Рагæй фæстæмæ чиныджы нысаниуæг æмæ ахадындзинад егъау у адæймаджы æрвылбонон царды. Уый йæ хъомыл кæны хæрзæгъдауыл, царды æвæрццаг миниу-джытæй йæ фæхайджын кæнынмæ, стыр ахъаз у йæ æппæтфарсон рæзтæн. Раст у, фæстаг рæстæджы нæ царды биноныг цæуынц йæ электронон верситæ дæр, фæлæ къухмæ кæй райсай, йæ сыфтæ кæмæн  рафæлдахай, ахæм чиныгæн уæддæр йæ нысаниуæг нæ къаддæр кæны.

Ирон чиныг пропагандæ кæнынмæ здæхт у сæ архайд нæ республикæйы библиотекæйы ирон хайады сæргълæууæг Сланты Заирæ, хистæр библиотекартæ Хъазиты Гуло æмæ Харебаты Тинæйæн дæр. Ам чиныгкæсджыты нымæц хæццæ кæны 1068 æмæ уый хорз бæрæггæнæн у. Хъазиты чызгимæ ныхас кæныны рæстæджы бацымыдис кодтон, активондæр чиныгкæсджытæ сæ чи сты æмæ цахæм дæсныйады адæймæгтæ сты, уымæ. Уыдон та сты хæдзарон æфсинтæ, пенсийы кары адæймæгтæ, ахуырдзаутæ, студенттæ æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ. Ирон литературæйыл иууыл æнувыддæр сты Джиоты Ацæмæз, Къуезерты Петр, Къацты Руслан, Пъапъашвили Алыксандр æмæ æндæртæ. Ам сты куыд ирон фысджыты, афтæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæдыл чингуытæ, литературæ театр æмæ музыкæйæ, хъæууонхæдзарадон, стæй ма тæлмац литературæ дæр. Чиныгкæсæг ардæм æрбацæугæйæ равзары, йæ зæрдæмæ иууыл æввахсдæр цы чиныг фæцæуы, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, литературæ бацагурыны хъуыддаджы сын баххуыс кæнынц хайады кусджытæ сæхæдæг дæр. Ам исынц ирон газеттæ «Хурзæрин» æмæ «Рæстдзинад», стæй журналтæ «Фидиуæг» æмæ «Мах дуг».

Кусджытæ стыр хъусдард здахынц нæ литературæйы зиууæтты юбилейтæм æмæ  чиныгкæсджытимæ банысан кæнынц уыцы зæрдылдарæн бонтæ. Зæгъæм, ацæугæ аз сбæрæг кодтой Хацырты Сергейы 105 азы, Гаглойты Федыры (Гафез) мысæн бон, Хъодалаты Герсаны 85 азы æмæ Хъазиты Мелитоны 75 азы юбилейтæ. Сæ куысты планы ацы аз дæр ис, зæрдиагæй кæуыл бакусдзысты, ахæм мадзæлттæ. Хъазиты чызг куыд загъта, афтæмæй фыццаг кварталы ауадздзысты цымыдисон мадзал ахæм темæйыл «Чеселтгомы Тъехты мыггаг». Йæ цæттæ кæныны хайад исынц хайады кусджытæ æмæ бæстæзонæн хайады коллектив. Дарддæр ауадздзысты Козаты Исидоры 95 азы юбилей, Æлборты Хадзы-Умары-85 азы, Бахъаты Нугзары-90 азы æмæ Мамсыраты Дæбейы 115 азы юбилейтæ. Фæззæджы 165 азы æххæст кæны ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг, нæ адæм сæрыстыр кæмæй сты, уыцы буцдзинад Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл. Уыцы зæрдылдарæн бонмæ хайад бакæндзæн стыр куыст æмæ йын йæ юбилей банысан кæндзысты бæрзонд æмвæзадыл.

Зæгъын хъæуы, хайады кусджытæ кæй æмбæлынц иуæй-иу зындзинæдтыл дæр. Цæвиттон, ног чингуытæ райсынц бынтон цъус, Цæгат Ирыстонæй та сæм нæ хæццæ кæны иунæг чиныг дæр. Чиныгкæсæг та цымыдис кæны абоны рауагъд  литературæмæ дæр, æмæ йæ хъæуы аскъуыддзаг кæнын.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.