Фыссæг æмæ зонадон кусæг Хъазиты Мелитоны (йæ фæс­но­мыг – РОКСАЛАН) сфæлдыстад гуырахстджын у. Лите­рату­рæ­йы алы фадыджы дæр ирдæй зыны йе `рмдзæф. Кусы поэзийы, прозæйы, драматургийы, литературæзонады. Бирæ сты йæ поэтикон, прозæйон æмбырдгæндтæ йæ тæлмац чингуытæ. Дзæвгар ныффыста монографитæ. Сабитæн сфæлдыста къорд чиныджы йæ уацмысты æмбырдгæндтæ сты сæдæйы бæрц.

Йе сфæлдыстад куыд егъау у, афтæ дзурæг у царды алыхуызон фæзындтыл, æхсæнады ахсджиаг фарстытыл æмæ йæ чиныгкæсæг йæ зæрдæмæ исы æв­вахс. Цы фыссæг йæ радтæг адæмы, йæ Райгуырæн бæстæйы, æхсæнады цар­дыл нæ фыссы, уымæн  адæмон фыссæг схонæн нæй. Хъазиты Мелитон у адæмон фыссæг. Мæн та абон фæнды æрдзурын йæ новеллæтыл. Фондз æмæ ссæдз но­вел­лæйы мыхуыры рацыдысты 2006 азы, горæт Дзæуджыхъæуы ахæм сæри­мæ «Æууæндын Адæймагыл».

­

Новеллæ «Цымбæлас»

Фыдыдыбæстæйон Стыр хæст цы стыр фыдбылызтæ æрхаста æппæт сове­тон адæмтæн, уый сусæггаг нæу, нæдæр æнæзынд… Æгæр дæр ма йæ бамбæрстам.

Бирæ фæсивæд аивылд уæд хæсты быдырмæ, æгæрыстæмæй нæ интел­лигенцийы хуыздæр минæвæрттæ дæр; Калоты Хазби, Плиты Грис, Кочысаты Му­хар­бег, Гафез, Нафи æмæ бирæ æн­дæртæ. Хæстон сахъгуырдтæй ма чи  æрыз­дæхтысты, уыдонæй дæр бирæтæ са­хъат æмæ цæнкуылтæй.

Уæззау дуг, зын рæстæг. Хæсты бы­дырмæ хъæбулы, æфсымæры, сæры хицауы æмæ хионы фæндараст кæнын æн­цон никуы уыд. Уымæй зындæр та – зæрдæдзургæйæ æнхъæлмæ кæсын, уæ­лда­йдæр та дзæвгар рæстæг куы ахæссы фы­дохы рæстæг. Дзынæзтой хотæ, хъæ­бултæ, ныййарджытæ, Ный­йа­рæджы сагъæсæн æмбал нæй…

Новеллæ «Цымбæлас»-ы уынæм ный­йа­рæджы тæригъæддаг цард Фыдыбæс­тæйон Стыр хæстмæ, йæ хъæбулы ацы­ды фæстæ. Новеллæ дзуры таурæгъ­гæнæг, йæ райдианæй йæ кæронмæ  у зæрдæмæхъаргæ.

Цæвиттон, хæдзары алыварс цъæх нæууыл бирæ дыргъбæлæстæ, бирæ æмæ алыгъуызон, фæлæ ныййарæг Мад ни­кæцы бæлас уыдта, уый цымбæласæй дард­дæр. Цы уыдта фыссæг ирд æмæ арæхс­тджынæй æвдисы ныййарæджы ахаст цымбæласмæ: «Цымбæласæй-иу ра­йдыдта йæ боны рухс… Цымбæласæй-иу æрцыд йæ уалдзæг… Кæд уæ базонын фæн­ды, уæд цæргæ дæр уый ныфсæй кодта…»

Ацы рæнхъытæ чиныгкæсæджы уаца­ры æппарынц æмæ тырнын райдыдтой цæмæй базона, ныййарæгæн иннæ бæ­лæсты уæлдай цымбæлас цæмæн æв­вахсдæр у. Зæронд мады хъарм ахаст цым­­бæласмæ хуымæтæджы нæ уыд. Ныт­тыхст-иу цымбæласыл, æдых æрмттæй-иу ын рæвдыдта йæ дæрзæг буар, зыл­дис æм зæрдæбынæй. Кæрдæг-иу нæ­ма фезмæлыд, афтæ-иу цымбæласы алы­варс сау мæр Мады дæрзæг æрмтты `хсæн фæрсудзынæй фæнычы хуызæн сси. Дарддæр раргом ис ныййарæджы уар­зæгой зæрдæйы миддуне, рæвдаугæ, хъарм ахаст цымбæласмæ: «Диссаг уыд æмæ йыл сыхæгтæ дæр уымæн дис кæнынц; Зæронд ус-иу æхсæвæрыл цы бахордта, уый дыккаг райсоммæ йæ зæр­дыл никуы бадардта, афтæмæй йæ иунæг хъæбул иу рагуалдзыгон бон хъæ­дæй цымы тала куыд æрхаста, дзыхъхъ ын куыд скъахта, куыд æй ныссагъта, мих ын йæ фарсмæ куыд ныкъуырдта, йæ алыварс сындз-къона куыд бабаста, куыд ыл цин кодта, тала куыд рæзт, гагатæ йыл кæцы аз æрзад… Æппæт уыцы хъуыд­дæгтæ афтæ, бæстон æмæ лыстæггай куыд баззадысты йæ зæрдæфысты?..»

Ныййарæг Мадæн йæ хъæбул Гер­маны хæстмæ фæраст ис. Стыр ныфс ныу­уагъта Мадæн, мæнæн, зæгъгæ, æнæ­рыз­дæхгæ нæй. Ныййарæджы зæрдæ сæттын нæ комы æмæ æнхъæлмæ кæсы йæ фыртмæ, уырны йæ, сæрæгасæй кæй зындзæн йæ хъæбул тагъд рæстæджы, фæлæ ныддаргъ ис фыддуджы рæстæг. Йæ хъæбулы бæлас та ма хъуамæ бахуыскъ уа йæ сыздæхынмæ.

Ацы ран автор æмбарын кæны, ный­йарæг Мадæн йæ хъæбулы мысгæйæ, уый æрцæуынмæ дзыназгæйæ, цым­бæлас удлæууæн у. Адджын у Мадæн йæ хъæбулау. Мад æмæ цымбæласы ру­аджы автор æвдисы æмæ æмбарын кæ­ны æппæт хæстонты фæстæ ныййарæг цы удхъизæмар бавзары.

Хус рæстæг ахаста, къæвдайы `ртах нал æрхауд. Бахус æрдз, бахус сты цымбæласы сыфтæртæ, `ркалдысты йæ гагатæ… Ацы æрдзон фæзындæй  нын фыс­сæг æмбарын кæны, ныййарæг ра­гæй кæй ницыуал фехъуыста йæ хъæ­булæй. Ныййарæджы зæрдæмæ рухс никæ­цæй уал кæсы. Удхъизæмар кæны, ма­рой, дзыназы: «Мæ хъæбулыл цыдæр фыдбылыз сымбæлд, йæ бæласæн дæр йæ уд аскъуыд». Банцад цымбæласимæ уар­зæгой Мады зæрдæ дæр йæ куыстæй: «Сыхæгтæ йæ иу изæр æрдæгхус цым­бæ­ласы хъæбысы ссардтой мæр­двы­нæйæ».

Цымбæласы бахус æмæ ныййарæ­джы мæлæтæй автор æмбарын кæны, хæстон лæгæн йæ уд æрдуйы хидыл баст кæй у. Бирæ хъæбатыр фæсивæд кæй нал федтой Уæлахизы бон, бирæ мадæ­л­тæ кæй не сфæрæзтой хъæбулы мæлæт æмæ æнафоны атындзыдтой се `нусон бæстæм сæ фæдыл.

Кæронбæттæны уынæм: «Уыйбæрц… рæстæджы фæстæ Мады иунæг бындар ссардта йæ фыды уæзæг. Æрлæууыд йæ куыс­ты сæр… Æмæ та базмæлыд цым­бæлас, Æмæ сыгъзæринсыф дидин акал­дта цымбæлас… Æмæ та уалдзæг æр­цыд цымбæласæй. Райтынг цымбæлас, йемæ дарддæры сабыр цард дæр. Знаг састы баззад, хæстæй чи сыздæхт, кæд сахъат æмæ уонгцухтæ уыдысты, уæд­дæр цард йæ цыды хай кæны æмæ бав­нæл­дтой цард аразынмæ зæрдиагæй… Сабыр цард аразынмæ.

Æнагъæддаджы цауыл амад у новел­лæ «Æвзист сыкъа». Æвдыст дзы цæуы тугтæригъæддаджы сырдон ми. Æвæц­цæгæн, зæххы къорийыл ахæм фыдми нæ фыдбоны сыхæгтæй дарддæр ничи сарæзтаид.

Новеллæйы ис æртæ архайæджы, Гæл­дæр æмæ Тыхлæг, æппæрццаг фæл­гондзтæ, се `ттаг бакастæй æмæ сæ нæмт­тæй дæр зыны, адонмæ хорзмæ ма­цæ­мæ æнхъæлмæ кæс. Ацы фæлгон­дзты руаджы фыссæг æвдисы æппæт гуырдзыйы тугдзых сырдты фыдмитæ.

Æртыккаг – æвæрццаг, хъæбатыр, ныфсджын æмæ зондджын, мад суæвын­мæ æнхъæлмæ гæсæг ирон сылгоймаг. Ацы сылгоймаджы руаджы фыссæг æв­дисы, æппæт ирон адæмы зонд, хъару æмæ хъæбатырдзинад, сæйраджыдæр та ирон сылгоймаджы миддуне.

Тугдзых сырдтæ æрбабырстой ирон хъæумæ, адæм сæхи бааууон кодтой.  Сылгоймагæн йæ бон нæ бацис йæхи бааууон кæнын.

Æрбаййæфтой  йæ Гæлдæр æмæ Тыхлæг. Нуæзтджын уæвгæйæ адард­дæр кодтой сæ цæл кæнын. Хæдзары цы ссардтой, уый бафснайдтой голджыты, уалынмæ къулыл ауыдтой æвзист сыкъа, сæхи йыл ныццавтой, схъуырдухæн сты. нæ, мæн фæуа, нæ мæн у, зæгъгæ.  Схæ­снаг кодтой, кæд сылгоймагæн лæппу уа, уæд æвзист сыкъа Тыхлæг йæхицæн хæс­сы, куы нæ уæд та – Гæлдæр. Рахæц-ба­­хæц фæкодтой, рæстæгæй рæстæг­мæ-иу æдых сылгоймаджы абæрæг-абæ­рæг кодтой, зæгъгæ, кæд фæзынди са­би дунемæ, сыкъайы адæргæй сæхи­цæн бынат нæ ардтой.

Гæлдæр æмæ Тыхлæджы ныхасæй фыс­сæг æвдисы, гуырдзиаг тугдзых сыр­дтимæ кæй уыдис æндæр рæтты цæрæг гуырдзиæгтæ, æндæр адæмы хаттæй дæр, (кæй сын уыдис æххуысгæнджытæ сæ сырдон митæ кæнынæн) ирон адæмы хæс­тæг чи нæ зоны, ахæмтæ: – «Амæ­йраз­мæ нæ хуыцауысконд æфсымæртæ иу ирон хъæумæ бабырстой. Чидæр сæ аз­зад фæстейæ, ацы хъæддæгтæ (ирæт­тæ) фæстæмæ куы ‘рыздæхтысты, уæд æй æрцахстой, удæгасæй йæ цуайнаджы сфыхтой æмæ йæ бахордтой, йæ худын, тыхæйуромгæйæ, ныхас кодта Гæлдæр». Йæхимидæг та хъуыды кодта, йе ‘мбæлт­тæн куыд дзурдзæн æмæ куыд худ­дзыс­ты, йæ ныхæстæ куыд бауырныдтой Тых­лæджы æмæ куыд фæтарст, ууыл.

Ацы ныхасæй бæрæг у Тыхлæг нæу бынæт­тон гуырдзиаг, дарддæр ма фыс­сæг æмбарын кæны, сæхи фыд­ра­кæнд­тæ ирæттыл кæй мысыдысты æмæ ирæт­тæй кæй дзырдтой сæхи митæ.

Дарддæр уынæм, сылгоймаг куыд ныф­фæлмæцыд сæ æнæхъола митæй, цы æнæмбаргæ йын уыдис, удæгасæй кæй нæ баззайдзæн. Алыгъуызонæй ар­ха­­йдта йæ цардæй тагъддæр фер­вæ­зыныл, дзуры сæм: «Бæтæйы фырт­тæ дыууæйæ сæ сæрмæ куынæ схастой се знæгтæй фæлидзын, уæд мах æнæ­хъæн адæмæй сымах хуызæн куыйдзых­тæй фæлидздзыстæм…», зæгъгæ?

Фыссæг ацы сылгоймаджы руаджы æвдисы, ирон адæм сæ рагфыдæлтæй фæстæмæ бирæ фыдбылызтæ кæй бав­зæрс­той, уый хыгъд кæй никуы уыдысты тæп­пуд, худинаг сæ сæрмæ кæй никуы æр­хастой, фæлæ ныр сæ уавæр æндæр у. «Иуæн – дыууæ æфсад» – ирон æмби­сонд ахæм ис.

Фыдгæнджытæ бынтон срасыг сты, æвзист сыкъа уæддæр сæ хъуыдыйæ нæ цух кодта. Тыхлæг та бауади абæрæг кæнон æвгъæддоны, кæд, мыййаг, саби дунемæ фæзынд. Уалынмæ сывæллоны кæуын райхъуыст, Гæлдæр дæр йæ уæл­хъус балæууыд æмæ сагъдæй баз­зад. Сылгоймаг дзагъырдзастæй сын­тæгыл уыд уæлгоммæ хауд. Йæ тæнтæ – кæрон­мæ фаст. Цыма ацы уысммæ рагæй æнхъæлмæ каст – йæ цæсгомыл уыцы æмбæхст мидбылхудт хъазыд. Фæстаг хъуыдыйады фыссæг æвдисы, сылго­ймаг кæй сфæлмæцыд тугдзых знæгты сырдон митæй, уый хыгъд хъæбатыр æмæ æхсызгонæй кæй сæмбæлдис мæ­лæтыл. Афтæ ма фæбæрæг гуырдзыйы тугдзых сырдты миддуне.

Сæ хæлæфæй нæ бафидыдтой æв­зист сыкъайыл, сæ хæснаг дæр нæхъу­аджы фæцис. Дунемæ фæзындысты лæппу æмæ чызг. Скæрæдзи мидæг сты  – нæ, мæн у, нæ, мæн у, зæгъгæ: «Гæлдæр æмæ Тыхлæг сæ комы фынк калгæ сæ кæрæдзимæ фæдардтой сæ хæдæхстæ. Алчи дæр сæ тагъд кодта. Сæ хæдæхсты къæр-къæрæй, сæ тарст æрдиаг фæраздæр. Салд цæнкуылтау ахаудтой дæлфад-уæлфад».

Байсæфтысты тугдзых æнæзæгъи­нæгтæ, адæймаджы цард æфсæны гæппæлы аргъ кæмæн уыд, æмæ ба­йсæф­той, æнæазым, æдых, мадсуæ­вынмæ æнхъæлмæгæсæг ирон сылго­йма­джы. Кæронбæттæны уынæм, дуне­мæ фæзындысты дыууæ ноггуырды, ирон адæмы фæстагæттæ… «Фыдбоны­гуырд æнахъом лæппу æмæ чызг уыцы зæрдиагæй куыдтой сæ хъæлæсыдзаг…»

Фыссæг ацы дыууæ ноггуырды фæ­зындæй æвдисы, дарддæры ирон адæмы сомбон, сæ мыггаг кæй нæ аскъуыд, цæрынц та дарддæр ирон лæджы фæс­таг­æттæ, дарддæр кæны ирон лæджы цард. Тугдзыхсырдтæн та сæ фæнд сæ хъуыры фæбадт дыккаг хатт.

Ацы ахсджиаг фарстытæ æвдыст сты новеллæты, афтæ рафæлгъуыдтон сфæ­л­дыс­тады, сфæлдыстадимæ – фыс­сæ­джы миддуне æмæ курдиат.

                             ДЖИОТЫ Рая

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.