Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты фæлгæтты дарддæр  ацы аз уагъд æрцыд фыццаг рабадт. Хайад дзы райстой Уæрæсе, Гуырдзыстон, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны Евроцæдис æмæ ЕÆÆО-йы Миссийы хъусдарджытæ.

Традицимæ гæсгæ, фембæлд цыд æхгæд дуарæй мидæг. Фæстиуджытæ аразгæйæ, хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг РХИ-йы Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Дауыт информацион фæрæзты базонгæ кодта йæ фæстиуджытимæ. Цы фарстытыл, зæгъгæ, дзырд цыд, уыдоны сæйраг уыд, арæнтæм æв-вахс цы æмбæстæгтæ цæрынц æмæ цы проблемæтыл æмбæлынц, уый. Механизмты фæлгæтты фæстаг фембæлдæй фæстæмæ урæд æрцыд паддзахадон арæн халæг фондз гуырдзиаджы. Уыдон нæ республикæйы закъондзинад куыд амоны, уыцы æмбæлон процедурæтæ рацæуыны фæстæ лæвæрд æрцыдысты Гуырдзыстоны къухдариуæгадмæ.

«Уымæй дарддæр ма дзырдтам паддзахадон арæнтæ делимитаци æмæ демаркацийы æнæмæнг-хъæуындзинадыл, уымæн æмæ уый æвæрццагæй æндавы арæн-гæрон территоритыл цæрæг æмбæстæгты цардыл. Уый хауы куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм дæр.

Дзырд ма цыд профилактикон куысты æнæмæнгхъæуындзинадыл. Уыцы куыст хъуамæ кæной Гуырдзыстоны къухдариуæгады минæвæрттæ сæ æмбæстæгтимæ – арæнгæрон территоритыл чи цæры, уыдонимæ, цæмæй арæнтыл хизыны фæтк къаддæр хæлд цæуа æмæ уыцы бæрндзинад æмбарой. Уымæ нæ кæсгæйæ, абоны онг дæр Гуырдзыстонимæ махæн нæй ницахæм бадзырдтытæ æмæ барадон ахастытæ, æмæ æрмæстдæр механизмты формат у ахæм, цыран æркæсæм ахæм æнгæс фарстытæм», – банысан кодта Санахъоты Дауыт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ма фембæлды дзырд цыд, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ æнæзакъонон хæдзарадон куыстытæ кæй кæнынц, уыцы фарстыл дæр, сæрмагондæй, хъæд æнæзакъонæй цæгъдын.

Санахъоты Дауыт банысан кодта, хуссарирыстойнаг фарс ма кæй раразмæ кодта Гуырдзыстоны æм-бæстæгтæ арæнгæрон территорийыл кæй аразынц провокацион ар-хайдтытæ. Сæрмагондæй, дзырд цыд Гуырдзыстоны информацион фæрæзтæ кæй зыгъуыммæ кæ-нынц Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ æнæзакъонæй арæнтыл хизыны фæстиуæгæн урæд кæй цæуынц, уыцы æмбарынад. Уыдон ацы факттæ æмбарын кæнынц, куыд сæ æмбæстæгты давыны цаутæ. Уый фæдыл хуссарирыстойнаг фарс банысан кодтой сæ æнæразыдзинад æмæ бахатыдысты, цæмæй арæнтыл цы цаутæ цæуы, уыдон фæдыл раст информаци лæвæрд цæуа.

Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты фарсты фæдыл Санахъоты Дауыт банысан кодта, зæгъгæ, ацы фарстыл куыст цæуы æртæфарсон механизмты фæлгæтты, цыран хайад исынц Уæрæсе, Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстон Дунеон Комитеты Сырх Дзуары æхсæ-нылæудæй.

Уыцы фарсты фæдыл информацион фæрæзтæн хицæнæй информаци лæвæрд цæудзæн, уæлæмхас информаци куыд фæзына, уымæ гæсгæ. Механизмты форматы 2017 азы куыстæн приоритетон хæстæ нысангæнгæйæ, Дауыт банысан кодта, арæнтыл инциденттæ фæкъаддæр кæнын æмæ уый тыххæй æнæмæнгæй хъæуы паддзахадон арæнтыл профилактикон куыстытæ ауадзын æнæмæнг-хъæуæг кæй у, уæлдайдæр, бирæ цæрджытæ кæм ис, уым.

«Уый хауы, куыд Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм, афтæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæм дæр. Æмæ алы æмбæстаг дæр хъуамæ бæрнон ахаст равдиса ацы хъуыддагмæ», – банысан кодта Дауыт.

Механизмты фæлгæтты куыст дарддæр цæудзæн 3 февралы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.