Хуссар Ирыстоны Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны хореографион коллектив ссис Сочийы  бирæжанрон аивад «Волна Успеха»-йы Æхсæнадæмон конкурс-фестивалы фыццаг къæпхæны лауреат. Уый тыххæй фехъусын кодта Галуаны аивадон хъомылады хайады сæргълæууæг Коцты Нинель.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Галуаны коллектив фыццаг хатт хайад райста «Волна успеха»-йы фестивалы, кæцы ауагъдæуыд горæт Сочийы 9 июлы.

«Не ‘взонг артисттæ конкурс-фестивалы сæххæст кодтой адæмон-стилистикон кафт «Мечта» –  амазонкæты кафт брейк-дансы элементтимæ», – банысан кодта Коцты Нинель.

Уый куыд загъта, афтæмæй Галуаны хореографион коллективы къухдариуæггæнджытæ Джиоты Станислав Юрийы фыртæн æмæ Мамытаты Дзерассæ Иваны чызгæн мадзалы рæстæджы лæвæрд æрцыд бузныджы фыстæджытæ.

Æхсæнадæмон конкурс-фестиваль «Волна успеха»-йы хайад райстой сфæлдыстадон коллективтæ æмæ хицæн артисттæ алы бæстæтæй.

Конкурсанттæ ерыс кодтой ахæм номинациты: хореографи, инструменталон музыкæ, вокал, хорон зарын æмæ а.д.

ИА «Рес»

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.