыдӕй рацӕудзысты парады Цхинвалы, уымӕн ӕмӕ-иу иннӕ азты уыдысты сӕ ахуыргӕнӕндӕтты.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.