(Нартыхты Михалы фæстаг фыстæг Гафез æмæ Нафимæ)

Сфæлдыстадон кусджытæ, уæлдайдæр фысджытæ, цæстæй нæ уынынц царды фæзилæнтæ, йæ зын æмæ цымыдисаг хабæрттæ, фæлæ сæ зæрдæйæ æнкъарынц. Поэты зæрдæйы уылæнты уыдон арф аленк кæнынц æмæ сæ райгуыры поэзийы уæлмонц рæнхъытæ, кæцытæ свæййынц фыссæгæн йæ царды бæрзонд хæтæнтæ æмæ сæм зæрдæрухсæй фæныхилы йæ царды фæстаг бонмæ.

Фыссæгæн йæ стыр курдиаты æнтыст йæ дзырдтæй фæбæрæг вæййы, куыд сæ пайда кæны, цавæр фæзилæнты, уымæн æмæ дзырд царды, нацийы историйы лæвар у, фæлæ нæу æвæлмон фæллой. Дзырд у сфæлдыстадон кусæджы хъизæмар куысты бæрзонддæр æнтыст æмæ фæстиуæг. Фыссæджы дзырды удыхъæды æмбæхст сты, цы нæртон зæххыл райгуырд, уый Фарн æмæ Сой, хуры тынау дзы фæйнæрдæм айвазынц се ‘рттивгæ хуызтæ Арв æмæ Зæхх.

Радтæг адæм, мадæлон æвзаг æмæ райгуырæн зæхх дæр аивадон  кусæгæн йæ уды дадзинтæ сты, йæ царды фидар цæджындз, уыдон руаджы скæны йæхицæн ном æмæ кад, равдисы йæ куырыхон зонд, уд æмæ æхсары æвидигæ миниуджытæ. Ацы фæрæзтæ фыссæджы уыцмысты фæлгæтæджы æрцæрынц æмæ сæ чиныгкæсæг парахатæй, зæрдæрухсæй фæпайда кæны йæ сфæлдыстадон куысты, ныхасы æмæ æхсæнады.

Ахæм æвæлмон поэзийы автортæй ирон литературæйы уыд Нартыхты Михал. Ацы номдзыд поэты æмдзæвгæтæ кæсгæйæ уæлдæр ранымад темæтæ цæхæртæ калынц сæ алы фæзгъæрты. Михал лирик уыд, йæ æмдзæвгæты радзырдты тематикæ у алыхуызон: уарзондзинад Райгуырæн зæхмæ, стыр фæтæгтæм – Ленин æмæ Сталинмæ, ныййарæг мадмæ, зæхкусæг лæгмæ, коммунисттæм,  нæ раздæры Цæдисы цæрæг  дзыллæттæм.

Михалæн мыхуыры рацыд ахæм поэтикон æмбырдгæндтæ: «Уарзондзинады стъæлфæнтæ» (1956 азы) «Иры хæхтæй Сыбырмæ» (1959 азы); «Æз æмæ уыцы чызг» (1964 азы), стæй гуырдзиаг æвзагæй тæлмац – «Важа Пшавела» (1961 аз) æмæ уырыссаг æвзагæй тæлмац. «Нал ныккалди хид» (1973 аз). Михал  фыста канд æм-дзæвгæтæ нæ, фæлæ прозаикон уацмыстæ, поэмæтæ, уацаутæ æмæ юмористон уацмыстæ. Поэт тынг арæхстуджын æмæ парахатæй пайда кæны юмористон фæзилæнтæй. Реалон царды нывты уыдон æмдзу кæнынц Нартыхоны сфæлдыстады. Бирæ хæтты сын фæхæццæгæнæн дæр нæ вæййы – сæ маст, сæ цин дæр вæййынц юморы бындурыл амад.

Михалы лирикон æмдзæвгæты чиныгкæсæг ссардзæн бирæ уæлмонц хъуыдытæ æмæ арф реалон фæлгонцтæ, адæймагæн дæнцæгæн чи сбæздзæн йæ царды, ахæмтæ. Лирикæйы авналæнтæ та даргъ æмæ уæрæх сты. Поэт сæ алывæрсыгæй спайда кодта æмæ уымæн ахсы йе сфæлдыстад сæрмагонд бынат ирон литературæйы историйы.

Ахæм курдиатджын, фæлмæнзæрдæ, сабыр, æцæг ирон лæджы миниуджытæй æххæст лæг, цæмæн систа йæ къух йæхимæ?

Афтæ ма йæ цардыл йæ къух систа зындгонд æмæ курдиатджын поэт – Дза-болаты Хазби дæр. Цæмæн?

Бæрæг нæу, дзуаппдæттæг нæй Ирыстоны уыцы æбуалгъ хъуыддæгтæн.

Владимир Маяковскийау ма Михал ныффыста фæстаг фыстæг Гафез æмæ Нафимæ. Æз æй ссардтон Нафийы архивы æмæ мæ æрфæндыд йæ ныммыхуыр кæнын, уадз, æмæ йæ зоной ирон чиныгкæсджытæ æмæ йæ цот (ис ын чызг æмæ лæппу – Уырызмæг æмæ Мадинæт). Уыдон дæр сты хорз кæстæртæ, сæ фыдау уæздан æмæ зæрдæхæлар.

Нафи æмæ Михал иу хæдзары цардыс-ты Горькийы уынджы. «Фысджыты хæдзар»-æй хонынц горæты. Тынг хæларæй цардысты, сæ цин дæр æмæ сæ хъыг дæр иу уыд, æнæкæрæдзи къæбæр нæ хордтой, æвæццæгæн, ын уымæн фæдзæхсы йæ уарзон бинонты Михал. (Михал фыццаг, Нафи та дыккаг уæладзыджы цардысты). Михал-иу дзырдта, зæгъгæ, Нафи иууылдæр кæны кусгæ æмæ райсом раджы зарын куы райдайы, уæд æй фæзонын, бирæ йын бантыст æмæ йæ зæрдæ хъæлдзæг у. (Дзæнæты бадæнт сæ дыууæ дæр)

Михалы  фæстаг  фыстæджы текст:

Нафимæ, Гафезмæ (фыццаг фыстæг) 16.III. 14 сахат. Дзау. 1967 аз

Уæдæ афтæ, цæуын а цардæй бынтон æвæсмонæй, фæстæмæ ницæмæуал мæ зæрдæ ‘хсайы, ницы уал мын зайы. Æрмæст ма дам-думтæ уæддæр баззайдзысты. Ды иу сыл макуыуал баууæнд, Федыр. Æз нæ уыдтæн хорз лæг, нæдæр поэт. Уыдæн æрмæст зæрдæ, бæллицты цад, æнкъарынад. Уыдтæн æнæныффысгæ æмдзæвгæ. Æмæ цы бакæнон, не ‘рцыд мæ зæрдæйы æцæг æмдзæвгæ фыст. Ма-иу мæ бахæрам кæнут. Йе уыцы иунæг мæт мын æхсыны фæстаг минутты мæ зæрдæ

Нафи… О, Нафи, кæм ис Нафи?!

Нафийæ-иу мын æнæхай ма фæкæнут мæ мард. Мæ ницæйаг фыстытыл-иу мын карз тæрхон скæнæд. Нафи, тынгдæр дæу, мæ мæгуыр мад, мæ сабиты хъыг райстон мæ фыдракæндæй. О, хотæ… бирæ чидæртæ.

Нафи, дæ зæрдæмæ фæсмон мацæмæй хæсс. Ды ам куы уыдаис, уæддæр мын нал уыд раздæхæн. Ды кæмдæрты мæлæт æмæ ме ‘хсæн æрлæууыдтæ. Æз дæ нæ дæн бузныг, уадз мæ сабитæ дæ уæнт бузныг.

Хæрзбон Ирыстон! Дæ дæрзæг къух мачиуал бавзарæд Ирыстон уарзджытæй.

Загъта йæ фæстаг дзырд фæлмæнзæрдæ Михал æмæ ахицæн ацы рухс дунейæ.

Сау мæрмæ чи ныххизы, хуры хъарм тынтæ кæй нал фæтавынц, куырыхон ныхас кæмæй нал фехъусæм, фæлæ йæ зæлланг поэтикон хъæлæс заргæйæ кæмæн баззайы Ирыстоны бæрзонд хæхты, арф суадонджын кæмтты æмæ бур дидинæгджын фæзты, уыдон та мах, сæ фæдонтæ хъуамæ зонæм, мысæм æмæ сын кад кæнæм.

Рухсаг ут, Ирыстоны дзырдаивады бæгъатыртæ уе ‘ппæт дæр. Ирыстоны сыджыт уын бæлоны пакъуыйау уæд фæлмæн æмæ хъарм!!!

ДЖУСОЙТЫ Клавдия, профессор

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.