15 мартъийы Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмард РЦИ-Аланийы Октябры хъæуккаг Бураты Фидар Нодары фырт. Уый уыдис Уæрæсейы 58-æм армийы æфсæддон службæгæнæг. 42-аздзыд хъæбатыр хæстон УФ-йы президент Владимир Путины барамындæй хорзæхджын æрцыд Хъайтардзинады майданæй йæ амæлæты фæстæ.

Бураты Фидар йæ идæдз Тедеты Наталийы æвджид ныууагъта цыппар сидзæры – Вадим (2009 азы гуырд), Аслан (2013 азы гуырд), Арсæмæг (2018 азы гуырд) æмæ Барсæг, кæцы райгуырд 2021 азы 8-æм октябры, ома саби сидзæрæй баззад 6-мæйдзыдæй. Бирæсывæллонджын бинонтæ баззадысты æнæ сæ дарæгæй æмæ, кæй зæгЙъын æй хъæуы, сты фæкæсынхъуаг. Æмæ та зынгæ меценат, æхсæнадон архайæг Лалыты Левы парахат зæрдæйы  ра-зынд бынат ацы сидзæртæн дæр.

Уый йæхимæ хæс райста, зæгъгæ, цалынмæ сæрæгас у, уæдмæ æххуыс кæндзæн ацы бинонтæн. Загъта, зæгъгæ, мæхи сывæллæтты сæ къахыл куыд слæууын кодтон, афтæ æххуыс кæндзæн Бураты сидзæртæн дæр. Балæууыд сын æвджидарæй, официалонæй документтæ саразгæйæ. Кæны сын материалон æмæ моралон æххуыс, æппынæдзух дæр ис æмæ уыдзæн сæ фарсмæ сæ хъыджы дæр æмæ цины дæр.

Цард… Алкæмæндæр алыгъуызон рауайы, фæлæ алкæйы дæр фæнды, цæмæй йæ цард уа æнтыстджын æмæ амондджын. Алы адæймаджы бæллиц дæр у сывæллæтты, бинонты æмæ æввахс хиуæтты фæрныгад, сабыр арвы бын цæрын. Ахæм амондджын цардæй цæрын бæргæ фæндыд Бураты бинонты дæр, фæлæ сыл хъысмæт сайдæй разылд æмæ сæм фыдбылыз йæ дæрзæг къухтæй æрбахоста. Цыппар сывæллоны фыд Бураты Фидар дæр  куыннæ бæллыдаид йæ сывæллæтты уарзт æмæ уындæй бафсæдынмæ, сæ сомбоны æнтыстытыл сын цин кæнынмæ, фæлæ…

Бурайы фырты зæрдæрыст идæдз Тедеты Наталия бузныджы фыстæг ныффыста Лалыты Левы æмæ иннæ зæрдæхæлар адæймæгты адресыл, кæцы мыхуыр æрцыд газет «Владикавказ»-ы – æнæхъæнæй йæ мыхуыр кæнæм.

«Æнамонддзинад арæх æнæнхъæлæджы бырсæгау æрбакæны нæ цардмæ. Куыд тынг зын у æввахс адæймаджы фесафын æмæ царды æнæ ныфсæй баззайын. Дæ мады мард, дам, уымæн зæгъ, йæ мад, дам, кæмæн амард. Мæн дæр бамбардзысты, æвзæнгтæй сæ цардæмбæлтты чи фесæфта æмæ сидзæрты æвджид чи баззадысты, уыцы идæдз сылгоймæгтæ. Æмбарын æй, æрмæст нæ хæдзармæ не ‘рбахоста фыдбылыз, бирæтæ фесæфтой сæ иунæг фыртты, бирæ сабитæ баззадысты сидзæртæй. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, адæм кæрæдзийы ныфсæй цæрынц, нæ алыварс бирæ ис искæйы æнамонддзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, ахæм зæрдæхæлар адæймæгтæ, кæцытæ, цыфæнды уавæрты дæр, цæттæ вæййынц фæкæсынхъуаг адæммæ се ‘ххуысы къух фæдаргъ кæнынмæ.

Нæ бинонтæн ахæм ныфсы мæсыгæй балæууыд йæ бирæ хорз хъуыддæгтæй, йæ хæрзаудæн акцитæй йæ ном дыууæ Ирыстоны дæр зындгонд кæмæн у, уыцы хуыцауысконд адæймаг – Лалыты Лев Герасимы фырт. Нæ уæззау бонты, æппындæр нæ зæрдæтæм рухсы цъыртт куы никуыцæй уал каст, уæд нæ фатеры къæсæрыл æрбалæууыд Лалыйы фырт. Йæ алы ныфсæвæрæн ныхас дæр нын цыма нæ зæрдæты рыст иу чысыл фæрогдæр кодта, афтæ нæм фæкаст. Цасдæр рæстæджы  фæстæ  Левы фæрцы мæ чысыл сабиты цæсгæмттыл фæзынд мидбылхудт. Уый у ахæм адæймаг, кæцы искæйы хъыгдзинадæй  иуварс никуы баззайы, æппындæр  нын не ‘вгъау кæны йæ рæстæг дæр æмæ йæ тыхтæ дæр, цæмæй нæ бинонтæн истæмæй баххуыс кæна. Йе ‘ххуыс æмæ хъусдард ноджы иу хатт бæлвырд кæнынц ахæм æцæгдзинад, зæгъгæ, «дуне æнæ хæларзæрдæ адæймæгтæй нæ уæвынад кæны». Ахæм хæрзаудæн хъуыддæгтæ чи аразы, уыдоны тыххæй хъуамæ иууылдæр зоной æмæ мæ уымæ гæсгæ бафæндыд Лев Герасимы фырты фæрцы нæ бинонтæ цы æххуыс исынц, уый тыххæй радзурын. Лалыйы фырты хъæппæрисæй, мæйы мидæг дыууæ хатты, мæ сидзæртæн, æнæ аргъæй æрбахæссынц стуры фыд æмæ карчы продукци, продуктты æввахсдæр магазины æнæаргъæй исæм дзул. Иунæг бæрæгбоны дæр мæ сывæллæттæ æнæ хъусдардæй нæ баззайынц. Стыр бузныг зæгъын арæнгонд бæрндзинадимæ æхсæнад «Мясной дар»-ы директор Кокайты А., компани «ИП Биченов А.Г.», компани «Пекарня» – ИП Хъазиты Е.-йæн. Уый у сыгъдæг зæрдæйæ цæуæг, сæрибар фæндондзинады акт, кæцыйы хъуагдзинад фенкъарынц се ‘ввахс адæймæгты чи фесафынц, уыцы бинонтæ. Цытджын хæрзиуæгтауджытæ, уæ хæрзаудæн архайд нын нæ зæрдæты бауагъта ныфсы рухс хуыздæр фидæны сæраппонд. Лев Герасимы фырт ма уымæй уæлдай ауды мæ сидзæрты æнæниздзинадыл, сæ дарддæры ахуырыл дæр. Æнæниздзинады проблемæтæй фæдзæхст ничи у, уымæй дæр сывæллæттæ. Æрæджы сабитæй сæ иуимæ бахаудтæн горæты рынчындæттæй сæ иумæ, æмæ Лев Герасимы фырт нæ фарсмæ уыд, цалынмæ мæ саби бынтондæр нæ сæнæниз, уæдмæ.

Цытджын Лев Герасимы фырт! Саргъгæнæн дæр кæмæн нæй, дæ уыцы æххуыс æмæ хъусдард ацы уæззау рæстæджы дунейы кæнынц рæсугъддæр æмæ диссагдæр. Дæ хæрзаудæн архайд цæвиттойнаг у æндæртæн дæр. Мæн уырны, мæ цыппар фыртæй иу дæр кæй никуы ферох кæн-дзæн дæ фарсхæцынады, де ‘ххуысы тыххæй æмæ уымæ гæсгæ уыдон дæр сомбо-ны никуы ахиздзысты æндæр æххуысхъуаг адæймæгты фæрсты. Уымæн æмæ ницахæм тыхæн йæ бон суыдзæн æрдзы зæрдæхæлардзинадæн аивын. Мæ сæрæй ныллæг кувын искæйы хъыгдзинад æмæ рыст æцæгæлон кæмæн нæу, уыцы адæй-мæгты раз!», – фыссы Тедеты Наталия.

Хуыцау дын ноджы фылдæр тыхтæ рад-тæд, Лалыйы фырт, кæд цас дæ бон у хорз-дзинад аразын, хæлардзинад тауын! Нæ зæрдæ дын зæгъы æнæниздзинад æмæ æвидигæ тых!

ДЖИОТЫ Екатерина

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.