Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Информацион-аналитикон управленийы разамонæг Уазæгты Юри комментари сарæзта Гуырдзыстоны хæдбардзинады бæрæгбоны цытæн Гуырдзыстоны ныры премьер-министр Иракъли Къобахидзейы раныхасы тыххæй:

– Гуырдзыстоны ныры премьер-министр Иракъли Къобахидзе йæ быцъынæг кæй скъуыны, афтæмæй реалондзинадæй иппæрд вербалон хуызтæй спайда кæнын кæй хъавы æмæ æрцæуæн цæмæн нæй, уыдæттæ кæй дзуры, уый хорзмæ не ‘ркæндзæн «Гуырдзиаг бæллицы».

Ивгъуыд азы февралы Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæджы статусы уæвгæйæ, Къобахидзейы фыццаг хъусинæгтæ карз критикæ  æмæ рæхойæн комментаритæ расидтысты куыд Гуырдзыстоны, афтæ йæ сыхаг паддзахадты – Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы дæр.

Æнæформалон идеолог «Гуырдзиаг бæллиц»-ы адресыл цы æргом скепсис æмæ ирони загъдæуыд, уыдон уыдысты æнæбындур хъæрахст ныфсæвæрдтытæ, уымæй Звиад Гамсахурдиайы рæстæджы нарративтæ раног кæныны фæлварæнтæ.

Æнгæс реакци расидт Гуырдзыстоны хæдбардзинады боны цытæн бæрæгбоны рæстæджы Къобахидзейы ныры раныхас дæр.

Гуырдзыстон та радон хатт йæ ногдæр историйы ныры уавæрты лæууы æхсæнады дихтæ кæныны перспективæйы раз  æмæ фæстагмæ æмбæстагон ныхмæлæууынады къæсæрыл, ныфсытæ æвæры 2030 азы «абхазаг æмæ ирон хотæ æмæ æфсымæртимæ» иумæ  Евроцæдисы скондмæ бацæуын. Уый тынгдæр у астæуккагæнусон философийы, ома схоластикæйы хуызæн.

Гуырдзыстон цалдæр хатты кæмæн сарæзта геноцид æмæ йæ сырдон миты тыххæй ныры онг дæр формалонæй хатыр кæмæй нæ ракуырдта, уыцы «хотæ» æмæ «æфсымæрты», иу мисхал дæр нæ фæнды Гуырдзыстонимæ нæдæр  Евроцæдисмæ æмæ нæдæр НАТО-мæ бацæуын.

Гуырдзиаг националистты æрдыгæй хæстон агрессийæ дарддæр геноцид æмæ тыхбахасты руаджы ассимиляциимæ баст бирæнымæц историон факттæй дарддæр Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз Гуырдзыстонимæ дих кæнынц æргъадон-политикон дискурс, уымæй сæ  хицæндзинадæн ис фундаменталон характер, уыимæ ма хауы ахæм ахсджиаг фадыгмæ, куыд мысынады политикæ, цивилизаци ориентиртæ æмæ бирæ æндæр цæмæйдæртæй.

Уымæй дæр, Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæджы цыма æнæнхъæлæджы ферох  Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы суверенитеты раззагон ядерон паддзахад, ИНО-йы Æдасдзинады Советы фондз уæнгæй сæ иу – Уæрæсейы Федераци æмæ ноджы æндæр бæстæтæ кæй банымадтой. Цхинвал дæр æмæ Сухум дæр  ницы хуызы фесафдзысты, бирæ тугкалды руаджы сæ къухы цы хæдбардзинад бафтыд, уый.

Гуырдзыстоны статусы тыххæй та  зæгъдзынæн уый, æмæ мификон «æнæхъæндзинад»-ы фæдыл лидзыны бæсты уымæн актуалондæр у  колониалон æндæвдады уавæрæй рахизыны фарст.

Ныры мидполитикон кризисы цаутæ куыд фенын кодтой, афтæмæй Гуырдзыстоны, иууыл хæрзвадатдæр сценарийы уавæрты дæр, нырма бирæ цæуын бахъæудзæн реалон суверенитетмæ. Суверенитетмæ йæ фыццаг къахдзæф хъуамæ суа реваншизм æмæ национализмы идеологийы раппæрст.

Иракъли Къобахидзе цæй тыххæй дзырдта, уыцы  «Моисейы фæндаджы» бæсты, кæцы, ома, Гуырдзыстоны кæны  «уаз бæстæмæ» (Земля обетованная), Гуырдзыстон нырма цæуы Ной Жорданияйы  æмæ Звиад Гамсахурдиайы фæндагыл, уыцы фæндаг та кæны хисафæн æмæ радон хæстон конфликттæм.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.