Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны бон – 29 май у нӕ бæстæйы историйы сæйраг бон æмæ ахсджиаг паддзахадон бæрæгбон. Уыцы ахсджиаг боныл уæхскуæзæй бакуыстой Уæлдæр Советы фыццаг сæвзæрст депутаттæ. Уыдон дзуапп кодтой дуджы домæнтæн æмæ архайдтой сæ адæмы скуынæгкæнынæй фервæзын кæныныл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад райсыны Акт йæ рæстæджы ссис хуссарирыстойнаг паддзахад аразыны сæйраг бындур. Уымæ гæсгæ 1992 азы 29 майы бон у нæ бæстæйы хæд-бардзинад расидыны бон. Уымæн æмæ уыцы бонæй фæстæмæ райдыдта нæ хæдбар пад-дзахады истори. Хуссар Ирыстонæн уыцы нысаниуæгджын бонæй рацыд 31 азы. Уыцы азтæ йемыдзаг сты сæрибардзинады сæрыл ирон адæмы тохы фæндæгтæй, ирд политикон цаутæй, бæстæйы хæрзæбонæн уæхск-уæзæй куыст æмæ архайдæй æмæ размӕцыды нысӕнттӕй.

Ирыстонæн ацы ахсджиаг боны фæдыл нын йæ хъуыдытæ радзырдта:

Джиоты Мурат – Паддзахадон архайӕг ӕмӕ дипломат:

– Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвынады историйы бирæ нысаниуæгджын цаутæ æмæ бонтӕ ис. Нæ паддзахаддзинад аразыны хъуыддаджы иууыл ахсджиагдæрыл æз нымайын Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад расидыны фæ-дыл 1992 азы 29 майы цы хӕдбардзинады Акт расидт ӕрцыд, уый.

 

Историйыл афæлгæст

Советон Цæдисы фехæлдæй Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ цы агресси æвдыста, уый бахынцгæйæ Хуссар Ирыстоны Адæмон депутатты областон совет 1990 азы райста хъысмæтхæссæн уынаффæ – хуссарирыстойнаг автономон областæй Республикæ Хуссар Ирыстон расидын. Фæлæ цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон уæвынад кодтаид, уый тыххæй хъуыд саразын бирæ ахсджиаг политикон æмæ юридикон къахдзæфтæ. 1990 азы 9 декабры уагъд æрцыдысты æвзæрстытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советмæ, ома, нысан æрцыд ног паддзахады закъондæттынадон къухдариуæгад.

Йæ райдианы Хуссар Ирыстоны фæнд уыд сноггонд Советон Цæдисы сконды уæвын. Нæ бæстæйы къухдариуæгад архайдта, Цæдисы субъект суæвыныл. Советон Цæдис бынтон-дæр куы ныппырх, уæд уымæй дыккаг бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет райста Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады фæдыл деклараци. Æмæ æввахс рæстæджы 1992 азы 19 январы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады фæдыл референдум. Уым не ‘мбæстæгты 99 проценты разыдзинад равдыстой ахæм фæдыл. Æппæтадæмон хъæлæскæныны фæстиуджытæ цæмæй юридикон æгъдауæй фидар æрцыдаиккой, уый тыххæй 1992 азы 29 майы Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет райста Акт Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады фæдыл. Уый уыд, нæ паддзахад сфидар кæныны хъуыддаджы юридикон барадон ахсджиаг къахдзӕф. Ахӕм ахсджиаг къахдзæф ма æрцыд арæзт 1993 азы ноябры мæйы. Уыцы бон райстой  Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг Конституци. Уый нысан кодта, барадон хъуыддаджы нæ паддзахад фидар кæй æрцыд, æмæ ахсджиаг цы у, уыцы юридикон къахдзæфтæ арæзт кæй цыдысты нæ адæм æмæ Уæлдæр Советы руаджы, фæтк æмæ дунеон барадон нормæты бындурыл. Уымæ гæсгæ 29 май Хуссар Ирыстонæн паддзахад арæзтады у ахсджиаг нымæц – нæ бæстæ уыцы бон барадон æгъдауæй фидар æрцыд.

 

Цахӕм уавæрты цыд ист ацы документ

Историон æнæмæнгхъæуæг документ уæды рæстæджы ист цыд гуырдзиаг хотыхты хъӕр-мӕ, иу уысм дæр нæ лæууыд æхстыты хъæр. 28-29 майы  Хуссар Ирыстоны уыдис историйы хъысмæтхæссæн сесси. 28 майы сырæзт Хуссар Ирыстоны хицауад, фæзынд ног министрадтæ, уыцы нымæцы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад (уыцы рæстæджы уый хуынд Æддагон ахастыты министрад). Уымæй Республикæ Хуссар Ирыстон райста паддзахадон хæдбардзинад бафидар  кæныны  хуызы  Акт.

ÆРТÆ ИСТОРИОН АХСДЖИАГ ЦАУЫ

Нæ паддзахады сырæзты историйы банысангæнæн ис æртæ ахсджиаг цауы:

1.1990 азы 20 сентябры – Республикæ Хуссар Ирыстон расидыны бон;

2.1992 азы 29 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хæдбардзинады Акт расидыны бон;

3.2008 азы 26 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддза-хадон хæдбардзинад Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй нымад куы æрцыд.

Уæдæ 1990 азы 20 сентябры цы паддзахад расидт æрцыд, уый 1992 азы 29 майы юридикон æгъдауæй фидар æрцыд æмæ дунеон нымад та райста 2008 азы 26 августы.

Ирыстоны алы æмбæстагæн дæр ахæм бæрæгбоны къæсæрыл зæрдиаг арфæ кæнын ацы ахсджиаг боны цытæн, уадз æмæ алчидæр амондджынæй цæрӕд нæ бæстæйы. Мæ зæрдæ сын зæгъы фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ æмæ нæ бæстæйы размæцыды нысӕнттӕ.

Къæбулты Марина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.