Горæт Къуайсайы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ иу мæйы бæрц архайынц  Къозы хъæумæ фæндаг ссыгъдæг кæныныл.

Хъæумæ фæндаг айгæрдынæн  хъыг дардта æвзæр боныгъæд, афтæ ма цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад техникæ арвыста æндæр хъæутæм фæндæгтæ ссыгъдæг кæныны тыххæй æмæ-иу Къозы фæндагыл куыстытæ æрлæууыдысты.

«Нæ хъуыддаг размæ ацыд, фæлæ уым митæй дарддæр æрцыд егъау зæй дæр. Уый айгæрдыныл ныры онг куыстой нæ кусджытæ. Уымæй уæлдай ма, мах фæндагæн цы хай асыгъдæг кодтам, уым фæстæмæ мит æркалд. Бахъуыдис æй ногæй тракторæй сыгъдæг кæнын», – радзырдта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады сæргълæууæг Хъæцмæзты Варладик.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Къозы хъæуы фæндагыл нырма хъæуы бирæ куыст бакæнын.

«Мит дондыппыр кæй у, уымæ гæсгæ техникæйæн зын у фæндаг митæй асыгъдæг кæнын», – банысан кодта уый.

Хъæцмæзы фырт ма куыд загъта, афтæмæй, хъæуы цæрджытæ продукттæ рагацау балхæнынц, уымæн æмæ йæ зонынц, ам зымæг кæй у карз æмæ фæндаг бирæ рæстæг æхгæд кæй вæййы.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.