Куыд ма уын хъусын кодтам, афтæмæй 27-28-æм февралы Сочийы уагъд цыд Уæрæсейаг инвестицион форум. Форумы куысты хайад райстой Уæрæсейы æххæсткæнынадон æмæ закъондæттынадон хицауиуæгады, афтæ ма уæрæсейаг æмæ æндæр бæстæты бизнесменты минæвæрттæ.

Форумы хайад иста Уæрæсейы премьер-министр Дмитри Медведев.

Уæрæсейаг инвестицион форумы боны фæткы уыд къорд регионалон-инвестицион политикæйы фарстытæ.

Дмитри Медведевы фæхуындмæ гæсгæ форумы куысты хайад райста РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти дæр.

Хицауады Сæрдар 3-æм марты фембæлд дзыллон информациты фæрæзтимæ æмæ лæмбынæг æрдзырдта форумы йæ хайадист æмæ куысты фæстиуджытыл.

Хъуылымбегты Доменти куыд загъта, афтæмæй боны фæтк арæзт æрцыд æртæ тематикон блокæй: Ног регионалон политикæ. Рæзты фадæттæ: Бизнесы эффективондзинад бæрзонддæр кæнын. Рæзты фадæттæ: Царды тыххæй проекттæ реализаци кæнгæйæ.

Уый куыд загъта, афтæмæй форумы райдианы раныхас кодта Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведев æмæ форумы хайадисджыты размæ рахаста къорд актуалон фарсты. Уынаффæ цыд Уæрæсейы экономикон политикон къабазы ахсджиагдæр фарстытыл. Уыимæ иумæ фехъусын кодта, иттæг æхсызгон хабар: Уæрæсе кæй рахызт кризисæй! Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсе экономикон кризисы кæй уыд, уый махмæ дæр æвзарын кодта бæлвырд зындзинæдтæ. Ныр, нæ стратегион  партнерты уыцы хъусынгæнинагыл стыр æхсызгонæй æмбæлæм мах дæр», – загъта Хицауады Сæрдар.

Журналисттæн Хъуылымбегты Доменти куыд радзырдты, афтæмæй Сочийы форумы хайад исгæйæ, уый йæ хæсыл нымадта: «Цæмæй фæбæрзонддæр кодтаин республикæйы конкурентхъомдзинад. Уый та нысан кæны, цæмæй эффективонæй спайда чындæуа экономикон рæзты приоритетондæр къабазтæм инвестортæ æрбахоныны амæлттæй. Нæ республикæ цы фæндæттæ бавдыста, уыдонмæ бацымыдис кодтой хъуыддагон партнертæ. Республикæйы ис иттæг хорз туристон потенциал, уымæ гæсгæ мах фыццаг рады дзырдтам Цæгат Кавказы Федералон зылды туристон кластеры рæзты стратегимæ Хуссар Ирыстоны бакæныны фадæтты тыххæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, форумы фæлгæтты беседæтæ уагъд цыд уæрæсейаг регионты сæргълæуджытимæ, хъуыддагон партнертимæ æндæр актуалон фарстыты фæдыл дæр. Уы-цы нымæцы фембæлд уыд Уæрæсейы Федерацийы «Газпром»-ы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Валери Голубевимæ.

«Куыд зонæм, афтæмæй ацы аз æрæвналдæуыдзæн нæ республикæйы хъæуты газификаци скæныны тыххæй астæуккагæмгъуыдон программæмæ. 3-5 азы дæргъы республикæйы газæй ифтонг æрцæудзысты 180 хъæуы æмæ сыл бахардз уыдзæн 2,5 милиард сомы. Тагъд рæстæджы уыцы программæйыл къухтæ æрфыстæуыдзæн æмæ уæд газификаци æрцæудзæн республикæ æмткæй».

Хъуылымбегты Доменти ма форумы фембæлд Владимиры æмæ Воронежы областы регионты хъуыддагон æмæ социалон фадгуыты æмгуыстад рæ-зын кæныны Экономикон пала-тæйы минæвæрттимæ. Бæлвырд куыд у, афтæмæй ивгъуыд аз, уыдоны къухдариуæггæн-джытимæ къухтæ æрфыстæуыд сразыдзинадыл æмæ уыдоны фæлгæтты республикæйы райдайдзæн куыст инвестицион  проекттæ æххæст кæныныл, сæрмагондæй та, Бæгъиаты суары бындурыл минералон дон уадзыны сæраппонд.

Хицауады Сæрдар ма банысан кодта, зæгъгæ, æнхъæлмæ кæсæм воронежæгтимæ æф-тиагджын æмгуыстадмæ, хъæууон хæдзарадон фадыджы. Ацы фадыг уыдонмæ лæууы раззагдæр рæнхъыты æмæ йæ нæ республикæйы дæр сæвæрын хъæуы ног гъæдджын æм-вæзадыл.

Форумæн фæстиуджытæ аразыны рæстæджы Хъуылымбегты Доменти загъта, «Уæрæсейы инвестицион форумы фæлгæтты ма уагъд æрцыдысты тымбыл фынгтæ, кæцыты уынаффæ цыд паддзахадон  хисæрмагонд партнердзинады, регионты комфортон царды уавæртæ саразыны фæдыл проекттæ реализаци кæныны, паддзахадон æххуысы механизмты фæлгæтты».

Хицауады Сæрдар ма стыр æхсызгонæй фехъусын кодта, ацы аз Мæскуыйы уагъд кæй æрцæудзæн фæсивæдон фестиваль. Уырдæм официалонæй хуынд æрцæудзæн Хуссар Ирыстоны фæсивæды минæвæртты, стыр къорд дæр.

Кæронбæттæны ма Хицауады сæрдар загъта, зæгъгæ, социалон-экономикон рæзты фæдыл инвестицион бавæрдтыты ахсджиагдзинад хынцгæйæ, республикæйы къухдариуæгад æппæт амæлттæй дæр агуры потенциалон инвесторты, æввахс æмæ дард фæсарæнты бæстæты хисæрмагонд æмæ æмфыдыбæстæйонтимæ бастдзинæдтæй, сæрмагонд дунеон фæзуæтты фадæттæй пайда кæнгæйæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.