Ацы аз митуардтытæ бæрæг зындзинæдтæ бавзарын кодтой нæ республикæйы цæрджытæн. Фыццаджыдæр, электроадæттæн хаххыл аваритæ кæй æрцыд, уымæ гæсгæ цалдæр суткæйы баззадысты æнæ электроэнергийæ. Фехæлд фæндагон бастдзинад дæрддаг хъæутæм дæр.

Куыд зонæм, афтæмæй мит бирæ фылдæр æруары хæххон хъæуты, уæлдайдæр та Къуыдаргомы. Ацы аз дæр бирæ мит ныууарыд горæт   Къуайса æмæ йæ алыварс хъæуты. Фæлæ æнцад нæ бадынц Къуайсайы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ, æдзухдæр архайынц горæты уынгтæ æмæ йæ алыварс хъæуты фæндæгтæ митæй асыгъдæг кæныныл.

Ныртæккæ дæр кæнынц уыцы куыст. Фæстаг бонты  æруарыд бирæ мит, æмæ цæмæй адæм ма тыхсой, уый тыххæй митсыгъдæггæнæн машинæтæ кусынц æдзухæй. Фæндæгтæ сыгъдæг æрцыдысты Замтарет, Кæсаджджын æмæ æндæр хъæутæм. Фæндагсыгъдæггæнæн куыстытæ цæуынц горæты центрæн йæхимидæг дæр», – зæгъы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæр Зассеты Гурам.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй сын дæрддаг хъæутæм рæстæгыл фæндæгтæ асыгъдæг кæныны тыххæй нæ фаг кæны техникæ. Иууыл стырдæр проблемæ сын у Къозы хъæумæ фæндаг митæй асыгъдæг кæнын. Уый у иууыл дæрддагдæр хъæу. Ис сæм æрмæст иу зæронд трактор, кæцы арæх фехæлы æмæ йæ бахъæуы цалцæг кæнын. Афтæмæй нæ тых кæны фæндæгты митæй асыгъдæг кæныныл. Ацы хъуыддаджы сæм йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæны «Дорэкспострой».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.