Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад, Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй æндæрæбон нæ республикæйы Анахарсисы номыл централон библиотекæйы фембæлдысты раздæры фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытимæ. Фембæлды райдианы æрæмбырдуæвджытæн æвдыст æрцыд  цыбыр кинохроникæ 1992 азы 14 июлы мæйы нæ хæствæллад зæхмæ уæрæсейаг фидауынгæнджытæ куы æрбацыдысты, уый фæдыл.  Дарддæр ныхасы бар лæвæрд æрцыд Президент Бибылты Анатолийæн.

– Мæ зынаргъ æфсымæртæ! Фыццаджыдæр мæ ацы нысаниуæгджын боны фæнды сымахæн ракæнын зæрдиаг арфæтæ æмæ мæ банысан кæнын фæнды, фидауынгæнджыты мисси Хуссар Ирыстоны  егъау фæд кæй ныууагъта, уый.  Сымахæй алчидæр егъау хайбавæрд бахаста райгуырæн зæхмæ сабырад æрхæссыны хъуыддагмæ. Махæй алчидæр уæд йæ разы хæс æрæвæрдта, цæмæй нæ республикæйы уа сабырад æмæ уыцы нысан æххæст дæр æрцыд. Фидауынгæнджыты рæнхъыты службæ кæнгæйæ, махæй алчи дæр йæхицæн аскъуыддзаг кодта, зæгъгæ, кæмфæнды ма уфæм, уæддæр фидауынгæнæджы намыс бæрзæндты хæсдзыстæм. Иууыл ахсджиагдæр къахдзæфтæй фидауынгæнæг æфсæддонтæн уыд, хуссарирыстойнаг æмбæстæгты колоннæты гуырдзиаг хъæутыл хизын кæнын, афтæ ма æмбæстæгты æдасдзинад хъахъхъæ-нын. Уæлдай  егъау хъару равдыстой гуырдзиаг хъæутæм æввахс чи лæууыд, уыдон.

Бæстæйы сæргълæууæг ма йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ,  Гуырдзыстоны раздæры къухдариуæгад, куыд раздæр, афтæ ныртæккæ дæр  нæ сæттынц хуссарирыстойнаг æмбæстæгты ныхмæ  цы æбуалгъ æмæ фашистон архайдтытæ арæзтой, ууыл. «Ныртæккæ дæр  Гуырдзыстоны æбæрæгæй сæфтыл нымад цæуынц 150 ирон æмбæстагæй фылдæр. Ацы фарст мах алы хатт дæр æрывæрæм Женевæйы дисскуситы рæстæджы, фæлæ йын æмбæлон дзуапп нæ райсæм. Уый та нысан кæны æмæ Гуырдзыстон йæ агрессивон политикæйы руаджы цы фыдракæндтæ сарæзта ирон адæмы ныхмæ, уыдоныл нæ сæтты. Рох кæнын нæ хъæуы уый дæр æмæ 2008 азы хæстон ар-хайдтыты рæстæджы знаджы фыццаг цæф сæхиуыл кæй бан-къардтой фидауынгæнджытæ.  Уый тыххæй мæ бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды, сымах номæй, æмæ куыд  мæхæдæг дæр раздæры фидауынгæнджыты рæнхъыты службæгæнæг, афтæ арфæ ракæнон, фидауынгæнджыты уæды уæрæсейаг батальоны  командæгæнæг Марат Кулахметовæн. Уыдон кæронмæ лæууыдысты æмæ æппæт дæр арæзтой, цæмæй знаг ма æрбахиза нæ территоримæ. Хъыгагæн, уыдонæй бирæтæ  абон не ‘хсæн нал сты, фæлæ мах æппæт дæр араздзыстæм, цæмæй нæ сомбоны кæстæртæ зоной фидауынгæнæджы сæрмагонд нысан цы у, уый», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Фембæлдмæ æрбацæуджытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой фæмардуæвæг фидауынгæнджыты рухс нæмттæ.

Фидауынгæнæг тыхты ирон-гуырдзиаг хъаугъайы зонæмæ æрбакондыл 28 азы саххæсты сæраппонд Президент Бибылты Анатоли паддзахадон хорзæхтæй  схорзæхджын кодта фидауынгæнæг тыхты ветеранты майдантæй «За ратный труд во имя мира», хъыгагæн, бирæты сæ амæлæты фæстæ.

Бæрæгбоны ма фидауынгæнджытæн арфæтæ загъта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы æххæстбарджын  минæвар Марат Кулахметов дæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон йæ хæдбардзинадмæ фæндагыл бирæ зындзинæдтæ баййæфта, йæ æмбæстæгтæ бирæ маст æмæ уæззау цардуагон уавæрты фæцардысты. Стыр хайбавæрд Ирыстоны сæрибардзинадмæ бахастой фидауынгæнæг тыхтæ. Уыдон æрцыдысты сæ мисси æххæст кæнынмæ, Ирыстон иууыл уæззаудæр уавæры куы уыд, уæд. Æмæ цæсгомджынæй, намысджынæй сæххæст кодтой cæ мисси.   

Фидауынгæнджыты ирон батальоны ветеранты номæй бæрæгбонон арфæтæ йæ æмслужбæгæнджытæн загъта Хацырты Филипп дæр. Уый цыбыртæй æрдзырдта 1992 азы 14 июлы фидауынгæнджытæ нæ республикæмæ цы мисси æххæст кæнынмæ æрбацыдысты, уый кæй сæххæст кодтой цæсгомджынæй æмæ нæ æмбæстæгты цардуагон уавæрыл кæй бандæвтой хорзæрдæм. Хацыры фырт банысан кодта, зæгъгæ, мæнгæй нæ хонынц фидауынгæнæджы «ныфсы» символ.

Фидауынгæнджытæ Ветерантæн ма бæрæгбонон арфæтæ ракодта телефонон бастдзинады руаджы Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты Цæгат Ирыстоны батальоны командæгæнæг  Фриты Хъазбег.

Танделаты  Вилена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.