Не ‘мбæстаг Коцты Михаил скъолайы ахуыр кæнгæйæ дæр æмæ скъола каст куы фæцис уый фæстæ дæр нæ тырныдта æфсæддон суæвынмæ, фæлæ цы рæстæджы цард, уый йæ æрдомдта æмæ ссис æфсæддон. Уæд Ирыстон æмæ ирон адæмы бахъахъхъæнын бахъуыд гуырдзиаг фыдгæнджытæй. Бацыд Хуссар Ирыстоны хи бахъахъхъæныны тыххæй арæзт цы къордтæ æрцыдис, уыдонæй сæ иумæ. Хæдæфсæддонты ‘хсæн Михаил бирæ рæстæг нæ баззад, бæрцæй дæр дыууæ азы, фæлæ йæ ныфсхаст æмæ арæхстдзинады фæрцы йе ‘мхæстонты ‘хсæн йæхицæн скодта стыр кад.

Уавæр чысыл куы фæсабырдæр, гуырдзиаг фыдгæнджытæ куы бамбæрстой сæ рæдыд, уæд Михаил йæхи срæвдз кодта æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетмæ балæвæрдта йæ документтæ. Æнтысгæйæ радта бацæуæн фæлварæнтæ æмæ ссис университеты студент. Университет каст фæуыны фæстæ дардыл уыдысты Михаилы хъуыдытæ, бацыд æмæ фондз азы æнтысгæйæ йæ хæстæ æххæст кодта Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады хайадтæй сæ иуы.

Æвзонг адæймагмæ йæ дарддæры цардарæзтады сæраппонд алыхуызон  хъуыдытæ æмæ фæндтæ фæзыны. Уыцы хъуыдытæ æмæ фæндтæй Михаил дæр æнæхай нæ уыд æмæ аскъуыддзаг кодта Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы æфсадмæ бацæуын. Æмæ та ам дæр Михаилæн сæххæст йæ фæнд.

Михаил йæ рацæугæ фæндагтыл цы фæлтæрддзинæдтæ райста, уыдон ын  хорз фæахъаз сты февралы мæйы кæрон Уæрæсе Украинæйы цы сæрмагонд æфсæддон операци райдыдта, уым. Кæд дзы райдианæй хайад нæ иста, уæддæр уым кæй ныййæфта, уыдонæн Михаил йæ ахаст æмæ ныфсхастдзинадæй се уæнгты уагъта хъару æмæ ныфсджынæй цыдысты украинæйаг фашистты ныхмæ. Хæсты та æнхъæлмæ кæсæн ис куыд æнтыстытæ, афтæ ма мæгуырау цаутæм дæр. Михаил йе ‘мхæстонтимæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бахаудта уæззау уавæры, фæлæ та иу сæ арæхстдзинад æмæ уыдон дæр ныфсхастдзинады фæрцы систы уавæртыл уæлахиздзаутæ. О, фæлæ хæст хæст у, ничи фæзоны цы æрцæудзæнис. Иу ахæмы  украинæйаг фыдгæнджытæ æмæ се ‘хсæн æхстытæ афтæ сытынг сты æмæ цалдæр сахат нæ дæр сæ иутæ, нæдæр се ‘ннæтæ нæ састысты. Украинæйаг фыдгæнджытæм кæд цыд стыр æфсæддон æмæ хæстон æххуыс, уæддæр базыдтой сæ бон, æгæрæстæмæй тохы быдыры ныууагътой сæ цæф хæстонты, сæ бацахсгæ бынæтты æмæ фесты сæхи бааууон кæнынмæ. Знаджы хæстонтæй дзæвгар фесæфт, фæлæ Уæрæсейы æфсæддонты æхсæн дæр уыдис цæфтæ, зиæнттæ. Фæцæф Михаил дæр, фæлæ уыд къахыл лæууынхъом æмæ йæ цæфтыл хæцгæ æххуыс кодта фылдæр æххуыс кæмæн хъуыд, уыцы хæстонтæн, кодта сæ æдасдæр бынатмæ.

Ростовы æфсæддон рынчындоны Михаил баззад фондз æмæ ссæдз боны. Рынчындоны фæстæ, йæ хæстон æмбæлттæм, æрвылбон дæр ын сæ хæстон архайдтыты тыххæй чи хъусын кодта, уыдонмæ ма ныздæха, уый йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыд. Йæ уыцы хъуыдыйыл йæ командæгæнджытæ разы нæ уыдысты æмæ йын загътой, зæгъгæ, – æмбæлы дæм аулæфын æмæ уал баулæф, фæхуыздæр, фæфидардæр уыдзынæ æмæ гъеуæд алцы дæр уыдзæнис бæрæг.

Михаилмæ ис йæхи фæндфидардзинад, фæлæ йæ командиртæм ма байхъустаид, уый дæр æй нæ фæндыд æмæ æрыздæхт Цхинвалмæ. Йемæ ныхас кæ-ныны рæстæджы фæхатыдтæн, улæфты цы хæстонтимæ æрцыд, уыдонæн ма кæд сæ улæфтæй къуырийы бæрц баззад, уæддæр ныридæгæн сæхи цæттæ кæ-нынц æмæ та тагъд рæстæджы араст уы-дзысты нацистты дæрæн кæнынмæ.

Æмгæрттæй Михаил цух нæу, фæлæ сæрыстыр кæмæй у, украинæйаг нацистты ныхмæ тохкæнгæйæ ныфсхастдзинад æмæ хъæбатырдзинад чи æвдыста, уыдон ‘хсæн сты Цхуырбаты Астемыр, Гæззаты Таймураз, Габуаты Эльбрус, Магкоты Тамерлан æмæ бирæ æндæртæ.

Хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый ма бæрæг у уымæй дæр æмæ кæд знаджы ныхмæ тох кæны цыбыр рæстæг, уæддæр йæ арæхстдзинад æмæ хъæбатырдзинæдты тыххæй хорзæхджын æрцыдис «Сыгъдæг Георги»-йы орденæй. Уыцы уынаффæйыл 26 майы йæ къух бафыста Уæрæсейы Президент Владимир Путин.

Сæрмагонд æфсæддон операцийæн кæрон кæд æрцæудзæнис, фашисттæ сæ рæдыд кæд бамбардзысты æмæ сабырцардарæзтады фæндагыл кæд ныллæудзысты, уый тыххæй Михаилимæ куы ныхас кодтон, уæд банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы разамынд йæ разы цы хæстæ сæвæрдта, уыдон, мæ хъуыдымæ гæсгæ, æххæст æрцæудзысты фæззæджы кæрон æмæ ног 2023 азыл сабырцардуарзаг адæм сæмбæлдзысты зæрдæрай æмæ уæлахизы æнкъарæнтимæ.

                                                                                              ГÆЗЗАТЫ Иван

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.