21-ӕм октябрӕй 28-æм октябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕрцыдис иу фыдракæнд ӕмӕ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд дыууӕ авари, кæцыты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой 4 адæймаджы.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 226 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 3 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 7 адӕймаджы.

Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспектортӕ рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы баурӕдтой 44-аздзыд Цхинвалы районы Ног-хъӕуы цӕрӕджы, кӕцымӕ сӕ зӕрдӕ фехсайдта нозтджынӕй. Ацы ӕмбӕстаджы ма фарон фӕивар кодтой нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны тыххӕй ӕмӕ ныр та хӕссы уголовон бӕрндзинад.

Наркотикон буарадты æрзылдыл контроль кæныны управленийы кусджытæ баурæдтой 36-аздзыд горӕттаг цӕрӕджы, кӕцы ӕнӕзакъонӕй спайда кодта наркотикон буарадӕй. Цхинвалы тӕрхондон фӕткхалӕджы фӕивар кодта 8 мин сомы.

Цхинвалы 59-аздзыд цӕрӕг Ленины уынгыл йӕ автомашинӕ «ЗИЛ-130» скъӕрынмæ нӕ сарӕхст ӕмӕ ныццавта ӕндӕр автомашинӕ «Subaru»-йы, кӕцыйы шофыр та разынд 66-аздзыд горӕты цӕрӕг. Аварийы фӕстиуӕгӕн 64-аздзыд бӕлццон бахауд рынчындонмӕ.

Цхинвал-Ленингоры фӕндаджы 3-ӕм километры 25-аздзыд Цхинвалы цӕрӕг нозтджынӕй нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «ВАЗ-2106» скъӕрынмæ, ахаудта фӕсвӕд ӕмӕ афӕлдӕхт. Аварийы фӕстиуӕгӕн шофыр ӕмӕ йӕ дыууӕ бӕлццоны алыхуызон цӕфтимӕ бахаудтой рынчындонмӕ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.