Информацион агентад «Спутник Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры РХИ-йы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Гасситы Петр æмæ Национ политикæ, культурæ, дин æмæ дзыллон информацион фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Диакъонты Амиранæн уыд пресс-конференци.

Фæстаг рæстæджы республикæйы соматикон рынчындоны медикаментты хъуагдзинад кæй ис, уый фæстиуæгæн пресс-конференцийы рæстæджы Гасситы Петр фехъусын кодта, зæгъгæ, Парламенты депутаттæ  æркæсдзысты, республикон рынчындоны медицинон препараттæ цæй тыххæй нæ фаг кæны, уымæ.

«Мах зонæм, республикон рынчындоны медицинон препаратты хъуагдзинад проблемон кæй у. Æниу, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадæн кæд стыр фæрæзтæ рахицæн кæнынц, уæддæр уавæр нæ ивы хуыздæрæрдæм. Ацы темæйыл уынаффæ цыд Парламенты дæр. Хостæ цæй аххосæй нæ фаг кæнынц, уымæ карзæй æркæсдзыстæм. Цыбыр рæстæджы Парламентмæ фæхондзыстæм Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георгийы. Уый æргом ныхасмæ дæр æмæ  къамисимæ куыстмæ дæр цæттæ у.  Адæм хъуамæ зоной, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады цы «æвзæр» уавæр ис, уый», – банысан кодта Гасситы Петр.

Дарддæр вице-спикер радзырдта ирон адæмы 20-æм азты геноцид банымайыны фарсты тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, геноцид банымайыны фарст раразмæ кæнын хъæуы æппæт фæзуæтты дæр.

«Мах бирæ рæстæг фесæфтам. 1920 азæй бирæ рæстæг рацыд. Мах, ирæттæ, нæ менталитетмæ гæсгæ, никуы хъæр-хъæлæба кодтам нæ проблемæтыл, кæд æмбæлдис, уæддæр. Гуырдзыстоны æрдыгæй ирæтты геноциды тыххæй махмæ цъус документтæ ис. Практикон æгъдауæй ууыл серьезонæй ничи куыста. Уыцы хъуыдаджы абон мах сæфт фæлтæр стæм, уымæн æмæ нын нæ дадатæ, нæ фыдтæ нæ бауырнын кодтой, ивгъуыд æнусы 20-æм азты ирон адæмæн гуырдзиæгтæ цы фыдмитæ кодтой, уый. Фæлæ нæ кæстæртæн рæстдзинад куы дзурæм, геноциды фарст куы бахæссæм скъолатæ æмæ университеты программæмæ, уæд махæн нæ бон бауыдзæн  уый сраст кæнын.

«Махæн фыццаградон геноциды фарст хъуамæ уа. Ис нын æппæт бындуртæ дæр, цæмæй Гуырдзыстонæй æрдомæм нæ геноцид банымайын. Æхсæнадæмон фæзуæтты мах хъуамæ спайда кæнæм нæ бастдзинæдтæй, спайда кæнæм Уæрæсейы бастдзинæдтæй дæр», – загъта Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй 20-æм азты ирæтты геноциды фарсты фæдыл  Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы арæзт æрцыд кусæгон къорд. Гассийы фырты ныфс ис, уыцы здæхты куыст кæй æркæндзæн ирæтты геноциды банымадмæ. Радзырдта ма, Гуырдзыстон бирæ паддзахадон къухдариуæггæнджытæ кæй раивта, фæлæ ирæтты ‘рдæм йæ ахаст кæй нæ фæивта, уый тыххæй дæр.

«Куыд уынæм, афтæмæй гуырдзиæгтæ  сæхи аххосджыныл нæ нымайынц. Фыдракæнд æфхæрд куынæ баййафа, уæд йе сфæлхат кæнынæн арæзт æрцæуы уавæртæ. 20-æм азты гуырдзиæгтæн сæ фыдракæндтæ батадысты æмæ сæ сфæлхат кодтой 1989, 2004 æмæ 2008 азты», – банысан кодта вице-спикер.

Йæ рады, Диакъонты Амиран куыд радзырдта, афтæмæй ирон адæмы геноцидæн кæрон скæнын хъæуы, ивгъуыд æнусы 20-æм азты геноцид хъуамæ нымад æрцæуа.  Аххосджынтæ та хъуамæ баййафой æфхæрд. Гуырдзыстоны абон дæр «дидин æфтауы» гуырдзиаг национал-уæлиондзинады, национал-фашизмы, шовинизмы идеологи. Уыцы идеологи абон нæ сæвзæрд, фæлæ сæм уæвынад кæны æнусты дæргъы.

«20-æм азты ирон адæмы геноцид нымад куы æрцæуа, йæ саразджытæ æфхæрд куы баййафой, уæд уымæй ифтонг æрцæудзæн не ‘хсæнады æмæ нæ фидæн фæлтæрты æдасдзинад. Герман дефашизацийы процессы фæндагыл куыд рацыд, афтæ Гуырдзыстон дæр хъуамæ рацæуа дефашизацийы фæндагыл. Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонæн хъуамæ бафида, йæ адæмон хæдзарадæн ын цы зиан ракодта, æрмæст уый нæ, фæлæ моралон зианы тыххæй дæр», – банысан кодта Диакъонты Амиран.

Дарддæр дзырд цыд тагъд рæстæджы Цæгат Ирыстонимæ æхсæнпарламетон сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны тыххæй дæр.

«Дыууæ Ирыстоны закъондæттæг органты ‘хсæн бадзырдыл къухтæ æрфыссыны хъæп-пæрис раджы фæзынд. 2010 азы йыл куыста РХИ-йы уæды депутат Цхуырбаты Мира, фæлæ абоны онг æххæст  не ‘рцыд. Цæлхдур ын уыд Уæрæсейы закъондæттынад. Уæрæсейы Федерацийы субъект æмæ хæдбар паддзахад æхсæнпарламентон сразыдзинадыл къухтæ куыд æрфыссой, уый тыххæй  агуырдæуыд алыгъуызон амæлттæ. Уæдæй бирæ рæстæг рацыд. Уæдæй нырмæ скъуыддзаг цыдысты барадон коллизитæ», – радзырдта Гасситы Петр.

«УФ Паддзахадон Думæимæ дæр арæзт æрцыд къорд бадзырды. Уый та нысан кæны нæ уæрæсейаг коллегæтимæ, Уæрæсейы алкæцы республикæимæ кусынæн нæ кæй ницы хъыг дары», – загъта Гасситы Петр.

Ацы фарсты тыххæй Диакъонты Амиран дæр загъта, зæгъгæ,  ацы фарстыл уынаффæ цыд фæндзæм сæвзæрст  Парламенты куысты рæстæджы дæр. Дыууæ Ирыстоны депутаттæ бадзырдтой, сарæзтой сразыдзинады проект дæр.

Æнæхъусдард нæ баззадысты Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæимæ дарддæры ахастытæ дæр. Гасситы Петры ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы ног хицауадимæ æмгуысткæнынæн ницы ныхдуртæ уыдзæн.

«Мæн уырны, æмæ Уæрæсейы хицауады ног адæймæгтимæ иумиаг æвзаг ссардзыстæм», – банысан кодта вице-спикер.

Уый куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Парламенты ис æдзухон къамис Уæрæсейы Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы Советимæ æмархайды тыххæй. Уый фæстиуæгæн æмкуысткæнынад рæзы, уæрæсейаг депутатты æрдыгæй уыдис, æмæ ныртæккæ дæр ис фарсхæцынад æмæ æххуыс.

Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг радзырдта, УФ-йы Федерацийы Советы сенатор Мамсыраты Таймураз фæндон кæй бахаста Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрады бæсты  Агентад саразыны тыххæй.

«Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ Мамсырайы фырты инициативæйы фехъусдзысты æмæ министрады бæсты сарæзтæуыдзæн æмбæлон структурæ. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе дарддæр дæр кусдзысты раздæры режиммæ гæсгæ æмæ æппæт дæр араздзысты республикæйы размæдзыды тыххæй», – загъта Гасситы Петр.

Парламентаритæ сæ хъуыдытæ загътой, фæстаг рæстæджы  æфсымæрон Абхазы цы уавæр сæвзæрд, уый тыххæй дæр.

Гасситы Петр куыд радзырдта, афтæмæй Абхазы экс-президент  Рауль Хаджимба раст бакодта, отставкæйы кæй ацыд, уый тыххæй. Уымæй республикæйы тугкалд нæ бауагъта. Уыимæ иумæ ма Хаджимба фехъусын кодта, ногæй снысангонд æвзæрстыты кæй нæ раразмæ кæндзæн йæ кандидатурæ. Парламентари уый схуыдта тыхджын адæймаджы ми. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хицауиуæгады радтын хуымæтæг хъуыддаг нæу, уымæй дæр куы хъуыды кæнай, зæгъгæ,  раст дæ. Хаджимбайæн йæ адæмы интерестæ йæхи интерестæй бæрзонддæр разындысты.

 «Абхазы президентон æвзæрстытæ уыдысты дыууæ этапæй æмæ дыууæ хатт дæр æз уыдтæн хуссарирыстойнаг цæстдарджыты делегацийы сæргълæууæг.  Æз стыр бæрндзинадимæ зæгъдзынæн уый, æмæ æвзæрстыты фæстиуджыты аивыныл цы бандава,  ахæм фæткхалынæдтæ мах нæ федтам. Уымæн æмæ нæ уыдысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, æцæгæлоны цæст цы рахата, ахæм цыдæр дзы уыдаид. Хатыдыстæм æй,  æхсæнады бæрæг æндыгъдад кæй уыдис, фæлæ æвзарджыты æрдыгæй дæр ницы  хъæстытæ фехъуыстам.

Сухум æмæ Тбилисы ‘хсæн диалоджы тыххæй абхазаг оппозицийы лидер Аслан Бжанияйы хъусынгæнинаджы тыххæй та Диакъонты Амиран загъта, зæгъгæ, ахæм контакттæ Хуссар Ирыстонæн райсинаг не сты. Республикæимæ фарстатæ куыд  скъуыддзаг кæнын хъæуы, уымæн æвдисæн у Цънелисы уавæр.  Амираны хъуыдыимæ солидарон уыд Гасситы Петр дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, гуырдзиæгтыл ницæй тыххæй ис æууæндæн. Бжанияйы хъусынгæнинаджы тыххæй та загъта, зæгъгæ,  абхазаг оппозиционерæн ахæм хъусынгæнинаг фыццаг нæу. Гасситы Петры нæ уырны, абхазаг адæм дæр ахæм позицийыл лæуд кæй сты, уый. Парламентари хъусдард аздæхта, Абхазы тынг размæдзыд кæй у æнæхицауадон организациты змæлд.

«Махмæ дæр уыд ахæм уавæр, æнæхицауадон организацитæ финансон æххуыс истой Гуырдзыстоныл, фæлæ уавæр рараст кодтам æмæ ныр Гуырдзыстоны уылты ничиуал исы æххуыс. Уымæй дарддæр ма раразмæгонд æрцыд фарст фæсарæйнаг агенттæ сæ схоныны тыххæй. Мæнмæ гæсгæ, уыцы фарстмæ раздæхын хъæуы. Абхазы та уыцы змæлд «дидин æфтауы» æмæ политикты ахæм ныхæстæ диссаг дæр не сты», – загъта парламентари.

Гуырдзыстоны минæвæрттимæ фембæлдтыты тыххæй та загъта, разы кæй у алы æмвæзадыл фембæлынмæ дæр, «æрмæст хъуамæ банымайæм кæрæдзийы паддзахадты хæдбардзинады æмæ Гуырдзыстон йæ къух хъуамæ æрфысса, тыхæй не спайда кæныны документыл».

«Ахæм уавæрты, табуафси. Мæ хæдзары куы фембæлой, ууыл дæр разы дæн», – бахахх кодта Гасситы Петр.  

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.