6-æм июны йæ райгуырæн бон нысан кæны цæгатирыстойнаг уæздан адæймаг, Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы координацион советы уæнг, Цæгат Ирыстон-Аланийы истори æмæ археологийы институты директоры хæдивæг, РЦИ-Аланийы æхсæнадон палатæйы уæнг, Цæгат Ирыстон-Аланийы Физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт тренер, Уæрæсейы Федерацийы вице-президент армрестлингæй Еналдыты Хъазбег Иналы фырт.

Еналдыты Хъазбеджы Цæгат Ирыстоны куыд зонынц, афтæ йæ ном хъуыстгонд у Хуссар Ирыстоны дæр. Уый бирæ азты дæргъы кусы «Иры Стыр Ныхас»-ы, цалдæр азы та йын рæстæгмæ кодта сæрдариуæг. Ам райдианы уый куыста ирон æвзаг бахъахъхъæныны комитеты сæргълæууæгæй. Ацы æхсæнадон организацийы кусгæйæ, уый арфдæр зоны æмæ æмбары ирон æмæ Ирыстоны ахсджиагдæр фарстатæ æмæ кæддæриддæр æвдисы фидæны фæлтæртæн иттæг хорз дæнцæг.

Еналдыты Хъазбег схъомыл ис педагогон бинонты ‘хсæн æмæ райста дыууæ уæлдæр ахуырады – каст фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты историон  æмæ физикон культурæйы факультеттæ. Уый фæстæ хъæздыгæй хъæздыгдæр кæны йæ куысты биографи.

Фыццаг уал кусынмæ бацыд сæ хъæуы скъоламæ историйы ахуыргæнæгæй, æнувыд уыд йæ ахуыргæнæджы куыст æмæ ахуыргæнинæгтыл æмæ йын йæхи дæр тынг бауарзтой. Уый фæстæ Еналдыйы фырты фæхуыдтой паддзахадон университетмæ историйы кафедрæмæ æмæ ам кусгæйæ райдыдта фыссын йæ диссертацион куыст. Уалынмæ 1986 азы Æрыдоны районы йæ хъæуы скъола аззадис æнæ директорæй æмæ йæ уырдæм кусынмæ фæхуыдтой. Ам та йæ рæстæджы куыста йæ фыд æмæ Хъазбег уайтагъд сразы ис республикæйы уæды министры фæндимæ. Уæд Къостайыхъæуы скъола нымад цыдис иууыл хуыздæр æмæ æнтыстджындæр скъолайыл, байгом дзы кодта этнографион музей, ахуырæн дзы арæзт æрцыд æппæт уавæртæ дæр æмæ уый æнæрахатгæ нæ уыдысты уæды хицауады бæрнон кусджытæ.

Еналдыты Хъазбег уый фæстæ раивта цалдæр бæрнон бынаты, 10 азы акуыста республикон таможнæйы дæр. Уый фæстæ та ногæй 2011 азы кусынмæ æрбаздæхт  ахуырады къабазмæ æмæ уæд ссис Æрыдоны ахуырады управленийы гæс æмæ уым дæр уыд фæзминаг йæ куыст. Æртæ азы фæстæ  Еналдыты Хъазбег бацыд республикæйы Æхсæнадон палатæйы скондмæ æмæ слæууыд фæсивæдон политикæйы къамисы сæргълæууæгæй æмæ ныр цыппар æмгъуыды бæрц у йæ активон уæнг. Хъазбег Иналы фырт æндæр æхсæнадон архайджытимæ иумæ скъуыддзаг кæны социалон фарстатæ, архайы фæси­вæды патриотикон æмæ хæрзæгъдауон  хъомыладыл, раст фæндагыл сæ бафтауыныл. Ацы хъуыддаджы Еналдыты Хъазбеджы йæ хорз архайд æмæ куысты тыххæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло схорзæхджын кодта майдан «Во славу Осети»-йæ.

Еналдыйы фырты инициативæмæ гæсгæ, ивгъуыд азы нæ горæты Хуыбылты Валерийы номыл Стыр парчы хицæн аллейæйы æвæрд æрцыдысты Ирыстоны зындгонд æхсæнадон ар­хай­джыты бюсттæ. Уыдон сты: Хуыбылты Валери, Джусойты Нафи, Брытъиаты Елбыздыхъо, Кучиты Юри,  Гаглойты Рутен, Дзанайты Азанбег æмæ Айдарты Знауыр.

Еналдыты Хъазбегæн йæ райгуырæн боны цытæн зæрдиаг арфæ кæнынц газет «Хурзæрин»-ы коллектив дæр. Нæ цæст ын уарзы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ дарддæры æнтыстытæ йæ иузæрдион куысты.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.