Хуссарирыстойнаг теннисисткæ Кокойты Амандæ ссис Абхазы уагъдцæуæг дунеон ерысты уæлахиздзау. Уый тыххæй хъусын кæны «РХИ-йы стъолы теннисы федераци»-йы президент Джиоты Мириан. Амандæ сыгъзæрин майдан рамбылдта æмхæццæ къæйтты ‘хсæн ерысты. Уый хъазыд абхазаг теннисист Лаша Давитаяимæ. Финалы 3:2 хыгъдæй фæуæлахиз сты сæ ныхмæлæуджытыл, кæцытæ уыдысты Абхаз æмæ Краснодары крайæ.

Амандæйы бацæттæ кодтой тренертæ Уалыты Иринæ æмæ Джиоты Мириан.

Мириан ма куыд загъта, афтæмæй сæ бузныг зæгъын фæнды президент Гаглойты Аланæн ерыстæм ацæуынæн сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Спорты сæрдыгон хуызтæй æппæтуæрæсейон спартакиадæйы фæлгæтты Казаны уагъд æрцыдысты уæгъдибар хъæбысхæстæй ерыстæ. Уым ирон богалтæн бантыст æртæ сыгъзæрин, æртæ æвзист æмæ аст бронзæ майданы рамбулын.

Ерысты уæлахиздзаутæ систы Найфонты Артур (86 кг), Чертхъоты Гурам (92 кг) æмæ Джиоты Эрик (125 кг). Дыккаг бынæттæ бацахстой Байты Давид (74 кг), Уалыты Владислав (92 кг) æмæ Голоты Витали (125 кг).

Бронзæйон призертæ та систы Тауитты Чермен (61 кг), Хæдæрцаты Алик (65 кг), Куыдзойты Алан (70 кг), Хуыбецты Къахабер (79 кг), Наниты Славик (86 кг), Багаты Алан (92 кг), Козырты Сергей (97 кг) æмæ Хуыбиаты Хасан (125 кг).

ДЗЮДО

Спартакиадайы фæлгæтты ма фесты дзюдойæ ерыстæ дæр. Уыдон дæр уагъд æрцыдысты Казаны.  Ерысты 100 кг уæзы категорийы аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Тасойты Иналæн. Уый акодта цыппар тохы. Уыдонæй фыццаг æртæ тохы рамбылдта æмгъуыдæй раздæр. Финалы та фæуæлахиз Мæскуыйы минæвар Ислам Акарашевы.

Æвзист майданы хицау ссис Хуыбецты Алан (81 кг). Бронзæйон призертæ та систы Хуыбылты Ирэна (48 кг) æмæ Карсанты Виктория (70 кг).

***

Спартакиадайы ма хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой  ирон спортсменкæтæ сылгоймæгты хъæбсысхæстæй.

Ерысты уæлахиздзау ссис Кæсæбиты Алинæ. Уый 62 кг уæзы категорийы архайгæйæ, финалы 6:1 хыгъдæй рамбылдта Анастасия Яковлевайы.

65 кг уæзы категорийы та æвзист призер ссис Танделаты Аминæ. Хъыгагæн, уымæн травмæйы аххосæй йæ бон не ссис финалон тохмæ рахизын. Æмæ уый аххосæй уæлахиз лæвæрд æрцыд йæ ныхмæлæууæгæн.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.