Зæххыл цæрæн ис Хур æмæ Доны фæрцы. Хур нæ тавгæ æмæ рæвдаугæ кæ-ны, нæ уæнгты нын царды тых уадзы. Доны руаджы та улæфгæ æмæ змæлгæ кæнæм. Дон Зæххыл цардаразæг у. Дон кæм ис, цард дæр уым ис. Дон кæм нæй, уым зайгæ дæр ницы кæны æмæ цæргæ дæр. Зайæгойæн æмæ цæрæгойæн дæр сæ буары фылдæр хай дон у. Цардмæ Донæй рацæуæм æмæ дзы Доны фæрцы цæрæм.

 

Доны умæладæй зайæгойы мыггаг билцъ рауадзы, хъæрмуст зæххы уидаг рауадзы æмæ æхсызгонæй йæхи Хурмæ сивазы, ды дæр мæ барæвдау, зæгъгæ. Зæххы риумæ йыл иумæ аудынц сæ дыууæ дæр – Хур æмæ Дон, æмæ зайы, рæзы, тыллæг дæтты цæрæгойты пайдайæн.

Зайæгойтæ сты адæймаджы царды хостæ, æмæ йæм сæфтынц Дон æмæ Хуры фæрцы. Дон нуазæм, сæтты нын нæ фæллад, нæ хæринаг у донджын, уæлдæф улæфæм, уый дæр цæуы Донæй. Уымæй аразгæ у йæ хæрзхъæддзинад, йæ ахадындзинад, не ‘нæниздзинад. Доны æртахы, дам, дуне зыны. Доны æртæхтæй равзæры хуыпп, тæдзынæг, суадон, къададон, цæугæдон, денджыз, фурд.

Дон тыхджын у – тæдзынæг дуры гуыбын дæр фæхуынкъ кæны, ивылд цæугæдон хæхтæ дæр халы, къæдзæхтæ фæлдахы, денджызы уылæнтæ цыфæнды стыр науæй дæр хус къæцæлау фæхъазынц. Дон – нæ цардаразæг. Фæлæ æгæр ницæмæй бæззы, æмæ куы фе-гæр вæййы, куы сабухы, куы схъомпал вæййы, уæд дыргъбæлас йæ дыргъты уæзæй йæ къабæзтæ куыд ныссæтты, æнхъæлцау ус йæ рардæй йæ мæлæт куыд ссары, уыйас стыр фыдбылызтæ ракæны, цард кæмæн радта, уд кæм бауагъта, уыдонæн æмæ йæхицæн дæр. Ныссæнды, ныссæтты æппæт дæр. Цы уæйыг фæлæудзæн йæ разы. Тæссаг вæййы царды дæр йæ амæттаг куы бакæна, уымæй.

Фæлæ уæддæр зæххыл цæрæн ис Хур æмæ Доны фæрцы, æмæ æрмæст уæлзæххыл нæ, фæлæ Мæрдты бæсты дæр. Мардæн дæр Донæй хуымæтæджы нæ рухс кæнæм. «Мæрдты бæстæйы Дзæнæты суадонæй дын нуазыны бар уæд»-ын куы фæзæгъæм. Дон – царды бындур у. «Фыдгул «дон-дон» фæкæна æмæ цард ма ссара» – зæгъы ирон æмбисонд.

Æнæ Донæй Зæххыл цард нæй. Зæххы мæр дæр Доны фæрцы базмæлы, скусы, царддæттæг свæййы, æнæ Донæй дзы дуры гуыбынау ницы рантысдзæн.

Цгъойты Хазби

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.