Ахуыргæнæг! Кадджын у ацы професси, цыфæнды кары дæр адæймаг æрæмысы йæ ахуыргæнджыты, фæкæны сæ кой, фæдары сæм уарзæгой зæрдæ. Æрхъуыды кæны, хатт-иу галиу митæ куыд кодта æмæ йын уыцы мæгуырау дзинæдтæ куыд нæ барста, рæвдаугæ æмæ хатт та тызмæг цæстæнгасæй амыдта, ахæм митæ хорз кæй не сты æмæ сæ хи куыд бахизын хъæуы, æппæт уыдæттæ. Скъоладзау йæ разы æфсæрмдзæстыгæй æрлæууыд, фырадæргæй кæны ныгъуылдтытæ æмæ ахæм къæбæда митæй дарддæр хызт кæй уыдзæн, уый йын аивæй æмбарын кæны. Æмæ та кæддæры ахуыргæнинагæн йæ цæстытыл ауадысты ахуыры уыцы азтæ, æхсызгон ын уыд, йæ ахуыргæнæг йе нцой кæй балæууыд æмæ йæ раст фæндагыл кæй бафтыдта, уый. Ахуыргæнæгæн фырбуцæн  цалдæр номы æнæхъуаджы, мыййаг, нæ радтой. Ахуыргæнæг. Зондамонæг. Хъомылгæнæг. Уый уымæн, æмæ алыварсон у йæ куыст æмæ курдиат, æххæссы сыл æмæ сæ рæдауæй лæвар кæны нæ сомбоны цардаразджытæн. Æцæгдæр, ахуыргæнæг нæ ахуыр кæны чиныгыл,, ахуыргæнæг нæ хъомыл кæны раст зондахастыл, ахуыргæнæг нæ хотыхджын кæны зонындззинæдтæй.

Ахуыргæнæджы зын, фæлæ кадджын профессии равзæрста Коцты-Пухаты Мери Суликъойы чызг дæр æмæ йыл æнувыд уыд йе взонджы бонтæй суанг пенсийы ацæуыны онг. 1956 азы каст фæци нæ горæты дыккæгæм астæуккаг скъола æмæ уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты физматы факультеты. Уæлдæр ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ йæ разы уыд фарст: кусдзæн йæ равзæрстгонд дæсныйадыл, æви уæлдæр ахуырдзинад у фаг? Нæ, уый тыххæй нæ равзæрста ацы дæсныйад, уарзы йæ æмæ йæ хъуамæ уарзын кæна кæстæртæн дæр. Æмæ æрлæууыд арфæйаг куысты уæлхъус, йæхæдæг зонындзинæдтæ кæм иста, уыцы уарзон скъолайы. Æрлæууыд хъомылгæнæджы куыстыл йæ раздæры ахуыргæнджыты фарсмæ æмæ иумæ ахуыр-хъомыладон архайд кодтой нæ рæзгæ фæсивæдимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, зын предмет у физикæ, алчи йæ нæ фембары, æмдзæвгæйау та йын æнæкæсгæйæ сахуыргæнæн нæй. Уыцы хъуыддаг хорз æмбæрста æмæ архайдта, цæмæй лæмæгъдæр ахуыргæнинæгтæн иу кæнæ иннæ фарст æнцондæрæй æмбæрстгонд уыдаид. Уый бæрц куыста семæ, æмæ мæгуырау нысæнттæй ирвæзт уыдысты. Стæйдæр, ахуыры азы кæрон «дыууæ» никæмæн æвæрдта. Йæ нысан æмæ ахуыры метод уыд ахæм, зæгъгæ, мæ предмет кæд иутæ тынг размæдзыд не сты, уæд сæм æндæртæй та ис фаг курдиат æмæ сын уыдон бабæздзысты сæ дарддæры цард æмæ архайды.

Мери 1963 азæй та йæ куысты бынат аивта фæндзæм астæуккаг скъоламæ æмæ дзы бафыдæбон кодта суанг 2005-æм азмæ. Уыцы азæй суанг пенсийы ацæуыны онг та куыста республикæйы ахуыргæнджыты квалификации фæбæрзонддæр кæныны институты физикæйы методистæй. Ацы куысты дæр йæ разы бирæ хæстæ лæууыд, скъолаты ахуыргæнджытæн цæстуарзонæй амыдта йæ бирæазон  куысты фæлтæрддзинад æмæ дзы алчи дæр уыд райгонд. Мери хорз зыдта йæ предмет, пайда кодта урок амоныны рæстæджы алыгъуызон методтæй æмæ уымæ гæсгæ йæ уроктæ кæддæриддæр уагъд цыдысты бæрзонд æмвæзадыл. Уый та дæтта хорз фæстиуджытæ, йæ ахуыргæнинæгты фылдæр хай истой арф зонындзинæдтæ æмæ йын хорз кад уыд ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгты хсæн дæр. Йæ раздæры ахуыргæнинæгтæ уыдысты Мæскуыйы уæлдæр ахуыргæнæндоны лектор Джиоты Олеся, Хъæууон хæдзарады министр Плиты Витали, Плиты Алымбег, Джуссойты Гурам æмæ бирæ æндæртæ. Царды раст фæндагыл бафтыдта йæ сæрыхицау Аланимæ сæ дыууæ фырт Витали æмæ Константины, сæ чызг Альвинæйы, кусынц æмæ фæллой кæнынц адæмон хæдзарады æндæр æмæ æндæр къабæзты.

Намысджын, æнæзæрдæхудт куыстæн кæддæриддæр ис хоз аргъ æмæ уыцы хæрзиуæгяй фæхайджын Мери дæр. Йæ бирæазон цæсгомджын педагогон куысты тыххæй йын 1984 азы лæвæрд æрцыд «Адæмон ахуырады иттæг хорз кусæджы» ном, хорзæхджын ма æрцыд «Куысты ветеран»-ы майданæй дæр. Фæлæ уæддæр йæ зæрдæйæн иууыл æхцондæр вæййы, йæ раздæры ахуыргæнинæгты худгæ æмæ райдзаст цæстæнгас. Уæд бабуц вæййы йæхицæй, йæ бирæазон æнæзæрдæхудт куыстæн хоз фæстиуджытæ кæй разынд, уымæй.

ХУЫБИАТЫ Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.