Æввахс рæстæджы, ома, 9-æм июны, махæй алкæмæн дæр фадат уыдзæн йæ равзæрст саразынæн. Махæй алкæйы  равзæрстыл дæр баст уыдзæн нæ республикæйы æввахс фидæн, йæ уавæр.

Нæ бæстæ æвзары йæ рæзты вазыгджын рæстæг. Æмæ кæд фæстаг 16 азы дунеон банымад суверенон паддзахады сабыр цардæй цæрæм, уæддæр нын ис фаг проблемæтæ. Бирæ æнæаскъуыддзаггонд нысантæ. Бирæ куыст нын ис. Мах нырма дард стæм, нæ хæдбардзинад куы расидтыстæм, уæд нæ разы цы нысæнттæ сбæрæг кодтам, уыдонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны раз лæууæг цардуагон ахсджиаг хæстæ æххæст кæныны рæстæджы, уæлдай нысаниуæг хъуамæ уа республикæйы Парламентæн. Закъондæттынадон базæ хъуамæ æмбæлон уа конкретон рæс­тæгæн, дзуапп дæтта æддагон æмæ мидæггагон фæсидтытæн. Хъæуы æнæмæнгхъæуæг нормæты онг республикæйы Конституци æркæнын. Уый тыххæй хъæуы конституцион къамисы куыст сног кæнын  – йæ рæстæджы йæ бавдыста РХИ-йы коммунистты фракци.

Уымæ гæсгæ стыр нысаниуæг уыдзæн республикæйы закъондæттынадон æмбырды фидæны скондæн. Йе скондмæ хъуамæ бацæуой бæрзонд профессионалтæ, хъæппæрисджын æмæ амалджын,  нæ адæмы ‘хсæн кад  æмæ авторитет кæмæн ис, ахæм æцæг патриоттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Коммунистон парти у æппæт парламентон æвзæрстыты дæр иунæг хайадисæг парти. Партийæн ис фидар æмæ æнувыд электорат. Афтæ чи хъуыды кæны, зæгъгæ, коммунисттæн сæйраджыдæр хъæлæс раттынц хистæр кары адæймæгтæ, уыдон раст не сты. Уымæн та æвдисæн у, фæстаг рæстæджы РХИ-йы Коммунистон партийы рæнхъытæ фæсивæдæй кæй баххæст сты, уыцы факт дæр. Уыдон ныри­дæгæн сæхи æвæрццагæй равдыстой алы къабæзты дæр.

Нæ партимæ æууæнкдзинад ис уый мидæг, æмæ æвзæрстыты бын арæзт кæй нæ цыд, дард кæй лæууы цæстмæмитæй, алыхатт дæр дзуапп кæй дæтты йæ ныхæстæн, нæ сафы йе ‘ууæнкдзинад. Хуссар Ирыстоны Коммунистон партийы нысан цы у, цæмæ тырны æмæ республикæйы фæрныгад æмæ æдасдзинадмæ цахæм хайбавæрд фæнд кæны бахæссын, уыимæ базонгæ уыдзыстут Республикæ Хуссар Ирыстоны Коммунистон партийы æвзæрстыты  агъоммæйы программæйæ.

– Хуссар Ирыстоны коммунисттæ цæттæ сты æппæт æнæниз тыхтимæ æмгуыстад кæнынмæ, политикон оппоненттимæ ныхас кæнынмæ. Æндæр бæстæтæй не ‘мпартионтимæ, фыццаджыдæр Уæрæсеимæ æмгуыстады хъæздыг фæлтæрддзинад,  фадат дæтты партийы архайд рауæрæхдæр кæнынæн, уæлдай продуктивондæр æмæ йæ эффективондæрæй саразынæн;

– Хуссар Ирыстоны Коммунистон парти у  Советон Цæдисæй цæуæг егъау традицитимæ политикон баиугæнд. Уый лæууы нæ паддзахаддзинад саразыны гуырæнты. Коммунисттæ алыхатт дæр уыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фыццаг рæнхъыты, цæвиттон уыдысты æппæт сæ хъуыддæгты дæр. Парти рацыд бирæ фæлварæнтыл, бафæрæзта æппæт зындзинæдтæн, йæ бон ссис рæстæджы домæнтæм гæсгæ йæ куыст рацаразын, тох кодта йæ позициты сæрыл.

Хуссар Ирыстоны Коммунистон партийæн уæ хъæлæстæ ратгæйæ, сымах нæ фæфæсмон кæндзыстут. Коммунистты парламентон фракци алыхатт дæр тох кæндзæн уæ интересты сæрыл, дзуапп дæтдзыстæм уæ домæнтæн, хъахъхъæндзыстæм уын уæ позицитæ, æххуыс кæндзыстæм уæ хъæппæристæ сæххæст кæнынæн. Мах хъæуы æмæ нын ахсджиаг у уæ фарсхæцынад. Иумæ махæн нæ бон суыдзæн бирæ хорз фæндтæ сæххæст кæнын. Махæн сæйраг у адæмы æууæнкдзинад, æмæ уæ мах та фыдæнхъæл никуы фæкæндзыстæм.

Саразут раст равзæрст!

РХИ-йы Коммунистон партийы Централон комитет

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.