Æрæджы Sputnik-Ossetia-йы пресс-центры пресс-конференци уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатолийæн.

Мадзалы райдианы мадзаламонæг раарфæ кодта Парламенты Сæрдарæн, Хуссар Ирыстоны Парламентыл 26 азы сæххæсты цытæн.

Бибылты Анатоли дæр йæ рады бузныг загъта æмæ раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ  алкæцы сæвзæрсты депутаттæн, уыцы нымæцы Уæлдæр Советы депутаттæн, кæцытæ уыдысты Хуссар Ирыстоны парламентаризмы бындурæвæрджытæ.

«26 азы бирæ рæстæг нæу, фæлæ уыимæ иумæ æнусы цыппæрæм хайæ фылдæр у. Уый у уыцы рæстæг, депутаттæ закъæттæ куы фæисынц, цæмæй республикæйы ракæной ахæм æмвæзадмæ, кæцы фадат дæтты цæрджытæн, цæмæй цæрой, Парламент цы закъæтты райсы, уыдоны фæлгæтты. Æп-пæт закъæттæ дæр здæхт сты республикæйы цæрджыты цардыуаг фæхуыздæр кæнынмæ. Уыцы закъæттæ ахъаз сты æнæхъæнæй дæр республикæйы размæцыдæн æмæ мæ уый сæраппонд раарфæ кæнын фæнды республикæйы алкæцы сæвзæрст Парламенты депутаттæн. Мæ зæрдæ сын зæгъы фидар æнæниздзинад, сабырадон цард æмæ хорздзинæдтæ, афтæ ма æнтыстджын куыст Парламенты æмæ адæмы хæрзиуæгæн», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Уый фæстæ цыбыртæй радзырдта Парламенты куысты тыххæй, абоны Парламенты куыст абарста раздæры Парламенты куыстимæ.

Уый куыд загъта, афтæмæй «кæд фондз азы дæргъы цыппæрæм сæвзæрст Парламент райста 88 закъоны, V-æм сæвзæрст Парламент – 180, уæд махæн та дыууæ азмæ бантыст 94 закъоны райсын. Дарддæр дæр фæнд кæнæм, республикæйы царды алыгъуызон фадгуытæ æрбæстон кæнынмæ здæхт  ахсджиаг закъоны проекттæ райсын».

Парламенты спикер ма фехъусын кодта, президентон æв-зæрстытæм йæ кандидатурæ кæй раразмæ кæндзæн.

«5 минæй фылдæр адæймаджы республикæйы активон цæрджыты нысаниуæгджын хай цы партийы ис, уый лидер хъуамæ раразмæ кæна йæ кандидатурæ, уыимæ иумæ ма тынг хорз зонын, Хуссар Ирыстоны адæм цы проблемæтимæ æмбæлынц, уый дæр», – загъта Бибылты Анатоли æмæ банысан кодта, зæгъгæ, йын проблемæтæ аскъуыддзаг кæнынæн ис бæрæг плантæ æмæ варианттæ.

Уый ма бахахх кодта, зæгъгæ, куыдфæндыйæ дæр йæ кандидатурæ раразмæ кæныны фарст скъуыддзаг цæудзæн парти «Иугонд Ирыстон»-ы съезды, кæцы уыдзæн 2017 азы январы.

Президентон æвзæрстыты агъоммæйы кампанийы рæстæджы кандидатты хæрзаудæн архайды тыххæй, уый куыд загъта, афтæмæй алы кандидат дæр хъуамæ архайа æрмæстдæр закъондæттынады фæлгæтты.

«Мæнмæ раст нæ кæсы æв-зæрстыты размæ кандидатты активондзинад. Алы кандидатæн дæр вæййы æвзæрстыты агъоммæйы кампанийы размæ адæмæн баххуыс кæныны, гуманитарон æмæ социалон нысаниуæджы проекттæ æххæст кæныны  рæстæг. Кæй хъæлæстæ балхæнынмæ хъавынц, уыцы æвзарджытæм ахæм ахаст  мæнмæ раст нæ кæсы. Сæйраг акцент хъуамæ æвæрд цæуа республикæйы социалон-экономикон рæзты фарстатыл.

Журналисттæ цымыдис кодтой ахæм фарстмæ, зæгъгæ, «Ивгъуыд æвзæрстыты рæстæджы кæд дæ æвзæрстыты агъоммæйы программæйы фарстатæй сæ сæйрагдæр уыд Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ баиу кæнын, уæд 2017 азы президентон æвзæрстыты рæстæджы та дæ программæйы сæйрагдæр аспект цы уыдзæн?»

Ацы фарстæн Бибылты Анатоли куыд сдзуапп кодта, афтæмæй партийæн вæййы иунæг программæ. «Нæ партион программæ йæ райдианæй дихгонд у дыууæ хайыл: программæ максимум æмæ программæ минимум. Программæ минимум у Ирыстоны цæгат æмæ хуссар хæйтты ‘хсæн арæнхъахъхъæнæг æмæ таможнæйон посттæ сисыны тыххæй. Цæмæй Хуссар æмæ Цæгат Ирыстон баиу уой, уый тыххæй уал Хуссар Ирыстон хъуамæ бацæуа Уæрæсейы скондмæ УФ закъондæттынадмæ гæсгæ. Ирыстоны дыууæ хайы баиу кæныны тыххæй та хъæуы референдум ауадзын, куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр».

Партийы лидер радзырдта «фондз къахдзæфы» тыххæй дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсеимæ Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырды тыххæй парти «Иугонд Ирыстон» цы проект бацæттæ кодта, уый райст куы æрцыдаид, уæд ма  хъуыдаид иу къахдзæф – референдум ауадзын. «Фæлæ уыцы проект, хъыгагæн, райст не ‘рцыд», – бахахх кодта Бибылты Анатоли.

Дарддæр Парламенты Сæрдар сдзуапп кодта РХИ-йы Президентон æвзæрстыты тыххæй закъонмæ райстæрцæуæг ивындзинæдты фæдыл фарстытæн дæр.

«Фæстаг сессийыл райстам барасткæнинаг «РХИ-йы Президентон æвзæрстыты тыххæй» закъонмæ, цыран нысан æрцыд президентон æвзæрстыты бон  9 апрель. Закъонмæ гæсгæ, æвзæрстытæ хъуамæ ацæуой, Президент æвзæрст цы мæйы æрцыд, уыцы мæйы дыккаг хуыцаубон. Бæрæг куыд у, афтæмæй Президент æвзæрст æрцыд 2012 азы апрелы мæйы. Мæнмæ гæсгæ, Президент уыцы барасткæнинагыл сразы уыдзæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Бынæттон хæдуправленийы закъоны тыххæй Парламенты Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, уыцы фарсты фæдыл бирæ æмбырдтæ ауагъдæуыд. Фæлæ ацы фарст зын аскъуыддзаггæнæн у. Сæйраг проблемæ сæвзæры хъæууон советты æмвæзадыл хæдуправленийы орган саразыны фарсты фæдыл. Ис ахæм хъæутæ, цыран цæры æрмæстдæр  цалдæр адæймаджы. Ахæм хъæуты зын у хæдуправленийы орган равзарын. Ацы фарстыл куы бакуыстам, уæд æрцыдыстæм ахæм хатдзæгмæ: хæдуправленийы органтæ æвзæрст хъуамæ цæуой горæт æмæ районы æмвæзадыл», – банысан кодта Парламенты спикер.

Цæмæй æвзæрстыты рæстæджы ма уа ныхмæлæууынад æмæ æмбæлон æмвæзадыл ацæуой, уый тыххæй Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, уый зын саразæн нæу. Алы кандидат дæр хъуамæ архайа, Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл цы закъæттæ ис, уыдоны фæлгæтты. Афтæ куы уа, уæд нæ уыдзæн ныхмæлæууынæдтæ. Ис Конституци, ис конституцион закъæттæ æмæ акттæ. Уыдон æххæст куы цæуой, уæд нæ уыдзæн дестабилизаци дæр.

«Остелеком»-ы куыстæй адæм райгонд кæй не сты, уый тыххæй дæр Бибылты Анатоли загъта йæ хъуыдытæ.

«Хуссар Ирыстоны адæмæн «Остелеком» у иууыл риссагдæр фарст. Диссаг уый у, æмæ абоненттæ кæд бирæ сты, уæддæр компани ахæм бæрæггæнæнтæ равдисы, цыма йæ хæрдзтæ дæр не ‘мбæрзы. Тагъд рæстæджы бахатдзыстæм РХИ-йы Генералон прокуратурæмæ æмæ Паддзахадон æдасдзинады комитетмæ, цæмæй бабæрæг кæной «Остелеком»-ы архайд æмæ нын уым цы цæуы, уый бамбарын кæной», – бахахх кодта Парламенты спикер.

Бибылты Анатоли сдзуапп кодта журналистты æндæр фарстытæн дæр.

Осиаты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.