Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан хорзæхджын æрцыд Уæрæсейы драматургты Гильдийы дипломæй, – уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы Хуссар Ирыстоны минæварады уынаффæгæнæг Уалыты Зарæ.

Дзуццаты Тамерланæн хорзæх радта Уæрæсейы драматургты Гильдийы генералон директор Юрий Бутунин Мæскуыйы æхсæнадæмон литературон преми «Булæмæргъ»-æй хорзæхджын кæныны церемонийы фæлгæтты. «Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театрыл 90 азы сæххæсты юбилейы Уæрæсейы драматургты Гильди банысан кодта Хуссар Ирыстоны театралон аивады кадджын традицитæ бахъахъхъæныны, профессионалон дæсныдзинад сфидардæр кæнынмæ, Уæрæсеимæ сфæлдыстадон рæзтмæ, сабырдзинад, хæлардзинадмæ, гуманизмы æнæаивгæ принциптæм тырнындзинады тыххæй драмон театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерланы стыр хайбавæрды тыххæй», – дзырдæуы дипломы.

Хуссар Ирыстоны драмон театр арæзт æрцыд 1931 азы Цхинвалы бынæттон ирон драмон кружокы бындурыл. 1939 азы театрæн лæвæрд æрцыд зынгæ ирон поэт æмæ драматург Хетæгкаты Къостайы ном. 2021 азы театрыл сæххæст 90 азы, фæлæ коронавирусы пандемийы аххосæй бæрæгбонон юбилейон мадзæлттæ хаст æрцыдысты 2022 азмæ.

«Гильдиимæ мах æмгуыстад кæнæм иу аз, равзарæм уыцы æрмæг, кæцыйы нæм æрæрвитынц, цæмæй фадат уа пьесæты автортимæ бакусынæн. Гильди иу кæны Уæрæсейы драматургты, кæцытæ фыссынц пьесæтæ æмæ хъахъхъæнынц сæ авторон бартæ. Гильди нæ зонгæ кæны ног драматургтимæ æмæ хайад исы театры репертуарон политикæйы», – загъта Дзуццаты Тамерлан.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй йын бынтон æнæнхъæлæджы хабар уыд, Гильдийы диплом ын кæй радтой, уый.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.