Цхинвалы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад зынгæ куыст кæны горæты сыгъдæгдзинадыл æмæ уый та æхцондзинад хæссы горæты цæрджытæн. Хæдзарады хистæры хæдивæг Джиоты Юрийы ныхæстæм гæсгæ, уыдон дарддæр дæр куысдзысты сæ разылæууæг хæстæ æххæст кæныныл. Развæлгъау бацæттæгонд  планмæ гæсгæ сæ разы æвæрынц дзæвгар хæстæ æмæ ныридæгæн иутæн сæ аскъуыддзаг кæныныл райдыдтой кусын. Ивгъуыд аз декабры мæйæ æрæвнæлдтой Джиоты Аланы проспекты электроцырæгътæ раивынмæ. Куыстытæ æххæст кæныныл архайы «Ир-дизайн», йæ кусджыты нымæц та у 4 адæймаджы. Йæ хистæр Кокойты Рома зæрдиагæй архайы, цæмæй банысангонд куыст сæххæст кæной рæстæгыл. Ам цы цырæгътæ рафтауынц, уыдон дæр æнæфтиаг нæ фæуыдзысты, фæлæ сæ бакæндзысты æндæр уынгты.

Горæты хæдзæртты раз цы кæртытæ ис, уыдонæй ис ахæмтæ, кæцытæн сæ асфальт сызгъæлд æмæ сыл цæуын фæзын вæййы, куыд фистæгæйцæуджытæн, афтæ ма хæдтулгæты хицæуттæн дæр. Цæмæй ахæм бынæттæ сæ раздæры хуыз райсой, уый тыххæй цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады коллектив бацархайдзæн уыдон схæрзарæзт кæныныл дæр. Сæвæрдзысты дзы бордюртæ, цы бынæтты фехæлд рухсы хахх, уыдон дæр æркæндзысты фæткмæ. Афтæ ма бакæндзысты канализацийы хызæгтæ цалцæг кæныны куыстытæ дæр.

                                                                        ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.