Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан Паддзахадон хорзæхæй йæ юбилеон гуырæн боны цытæн схорзæхджын кодта Хицауады Сæрдар Джуссойты Константины.

Джуссойты Константин ацы хорзæх уымæн райста бæстæйы разамонæджы барамындмæ гæсгæ, æмæ йын стыр хайбавæрд ис нæ республикæйы паддзахадон-политикон рæзт æмæ социалон-нысаниуæгджын объекттæ сæндидзын кæнынмæ. Уый банысан кодта бæстæйы разамонæг дæр æмæ бæрзонд аргъ скодта Джуссойты Константины æгæрон хайбавæрдæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон фадыджы рæзт фидар кæныны хъуыддагмæ.

«Дæ архайды фæстиуджытæн бæрзонд аргъ скæнæн ис. Хуссар Ирыстонæн 2008 азы августы уæззау бонты нæ бæстæ хæсты фæстиуджытæ куы æвзæрста, уæд ды дæхимæ райстай стыр бæрндзинад æмæ активон хайад райстай арæзтадон-æндидзынгæнæн куыстыты. Уымæй стыр хайбавæрд хаст æрцыд бæстæйы социалон-экономикон рæзты фадыгмæ», — загъта Президент.

Дæ къухдариуæгадæй, зæгъгæ, арæзт æрцыдысты бæстæйæн нысаниуæгджын объекттæ — Хицауады Аппараты бæстыхай, Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты бæстыхай æмæ æндæртæ. Йæ рады Джуссойты Константин ныфс бавæрдта, дарддæр дæр йæ тыхтæ æмæ хъарутыл æнæауæрдгæйæ кæй кусдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны хæрзæбонæн, æппæт йæ тыхтæ æмæ хъарутæ кæй аздахдзæн бæстæйы рæзты хъуыддагмæ.

Бæстæйы разамынады ‘рдыгæй ахæм стыр хъусдарды тыххæй Джуссойты Константин бузныджы ныхæстæ загъта Гаглойты Аланæн.

Нæ уацх.