Æрæджы Хуссар Ирыстонмæ кусæгон балцы æрцыдысты Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы дунеон организациты æмсæрдæрттæ: Евроцæдисæй – Герберт Зальбер, ИНО-йæ – Антти Турунен æмæ ЕÆÆО-йæ – Гюнтер Бехлеры сæргълæудæй.

Хуссарирыстойнаг коллегæтимæ фембæлды рæстæджы РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат фæсарæйнаг бæстæты минæвæрттæн æгасцуай зæгъыны фæстæ банысан кодта Женевæйы дискусситы разылæууæг хæсты ахсджиагдзинад æмæ актуалондзинад.

«Хуссар Ирыстон дискусситæн кæнынц стыр аргъ, уыдон сæ нымайынц ахæм ахсджиаг дунеон фæзуатыл, цыран бæстон цæуынц регионы æгасæйдæр æдасдзинады фарстатæ. Æмæ махмæ æнхъæлмæ кæсынц, Хуссар Ирыстоны адæмæн æдасдзинады гаранти чи дæтта, ахæм документ бацæттæ кæнынмæ, цæмæй фæлхатт мауал æрцæуой къорд азты дæргъы суанг 2008 азы онг Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй агресситæ», – дзырдта Джиоты Мурат.

Джиоты Мураты ныхæстæм гæсгæ, дискусситы фæстаг раундæй фæстæмæ регионы уавæр у бæрæг стабилон. Уый хыгъд Гуырдзыстоны цы архæйдтытæ цæуы дарддæр, уыдон уавæр æгасæй æндыгъд кæнынц, фæлæ уыдон фарсæрдыгæй нæ цæуы арæзт ахæм къахдзæфтæ, кæцытæ дзурæг сты ууыл,  æмæ Гуырдзыстоны къухдариуæгад тырны Хуссар Ирыстонимæ ахастытæ æрбæстон кæныныл.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ къорд хатты бахатыдысты æмæ хатынц гуырдзиаг фарсмæ арæнты фарсты фæдыл бадзырдтыты фынгыл æрбадын, цæй фæстиуæгæн ист æмæ бæстон æрцæудзысты бирæ фарстытæ.

«Гуырдзыстоны къухдариуæггæнджытæ уый фæдыл æрмæст æнæразы-дзинад не ‘вдисынц, фæлæ ма архайынц ууыл, цæмæй Хуссар Ирыстоны бафта-уой дунеон æмæхсæнады цæсты, сæйраджыдæр, арæнты халыны фарстыты.

Уымæ гæсгæ Женевæйы дæр æмæ ам дæр къорд хæттыты хъусын кодтам æмæ кæнæм, Хуссар Ирыстоны къухдариуæггæнджытæ кæй ифтонг кæнынц сæ арæнты æдасдзинад æмæ ницы хуызы не ‘вналынц Гуырдзыстоны территоримæ. Уымæ гæсгæ мах цæттæ стæм гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг арæнтыл уавæр æрбæстон кæныныл куыстытæ адарддæр кæнынмæ», – дзырдта дарддæр Мурат.

Механизмты фæлгæтты архайд Джиоты Мурат банымадта позитивоныл. Уый хыгъд, ацы аз æртæ хатты Гуырдзыстоны æххæстмасштабон æфсæддон ахуыртæ уагъд кæй цыд, уый дызæрдыджы æппары.

НАТО-йы ахуыртæ гуырдзиаг æфсады цæттæ кæнынц агрессивон архайдтытæм, ома, зæгъгæ, гуырдзиаг къухдариуæгад уыцы ахуыртæй пайдагæнгæйæ нæ æмбæхсы йæ реваншистон хъуыдытæ Хуссар Ирыстонмæ  ахасты. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон дæр архайдзæн йæ æдасдзинад, йæ арæнтæ сфидар кæныныл. Уыцы нымæцы Женевæйы дискусситы фæлгæтты цæмæй бацæттæ æрцæуа документ, тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы сразыдзинад, кæцыйæн уыдзæн фидар дунеон гарантитæ æмæ уыдзæн юридиконæй бæрнджын.

Евроцæдисæй æмсæрдар Герберт Зальбер банысан кодта сæ балцы тых-хæй, зæгъгæ, баст у дискусситы радон  38 раундмæ бацæттæ кæныныл.

«Махæн æхсызгон у радон хатт фембæлын сымахимæ, цæмæй радон раундмæ бацæттæ кæнæм нæхи. Мæ хъуыдымæ гæсгæ 37 раунд æнтыстджын нæ уыд, фæлæ мæ ныр ныфс ис, æмæ уавæр радон раунды хуыздæрæрдæм кæй фæивдзæн».

Æмткæй регионы уавæр ныхасгæнæг банымадта стабилоныл. Уый дæр, зæгъгæ, æвæрццаг фæстиуæг у Женевæйы нæ бадзырдтытæн, сæйраджы-дæр, уыцы куыстытæ, кæцытæ уагъд цæуынц Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты фæлгæтты.

Уыцы хъуыдыйы фарс рахæцыдысты фембæлды ИНО æмæ ЕÆÆО-йæ æмсæрдæрттæ Антти Турунен æмæ Гюнтер Бехлер.

Дарддæр фембæлд уагъд цыд æхгæд дуæртты мидæг.

Женевæйы дискусситы радон раундмæ цæттæгæнæн фембæлдæн хатдзæг-тæ аразгæйæ Евроцæдисæй æмсæрдар Герберт Зальбер сæйрагыл банымадта, тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы документ бацæттæ кæнын. Женевæйы дискусситы ивгъуыд раунды мах, зæгъгæ, федтам ацы фарст аскъуыддзаг кæнынмæ цымыдисдзинад. Уымæ гæсгæ ацы здæхты куыст цæуы.

Уымæй дарддæр Зальбер банысан кодта,  кæй уынаффæ кодтой Гуырдзыстоны НАТО-йы æфсæддон ахуыртæ кæй цæуы, ууыл, кæцытæ тыхстдзинад æвзæрын кæнынц.

ЕÆÆО-йæ æмсæрдар Гюнтер Бехлер банысан кодта, Женевæйы дискусситы фæлгæтты дзырд цы гуманитарон фарстытыл цæуы, уыдон нысаниуæгджындзинад.

«Механизмты фæлгæтты радон фембæлды цы гуманитарон характеры фарстытыл дзырд цæудзæн, уыдонæй иу у æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты фарст. Уымæ гæсгæ ацы фембæлдмæ немæ æрцыд, ацы фарстыл чи кусы, уыцы хæдбар эксперт Душан Игньятович. Ныфс нæ ис, æмæ æввахс рæстæджы бæрæг уы-наффæ ист æрцæудзæн æмæ сæ бинонтæ исты ног хабар базондзысты сæ хиуæттæй.

Женевæйаг дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг Джиоты Мурат банысан кодта, ЕÆÆО-йы эксперт ацы фарстыл кæй кусы ныр дыккæгæм аз. Уый æрцыд Гуырдзыстонмæ, Хуссар Ирыстонмæ, фембæлд æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хиуæттимæ æмæ æвдисæнтимæ. Бакуыста конкретон рекомендацитыл, ацы куыст куыд дарддæр кæна, цæмæй уыцы æвзонг æмбæстæгты хъысмæт сбæрæг уа. Фæлæ ивгъуыд аз уыцы рекомендацитæ Гуырдзыстоны къухдариуæгады ‘рдыгæй æххæст кæй не ‘рцыдысты, уымæ гæсгæ ЕÆÆО банымадта æнæмæнгхъæуæгыл, цæмæй ацы куыст дарддæр уагъд æрцæуа.

Джиоты Мурат банысан кодта, æбæрæгæй сæфт авд лæппуйæ, иууыл къаддæр фондзæй уыдысты Гуырдзыстоны барадхъахъхъæнæг æмæ æндæр тыхон структурты къухты.

«Хæдбар эксперт ирдæй æвæры фарст, куыд æмæ кæм хъæуы агурын ацы адæмы хъысмæт сбæрæг кæныны фадæттæ. Уымæ гæсгæ нæ ныфс ис, ацы аз йæ хъарутæ дзæгъæлы нæ уыдзысты æмæ уыцы лæппуты ныййарджытæ бæрæг кæй базондзысты. Мах бузныг стæм Душан Игньятовичæй æмæ ЕÆÆО-йæ, кæцытæ æххуыс æмæ организаци кæнынц куыст.

ЕÆÆО-имæ йын цы контракт ис, уый архайы азы фæудмæ. Кæд ма бахъæуа, уæд мах ныридæгæн бахатыдыстæм ЕÆÆО-мæ, цæмæй йæ контракт адарддæр кæна, фæлæ хорз уаид æмæ уыдонæй бæрæг тагъддæр куы базониккам», – дзырдта Мурат.

ИНО-йæ æмсæрдар Антти Турунен банысан кодта, фембæлды ма дзырд кæй цыд культурон бынты фæдыл фарстыл.

«Дзырд цыд Хуссар Ирыстонæн йæ уникалон иконæ-триптих раздахыныл. Мах ма раразмæ æмæ æрдзырдтам, Гуырдзыстоны контролы бын цы ирон историон æмæ культурон цыртдзæвæнтæ сты, уыдон бахъахъхъæныны æдасдзинады проблемæйыл, уыцы бынæттæ бæрæг кæныны фадæттыл, цæмæй сæ хи цæстæй уыной, цы уавæры сты æмæ консерваци æмæ реставрацийы фадæттыл», – банысан кодта Турунен.

Женевæйы дискусситы радон раунд уагъд цæудзæн ацы аз 13-14 декабры.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.