«Хорз адæймаджы ном æнустæм цæры», – зæгъы ирон æмбисонд. Цардæн, куыд зонæм, афтæмæй райдиан дæр ис æмæ кæрон дæр. Фæлæ, хъыгагæн, алчи йæ царды кæронмæ нæ батоны йæ бонтæ.

Ацы зымæгон бонтæй сæ иуы, 7 декабры, Ирыстоныл æнæнхъæлæджы айхъуыст фыдохы хабар – автомобилон аварийы фæстиуæгæн  трагикон æгъдауæй æнæрæстæджы фæмард сты нæ фæсивæды хуыздæр минæвæрттæй æртæйæ. Уыдонæй сæ иу уыд æнувыд æмбал, рæзгæ фæлтæры хъомылгæнæг Плиты Андрей.

Ныррызтысты нæ адæмы зæрдæтæ фыдохы цауæй. Ныддодой кодтой хæхтæ сæ маст æмæ судзаг хъарæгæй.

Цардбæллон, фæлмæнтæ æмæ удварнæй – æххæст… Æгæр раджы аивгъуыдта йе ‘нусон бæстæмæ, ахæм рауад йæ хъысмæт …

Хъæбулы фæхъуыд, бындары æнæнхъæлæджы фæмард ныййарджытæн уæззау трагеди у. Ныййарæджы зæрдæйæн – иууыл риссагдæр хъæдгом! Цæрæнбонтæм – уæззау мысинаг… Диссаг у, æвæдза, цард, хъæбул фæхъомыл кæн, йæ къахы алгъæй дæр дын макуы схъæрзæд, æмæ дын æнæнхъæлæджы, уысммæ йæ рæсугъд фæндтыл сау мæлæт сау фæлм авæрæд! Рыстзæрдæйæ ма ныййарæг фæмысы, йæ хъæбулы райгуырдæй йæ амæлæты бонмæ йæ уазал хъуыды цыдæриддæр ахсынхъом вæййы, уыдон… Нал сабыр кæ-ны ныййарæджы зæрдæхалæн хъарæг, нал сур кæны зæрдæрыст мадæн йæ цæстысыг…

Андрейы адæм бирæ уарзтой… Уымæн æмæ уыд тынг хорз адæймаг, зæрдæхæлар, сыгъдæгуд, худгæбыл æмæ уæздан. Андреимæ ныхасгæнгæйæ, адæймаг алы хатт дæр банкъардтаид йæ уды сыгъдæгдзинад, хуымæтæгдзинад. Уыд фæлмæн адæймаг, никуы никæй фæхъыг кодтаид, нæдæр дын искæй кой ракодтаид, нæ зыдта сайын æмæ иумæйаг хъуыддаджы та йæхи аиуварс кæнын.

Сыгъдæгзæрдæ, æнæзæрдæхудт – алцæмæй дæр æмæ алы хъуыддаджы дæр. Ахæм æмбал, ахæм æмгар дын уа, уымæй стырдæр амонд ма цы вæййы! Æмбалыл дæ хуызæн чи бацин кодтаид, йæ зын ын чи бамбæрстаид, ахæмтæ стæм ис. Парахатзæрдæ уыдтæ, дæ цæхх æмæ кæрдзын никуы æмбæхстай де ‘мкусджытæй, дæ зонгæтæй, де ‘мбæлттæй…

Бирæ сты нæ уæззау мысинæгтæ. Хуыцауы цæст нын æй нæ бауарзта… Бирæ фæндтæ æмæ æнæсæххæст хъуыдытæ ахаста йемæ мæрдтæм.

Абон не ‘хсæн нал дæ æмæ азтæ куыд цæуой, афтæ йæ тынгæй тынгдæр æнкъардзыстæм, цы диссаджы æмгарæй фæцух стæм, уый. Цардбæллон æмæ хæларзæрдæ лæппуйы ном нæ ферох уыдзæн нæ фæсивæдæй, æмбæлттæй, хиуæттæй. Адæймаг, кæцыйы мах мысдзыстæм, адæймаг, кæцыйы мах уарздзыстæм.

А-дунейæ йе ‘нусон бынатмæ чи ацæуы, уымæн зæххон адæймаджы бон ницыуал вæййы, æрмæстдæр йæ бон вæййы мысын, йæ ном ын зæрдыл дарын.

Рухсаг у, Андрей…

Æмбæлтты номæй,

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.