Знон Дзабиты Иналы хъуыддаджы фæдыл Цхинвалы горæтон тæрхондоны дарддæр цыд тæрхондонон рабадт. Дзабиты Иналы амæлæты аххосджын-тæ сты Хуыгаты Марат, Годжыцаты Зауыр, Бибылты Джумбер, Наниты Ацæмæз, Сланты Ирбег, Багаты Алан, Къозонты Сергей æмæ Джиоты Андрей.

Азымджынтæй Наниты Ацæмæз, Багаты Алан æмæ Годжыцаты Зауыр республикæйы арæнтæй нæ ахизыны тыххæй сæ къухтæ кæй æрфыстой, уымæ гæсгæ ахст не сты. Иннæтæ сты рæстæгмæ дарæн изоляторы.

Тæрхондоны радон рабадты фарстой ацы уголовон хъуыддаджы тыххæй æвдисæнты. Тæрхондонмæ кæй фæхуыдтой, уыдонæй ‘рбацыдысты æрмæстдæр 5 адæймаджы.

Азымджынтæй сæ иу æнæразыдзинад равдыста дзыллон информацийы фæрæзты куыстмæ, ома, дам, кæцыдæр информацион фæрæзтæ ацы хъуыддаджы фæдыл раст информаци нæ раттынц.

Прокурор æмæ адвокаттæй дарддæр æвдисæнтæм фарстатæ лæвæрдтой азымджынтæ сæхæдæг дæр æмæ зианджын бинонтæ дæр. Æвдисæнтæн сæ фылдæр дзырдтой, рæстæг кæй рацыд, уый тыххæй ацы уголовон хъуыддаджы тыххæй алцы нал хъуыды кæнæм, зæгъгæ.

Æвдисæн Æлборты Ацæмæз радзырдта, Наниты Ацæмæзы бардзырдæй Дзабиты Иналы йæ цæрæнуатæй куыд ракодтой, уый тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, Дзабийы фырты кæнынмæ куы бацыд, уæд æм ныхмæ нæ лæууыд, фæлæ  йæ хæдзарæй  куы рацæйкодтой, уæд Инал фæкалд, фæлæ  исты ныццавта æви нæ, уый нæ базыдта. Бакодтой йæ Генпрокуратурæмæ, фæстæдæр та йæ акодтой арæнхъахъхъæнджыты ныккæндмæ.

«Асинты онг æй бакодтам. Ныккæндмæ махæй ничи ныххызт. Ныккæндмæ йæм ныххызт Наниты Ацæмæз, уый ныхас кодта Дзабиты Иналимæ, фæлæ цæуыл дзырдтой, уый нæ фехъуыстон. Хъæр-хъæлæба дæр сæ нæ райхъуыст», – радзырдта Æлборты Ацæмæз, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, сæ ныхасæй цы скъуыддзæгтæ райхъуыст, уыдоны дæр нæ хъуыды кæны.

Азымджынтæ иууылдæр æвдисæнтæм лæвæрдтой фарст, зæгъгæ, 2020 азы 23-æй 28-æм августмæ азымджынтæй искæй федтой Дзабиты Иналмæ тых бахаста, цавта йæ, æгæрыстæмæй йемæ ныхас кодта æви нæ.

Æвдисæнтæй алкæй дзуапп дæр уыд, зæгъгæ, сæ никæй федтой Иналимæ исты архайгæ, æгæрыстæмæй, нæ федтой, Иналмæ сæ исчи æввахс бацыд, уый дæр.

Иннæ æвдисæнтæ – Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды минæвæрттæ Гаглойты Михаил, Плиты Владимир, Шавердаты Родион æмæ Владимир Налбандов дæр дзырдтой 23 августы цауы фæдыл.

Азымджынтæй сæ иу – Хуыгаты Мараты тæрхонгæнæг цалдæр хатты бафæдзæхста, регламент кæй хæлдта, уый тыххæй. Фæстагмæ йæ ракодтой тæрхондоны залæй.

Тæрхондоны коллеги аскъуыддзаг кодта, зæгъгæ, тæрхондоны рабадтытæм чи нæ цæуы, уыцы æвдисæнты тыхæй æрбакæндзысты. Уыдоны ‘хсæн сты, сæхæдæг азымджын чи сты, уыцы æвдисæнтæ – Мидхъуыддæгты раздæры министр  Наниты Игорь, Цхуырбаты Никъала æмæ Хъуылымбегты Герсан.

Тæрхондоны рабадт уыдзæн 26 февралы.

ОСИАТЫ Индирæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.