“Хурзæрин”-ы газет акасти йæ сæдæ азы сæрты. Нæ фыдæлтæ-иу искæмæн арфæ куы кодтой, уæд-иу загътой: “Дæ сæдæ азы сæрты акæс!” Æмæ-иу искæуыл сæ арфæ куы æрцыд, уæд-иу сæ цинæн кæрон нал уыд. Æгас Ирыстоны уарзон газет “Хурзæрин” ныр 100 азы дæргъы хæссы хабархæссæджы тырыса. Уый у уæззау хæс, фæлæ кадджын хъуыддаг.

Газет ахызт йæ дыккæгæм æнусы къæсæрыл æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы: дарддæр дæр хæсс фарны хабæрттæ æмæ райгонд у дæ газеткæсджытæй. Цыфæнды мыхуыры фæрæзæн дæр йæ хъысмæты фыст ис хæдзарæй-хæдзармæ, сыхæй-сыхмæ, хъæуæй-хъæумæ ирон адæммæ фарны хабæрттæ хæссын. “Хурзæрин” уыцы хæс кæддæриддæр æххæст кодта æнтыстджынæй, æмæ уымæ гæсгæ дзыллæ цин кодта йæ алы номырыл дæр. Хуссар Ирыстон бирæ зындзинæдтæ бавзæрста йæ азфысты мидæг. Ахæм рæстæг-иу газеты ирвæзынгæнæг хъæлæс дзыллæйы кæрæдзимæ æнгом æрбалæууын кодта æмæ-иу уæд фервæзтысты рохуаты уацарæй.

“Хурзæрин”-ы тынтæ арф хызтысты Иры кæмттæм Хуссарæй-Цæгатмæ æмæ-иу схъарм кодтой адæмы зæрдæтæ. Газеты фыццаг номыртæ кæсгæйæ, адæймаджы зæрдæ байдзаг вæййы бузныгад æмæ сæрыстырдзинадæй. 1924 азы тъæнджы мæйы фыццаг бон “Хурзæрин”-ы фыццаг номыр куы фæзынд, уæдæй фæстæмæ Леуахийы уылæнтæ бирæ дон ахастой денджызы къæбицмæ. Абон йæ номырты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны. Уыдонæй алкæцыдæр у XX-XXI æнусты азфысты сыф – йæ цин æмæ хъыджы хабæрттимæ.

Газет кæддæриддæр уыдис царды гуылфæнты, донæн цыдис йæ æрфыты æмæ уый тыххæй 1974 азы, йæ фыццаг юбилейы къæсæрыл, хорзæхджынгонд æрцыд “Кады нысан”-ы орденæй. Мыхуыры фæрæзæн ивд цыдис йæ ном (“Коммунист”, “Советон Ирыстон”, “Хуссар Ирыстон”, фæстæмæ “Хурзæрин”), фæлæ нæ ивта йæ ахаст æмæ йæ бæрндзинад адæмы раз. Сæдæ азы дæргъы газетæн разамынд лæвæрдтой бирæ разагъды лæгтæ: Плиты Арон, Беджызаты Чермен, Уалыты Димитр, Гасситы Ислам, Годжыцаты Ясон, Зассеты Филипп, Голоты Владимир, Цхуырбаты Никъала, Джиоты Солæман, Куымæридтаты Алыксандр, Тедеты Павел, Мулдарты Таймураз, Хуыгаты Анатоли, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Харебаты Леонид, Гæбæраты Юри, Цгъойты Аринæ, Биазырты Роланд. Уыдонæн сæ фарсмæ лæууыдысты, сæ курдиаты тых ирдæй кæмæн зындис, ахæм фæлтæрдджын мыхуыры кусджытæ.

Цыфæнды национ газетæн дæр йæ хъысмæт æнгом баст у, цы адæмæн лæггад кæны, уыдонимæ. “Хурзæрин” дæр кад æмæ радимæ æххæст кодта уыцы уæззау, фæлæ бæрнон хæс. 1989-2008 азты газет тохгæнæг дзыллæйæн ссис ныфсы мæсыгы хуызæн. Развæдсгарæгау тырныдта, уынгæджы уавæрты цы хъæутæ уыдысты, уыдоны цæрджытæм. Æмæ сæм хаста рæстдзинады хабæрттæ, лæвæрдта сын ныфс фидæныл æууæндынмæ. Уыцы азты йæ алы номыр дæр цыдис къухæй-къухмæ æмæ сын хаста зæрдæрухсы тæлмæнтæ. Уымæ гæсгæ йæ рауадзыныл зын уавæрты æхсарджынæй куыстой типографийы кусджытæ.

Рæстæг дугъон бæхæй уæлдай нæу. Фынддæс азы размæ Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Уый дзыллæйы зæрдæйы бауагъта стыр ныфс æмæ йын срухс кодта йæ фидæны фæндаг. “Хурзæрин”-ыл дæр хур æркаст æмæ йæ хуыз скалдта. Йæ кусджытæ бахаудысты уæлтæмæнады уылæнты æмæ зæрдæрухсдæрæй бавнæлдтой сæ бæрнон куыстмæ. Республикæйы уавæр хуыздæрæй-хуыздæр кæй кодта фæстаг дæсазоны, уый дæр хорзæрдæм фæзынд газеты уавæрыл. Фæзындис журналистты ног фæлтæр æмæ ныфс бауагътой “Хурзæрин”-ы фидæны тыххæй. Уæдæ сын ног компьютерон техникæ сæ къух кæй фæрæуæгдæр кодта, уый дæр банымайын хъæуы хорзыл. Бæрæгбон фидауы лæвæрттæ æмæ арфæтæй. Æмæ уымæ гæсгæ юбилярæн нæ зæрдæ зæгъы, фыццаджыдæр, æнæниздзинад æмæ сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ йæ кусджытæн. “Хурзæрин”-ы тынтæ æнустæм рæвдауæд дыууæ Ирыстоны дæр.

Газет “Рæстдзинад”-ы кусджытæ

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.