Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстонимæ арæныл ацы бонты уагъд æрцыд Инциденттæ аиуварс кæнын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты фæлгæтты радон фембæлд. Традицимæ гæсгæ ацы фембæлд уагъд цæуы арæнгæрон хъæу Эргнетмæ хæстæг æмæ дзы хайад исынц Хуссар Ирыстон, Уæрæсе, Гуырдзыстон, Евроцæдис æмæ ЕÆÆО-йы минæвæрттæ. Фембæлды боны фæткы фарстытæ æнæаивгæ сты, дзырд цыд, сæйраджыдæр, æдасдзинады фарстытыл, паддзахадон арæнтæ фехалыны цаутыл æмæ иумиаг уавæрыл.

Механизмты куысты фæстиуджытыл дзургæйæ, Хуссар Ирыстоны минæвар Фæсконфликтон фарстатæ бæстонкæныны фæдыл РХИ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвары хæдивæг Коцты Егор информацион фæрæзты минæвæрттæн афтæ радзырдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Уисты хъæуы цы æнæзакъонон гуырдзиаг полициæгты пост æвæрд æрцыд, уый уыцы бынатæй ахæссын у алы фембæлды дæр сæйраг фарст.

«Хуссар Ирыстоны фарс ацы ахсджиаг проблемæ аиуварс кæныны фæдыл хæссы къорд фæндæттæ. Æмæ кæд ацы форматы алы фембæлды дæр сæйраг æмæ ахсджиаг фарстытæй рæгъмæ хаст цæуы ацы æнæзакъонон посты проблемæ, уæддæр йæ бынатæй не ‘ггуырсы. Фæлæ ацы фарстыл цасфæнды дзырд ма цæуа, уæддæр йæ æрбæстон кæныны фыццаг къахдзæф у Хуссар Ирыстоны территорийæ йæ ахæссын», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Коцты Егоры ныхæстæм гæсгæ ма хуссарирыстойнаг делегаци уæлдай хъусдард аздæхта, паддзахадон арæнтæм хæстæг гуырдзиаг поли-циæгтæ æмæ æдасдзинады тыхты хайадистæй цы инциденттæ æрцыд, уыдонмæ.

Механизмты куысты рæстæджы ма цы фарстытыл дзырд цыд, уыдон баст уыдысты, паддза-хадон арæнтæ кæуылты цæуынц, уыимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ фæстаг фембæлдæй фæс-тæмæ паддзахадон арæнтæ чи фехæлдта, уыдоны нымæц у 12 адæймаджы. Уыдонæй цыппар фæткхалæджы ивар æрцыдысты административон фæткмæ гæсгæ, иннæты æнæ иварæй ахизын кодтой Хуссар Ирыстоны территорийæ.

Механизмты куысты хайадисджытæ куыд бадзырдтой, уымæ гæсгæ радон фембæлд нысан æрцыд ацы аз 23 сентябрмæ. Уыцы рæстæджы дæргъы уынаффæ цæудзæн къорд фарстатыл. Уыимæ иумæ ма фæрстæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй хъæуæг рæстæджы «тæвд хаххы»-ы руаджы уынаффæ цæуа æмæ бæстон кæной сæвзæргæ фарстатæ.

Коцты Егор ма куыд радзырдта, уымæ гæсгæ механизмты фæлгæтты фембæлдтытæ раздæр куыд уагъд цыдысты, уыцы форматмæ æркæныны фарст дæр нæ баззад æнæхъусдард. Хуссарирыстойнаг фарс фæндон бахаста, цæмæй фембæлд уагъд цæуа æппæт цымыдисгæнæг службæты хайадистæй. Ныфс сæ ис, æмæ радон фембæлд сентябры уагъд кæй æрцæудзæн рауæрæхгонд форматы æмæ сын сæ плæнттæ кæй нал бахъыгдардзæн коронавирусы пандеми.

Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ ацы пандемийы фæстиуæгæн ист æрцыд ахæм уынаффæ, цæмæй механизмты хайадисджыты нымæц фæкъаддæр уа. Уыцы уынаффæмæ гæсгæ информацион фæрæзты минæвæрттæ дæр нал цыдысты, мадзал уагъд кæм цыд, уыцы бынатмæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ механизмты куыстæн бæрзонд аргъ кæнынц Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттæ. Уымæн æмæ арæнтæм хæстæг бирæ фарстытæ бæстон кæнын æмæ стабилондзинад бахъахъхъæнынæн у ахсджиаг формат.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.