Æнæ Уæрæсейæ махæн фидæн нæй. Нæ историйы хъысмæт уый мидæг ис, æмæ ирон адæм цард-цæрæнбонты, æнустæм хъуамæ уой Уæрæсеимæ. Уæрæсеимæ уæвын махæн удыбæстæ у, уымæн æмæ нæ дыууæтæ дæр индоевропæйæгтæ стæм. Рагон уырыссаг æвзаг æмæ ирон æвзаджы æмхуызон арф уидæгтæ бирæ ис.

2008 азы Хуссар Ирыстоны зæхх Уæрæсе бахъахъхъæдта.

Путин æмæ Медведев уыцы хæсты цы хъæбатырдзинад, цы куырыхон зонд равдыстой, уыдон сты, Ирыстонæн нæ, фæлæ, фыццаджыдæр, Уæрæсейæн цы æгъдау æмбæлдис æмæ цы политикæйыл æрхæцыдаид, уый. Уыцы бонты куыд рабæрæг, афтæ Уæрæсе у стыр хъомысджын паддзахад, куырыхон разамонджытæ Путин æмæ Медведевимæ.

Абон дунейы бæстæтæй бирæтæ банымадтой, 1915 азы турк сомихæгтæн цы геноцид сарæзта, уый. Æрæджы уый банымадта Германы парламент. Фæлæ ирон адæмæн Гуырдзы цы цыппар геноциды сарæзта, уыдон хъуыды дæр æмæ кой дæр ничи кæны. Нæ йæ рох кæнынц æрмæстдæр ирон адæм, уыдон æй кæддæриддæр сæ зæрдыл дардзысты, фæлæ зæрдыл дарын фаг нæу. Ма ферох кæнын – уый ирон адæмæн сæ комкоммæ хæс у, фæлæ ма нæ хæс у хуссайраг ирæтты ныхмæ уыцы фыдракæнд дунеон æхсæнадмæ фæхæццæ кæнын, сæ зæрдыл сын æй æрлæууын кæнын. Уый сæраппонд алы бæстæтæм официалон балцыты нæ разагъды интеллигенцийы дзурын хъæуы, Гуырдзы ирон адæмæн цы цыппар геноциды скодтой, уыдоны тыххæй.

Цыппæрдæс азы рацыд 2008 азы августы хæстæй, фæлæ нын уыцы хæст мæнгардæй чи расидт, уыцы фашистон Гуырдзыстонмæ нырма дæр нæ разынд уыйбæрц æфсарм, цæмæй басæтта йæ рæдыдыл, цы æбуалгъ хæст расидт, ууыл. Уæддæр йæ мæнгард митыл нæ исы йæ къух, калы йæ марг, æфсæрмы дæр нæ кæны, ту нал сæрфы йæ цæсгомæй. 1920 азы геноцид сæвæрдтой Жорданиайыл, 1991 азы геноцид – Гамсахурдиайыл, 1992 азы – Шеварднадзейыл, 2008 азы геноцид – Хуыцауæй æлгъыст Саакашвилийыл.

Афтæ кæй уыдаид, уый августы фондзбонон хæсты дæр зыдтам, фæлæ нæ уый æрæййафыны ныфс нал уыдис. Цытджын Стыр Уæрæсе куы нæ уыдаид, уæд мах абон, нал дæр уыцы хæстыл цыппæрдæс азы æмæ Хуссар Иры хæдбар паддзахады 14 азы бон нысан кæниккам.

Нæ национ Иры ныхасы съездты æппæт ахсджиагдæр хъуыддæгтыл фæдзурынц, фæлæ гуырдзы ирон адæмæн цы цыппар геноциды ракодта, уыдон сæйрагдæр фарстатæ сты, æмæ фæсвæд аззайынц. Радон съездмæ æрцæуæг диаспорæтæн бахæс хъæуы, цæмæй дунеон æмæхсæнадмæ фæхæццæ кæной Гуырдзыстоны ‘рдыгæй ирон адæмы геноцид. Нæхи диаспорæтæн хъуамæ цæвиттон уаиккой сомихаг диаспорæтæ. Сомихæгты геноцид цæмæй банымадтаиккой фæсарæйнаг паддзахæдтæ, уый тыххæй стыр куыст бакодтой æмæ абон дæр кусынц уыцы бæстæты цæрæг сомихаг диаспорæтæ. Ирон диаспорæтæ дæр уыдон куы бафæзмиккой æмæ, цы бæстæты цæрынц, уыцы адæмимæ æмбарæн куыст куы бакæниккой, уæд ирон адæмы геноцидтæ дæр нымад æрцæуиккой.

1920 азы нын тугмондаг гуырдзы геноцид куы сарæзтой, уæд уыцы фыдракæнд равдисынмæ арф æрæвнæлдтой, уæд нæм цы фысджытæ уыдис, уыдон, сæхæдæг революционертæ чи уыдысты, стæй литературæйы стъалыйау чи сæрттывта, уыцы дзырдаивады дæснытæ – Беджызаты Чермен, Хъуылаты Созырыхъо. Нæ æлгъыст сыхæгтæ хорз зыдтой, зæгъгæ, ацы фысджытæ удæгас куы баззайой, уæд, дзырд дæр ыл нæй, нæ фыдмитæ сæ уацмысты хурæнбæрæг æвдисдзысты, ахуыргæнæн чингуытæм сæ хæсдзысты, ахуырдзаутæ сæ кæсдзысты, сæ зæрдыл сæ дардзысты. Нæ гуырдзиаг знæгтæ бацархайдтой, цæмæй уыцы ирон фысджыты скуынæг кодтаиккой, æмæ сæ куынæг дæр скодтой. Поэмæ «Сæлимæт»-ы автор Плиты Харитонмæ дæр уыцы тæрхон хаст, фæлæ хæрзгæнæджы фæрцы аирвæзт. Ныры Хуссар Ир хæдбар паддзахад у, æмæ, нæ тугæй расыг сыхæгты геноцидтæ, ирон адæмы скуынæг кæнын, Иры зæххæй афтид быдыр саразынмæ чи бæллыд, уыдоны сусæг, талынг хъуыддæгтæ хурмæ рахæссынæн афон у.

Æнусты дæргъы Ирыстоны хуссайраг хайы дзыллæтæ кæмæ бæллыдысты, уыцы фæрнæйдзаг бон ралæууыд – Ирыстон ссис хæдбар паддзахад. Уыцы хæдбардзинад ирон адæм балхæдтой сæ тугæй. Фыдыбæстæйы сæрвæлтау уыцы дæргъвæтин уæззау рæстæг йæ туг чи ныккалдта, уыдоны нæмттæ æнустæм баззайдзысты ирон адæмы зæрдæты. Нæй ферохгæнæн нæ зынгхуыст æнахъом хъæбултæ, мадæлтæ, фыдæлтæ æмæ, йæ риу знаджы нæмыгмæ чи дардта, уыцы хъайтар хæстонтæн.

2008 азы августы нæ хæдбардзинад Уæрæсейы Федерацийы æмæ уый фæстæ ноджы æндæр паддзахæдты ‘рдыгæй нымад æрцыд, уæддæр нæ адæм сæ мидзæрдæйы катай кодтой, зæгъгæ, В. Путин æмæ А. Медведев куы нал кусой, уæд нæ Республикæйы хъысмæт куыд уыдзæн, ууыл. Фæлæ бардзырд 25 азмæ арæзт æрцыд, æмæ хорз у, адарддæргæнæн ын кæй ис дæсгай азтæ.

Уæрæсеимæ Ирыстоны хæлардзинад ивгъуыд æнусты уыд фидар. Абоны бон дæр, æндон рæхысы цæгтау, стæм æнгом баст, æмæ дарддæр  дæр æнустæм уыдзыстæм уарзон, цæдисон æфсымæрон бæстæтæ!

ГУЫЛÆРТЫ Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.