Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли 1992 азæй 2008 азмæ Хуссар Ирыстоны цы цæгатирыстойнаг батальоны фидауынгæнджытæ службæ кодтой, уыдоны схорзæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæй. Хорзæхтæ лæвæрд æрцыдысты Дзæуæджыхъæуы, æмæ баст уыд сабырад бахъахъхъæныны фæдыл Хуссар Ирыстонмæ фидауынгæнджыты æртæварсон æмхæццæ тыхты æрбакондыл 26 азы сæххæсты бонмæ.

Мадзалы хайад райста РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

«Цытджын фидауынгæнджытæ! Куыд хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг, афтæ мæ фыццаг рады фæнды хатыр ракурын цæгатирыстойнаг фидауынгæнджытæй, ныры онг Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады ‘рдыгæй хорзæхджын кæй не ‘рцыдысты, уый тыххæй. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, хорзæх уæддæр йæ хъайтары ссары, 26 азы фæстæ дæр», – загъта Бибылты Анатоли.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, фыццаджыдæр ацы хорзæхтæ, уал кæй сты Хуссар Ирыстоны адæмы номæй, кæцытæ аргъ кæнынц æмæ мысынц фидауынгæнджыты архайды нысаниуæг æмæ сгуыхтдзинад.

«Айсут ацы хорзæхтæ Хуссар Ирыстоны адæмы бузныджы нысанæн, кæцытæ сæ зæрдыл дарынц фидауынгæнджыты сгуыхтдзинад», – загъта Президент.

Æрæмбырдуæвджыты раз  раныхас кодта Цæгат Ирыстоны Сæгълæууæг Битарты Вячеслав дæр æмæ банысан кодта, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæм иу кæй сты.

Гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы фидауынгæнæн операци æххæст кæныны активон архайды тыххæй Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны къухдариуæггæнджыты къухтæй «Сабырады сæраппонд намысджын куысты тыххæй» майдан райстой 102 фидауынгæнæджы. Æрæмбырдуæвджыты номæй бузныджы ныхæстæ загъта раздæры фидауынгæнæг Цомайты Тамерлан. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ахæм масштабты мадзал уагъд æрцыд фыццаг хатт.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.