Лалыты Левы ном хорз зындгонд у дыууæ Ирыстоны дæр йæ хæрзиуæгон архайдæй. Ацы зæрдæхæлар адæймаг цас æххуысхъуаг бинонтæн, иунæг адæймæгтæн баххуыс кодта, цал хæрзиуæгон акци сарæзта, уыдонæн банымайæн дæр нæй. Иу ныхасæй, дардыл сты йæ хæрзиуæгон хъуыддæгтæ æмæ йын ноджы бонæй бон фылдæр кæнынц.

24-æм февралы Уæрæсейы Федераци Украинæйы райдыдта сæрмагонд æфсæддон операци, цыран активон хайад исынц ирон лæппутæ дæр куыд цæгатæй, афтæ хуссарæй дæр. Стыр хъыгагæн, абоны онг ирон хæстон лæппутæй фæмард 60 адæймагмæ æввахс. Бирæтæн дзы нæ бантыст, æгæрыстæмæй сæхицæн цардæмбæлттæ æркæнын дæр, хъæбулы уарзт банкъарын æмæ афтæмæй æвæстаг фесты. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæмардуæвæг хæстонтæй бирæтæн сидзæрæй баззадысты æнахъом сабитæ, фæкæсинаг бинонтæ. Æмæ та ацы сæвзæргæ уæззау уавæрмæ дæр куыдфæндыйы цæстæй нæ акаст зæрдæхæлар, хуыцауысконд адæймаг Лалыты Лев. Уый куырдиат ныффыста РЦИ-Аланийы æфсæддон къамисар, инæлар-майор Владимир Устиновы номыл, цыран фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ фæнды Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы йæ дарæджы чи фесæфта, уыцы бинонтæй иуы  æвджидауæй (опека) райсын. Лалыйы фырт йæ куырдиаты фыссы: «Куыд æмбæстаг, куыд фыд, дада, афтæ æз уынаффæ райстон йæ дарæджы чи фесæфта æмæ æнахъом, фæкæсинаг сывæллæттæ кæмæн баззад, уыцы бинонтæй иуæн æвджидарæй балæууын æмæ сын алыварсон æххуыс кæнын, цалынмæ сæрæгас уон, уæдмæ».

Фæмардуæвæг ирон хæстонтæй иу у РЦИ-Аланийы Октябры хъæуккаг Бураты Фидар Нодары фырт. 58-æм армийы æфсæддон службæгæнæг, профессионалон хæстон 15-æм марты хъæбатырæй фæмард нацистты ныхмæ карз тохы æмæ афтæмæй йæ царды аргъæй бахъахъхъæдта йæ адæмы æмæ паддзахады интерестæ. 42 аздзыд Бураты Фидары Ирыстоны дзыллæ йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кодтой 24-æм марты. Йæ амæлæты фæстæ УФ-йы Президент Владимир Путины Барамындæй хорзæхджын æрцыд Хъайтардзинады майданæй.

Бураты Фидар йæ идæдз Тедеты Наталияйы æвджид ныууагъта цыппар сидзæры – Вадим (2009 азы гуырд), Аслан (2013 азы гуырд), Арсæмæг (2018 азы гуырд) æмæ Барсæг, кæцы райгуырд 2021 азы 8-æм октябры, ома саби сидзæрæй баззад 6-мæйдзыдæй. Бирæсывæллонджын бинонтæ баззадысты æнæ сæ дарæгæй æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сты фæкæсынхъуаг. РЦИ-Аланийы æфсæддон къамисар Владимир Устинов сдзуапп кодта Лалыйы фыртæн æмæ йын фехъусын кодта æххуысхъуаг Бураты сидзæр сабиты хъысмæты тыххæй. Æмæ та Лалыты Левы парахат зæрдæйы  бынат разынд ацы сидзæртæн дæр. Уый йæхимæ хæс райста, зæгъгæ, цалынмæ сæрæгас у, уæдмæ æххуыс кæндзæн ацы бинонтæн. Загъта, зæгъгæ, мæхи сывæллæтты сæ къахыл куыд слæууын кодтон, афтæ æххуыс кæндзæн Бураты сидзæртæн дæр æмæ сæ афтæмæй сæ къахыл слæууын кæндзынæн. Уыимæ Бураты сидзæрты мад Тедетæй кæй у, уый базонгæйæ  сын сæ трагеди уæлдай æввахсдæр айста йæ зæрдæмæ, Тедетæ æмæ Лалытæ æрвадæлтæ кæй сты, уымæ гæсгæ.

Æрæджы Бураты Фидары бинонты бабæрæг кодта Лалыты Лев, йемæ ма уыд Горæтгæрон районы æфсæддон къамисар дæр. Уыдон аскъуыддзаг кодтой Бураты бинонты хистæр сывæллон 13-аздзыд Вадимы 9-æм къласмæ Дзæуджыхъæуы Кадетты скъоламæ барвитыны тыххæй, цыран ын уыдзæн цæрынæн æппæт уавæртæ дæр. Кадетты скъола каст фæуыны фæстæ та йын исты æрæмысдзысты, рæстæг та фенын кæндзæн лæппуйы царды дарддæры хъысмæты тыххæй. Фæлæ уал нырма уый у хорз фæнд. Иу ныхасæй, Лев Бураты бинонты тыххæй бæрндзинад йæхимæ райста æмæ сын семæ дих кæндзæн куыд сæ рыст, сæ зындзинæдтæ, афтæ сæ циндзинад дæр.

1-æм июны – Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны дæр ацы сидзæр сывæллæтты æнæхъусдардæй нæ ныууагъта Лалыйы фырт. Лæвæрттимæ сæ бабæрæг кодта æмæ та сын афтæмæй йæ хъусдардæй иу чысыл сæ рис фæрогдæр кодта.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ куыд йæ радтæг адæмы æцæг патриот, афтæ Лалыйы фырт æппæт тыхтæй дæр архайы йæ ирон адæмы интересты тыххæй. Уый афтæ кæй у, уый тыххæй уын æрхæссдзынæн иу цæвиттон. Лалыты Лев, 2021 азы сентябры мæйы ахуыры азы райдианы РЦИ-Аланийы Чермены хъæуы астазон скъолайы директор Цæболты Фиалеттæимæ сарæзта сразыдзинад, кæцымæ гæсгæ Лалыйы фырт йæхимæ хæс райста ацы астазон скъолайы 1-æм къласы ахуырдзаутæм, цыран ис 12 ахуыргæнинаджы, суанг 9-къласы цалынмæ фæуой, уæдмæ сæм йæ хъус кæй дардзæн, уый тыххæй. Ацы сæрмагонд кълас хæссы Лалыты Левы ном. «Чермены хъæуы ацы скъола ис Мæхъæлы арæнмæ æввахс, ахуыр дзы кæнынц алы æмæ алы нацийы хатты минæвæрттæ. Æз мæхимæ хæс райстон мæ хъус сæм кæй дардзæн, уый тыххæй æмæ сын ныридæгæн æрæвнæлдтон сæ кълас сцалцæг кæнынмæ, балхæдтон сын техникæ, сифтонг сæ кодтон ахуыргæнæн чингуытæй. Раивдзынæн къласы дуар æмæ рудзгуытæ дæр. Хайад райсын ныййарджыты æмбырдты æмæ æруынаффæ кæнæм сæвзæргæ проблемæтыл. Æппæт тыхтæй дæр архайын, цæмæй дзы ахуыр цæуа æмбæлон æмвæзадыл. Скъолайы къухдариуæгадимæ  къласæн ауадзæм алыгъуызон мадзæлттæ. Сывæллæтты ахуыр кæнæм кæрæдзиимæ хæлар уæвыныл нацийы хаттмæ æнæкæсгæйæ. Мадзæлттæй сæ иу – «Бинонтæ æмæ скъола»-йы фæлгæтты сывæллæтты акæнæм экскурситы хæстон ка-ды бынæттæм, зонгæ сæ кæнæм сыхаг регионты адæмты традицитæ æмæ æгъдæуттимæ. Мæ хъус сæм дардзынæн, цалынмæ астазон скъола каст фæуой, уæдмæ. Иронау уæлдай хуыздæр чи дзура, уыцы ахуырдзауты та хорзæхджын кæндзынæн æхцайы премитæй», – радзырдта нын Лалыты Лев.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъæуы алцыдæр аразын, цæмæй ныййарджытæ хъæутæй сæ сывæллæтты горæтмæ ма кæной. Науæд горæтмæ цы сывæллон рафта, уый сомбоны фæстæмæ хъæумæ нал баздæхдзæн æмæ афтæмæй æдзæрæг кæнынц Ирыстоны хъæутæ куыд хуссары, афтæ цæгаты дæр.

Уæдæ Лалыйы фырты равдисгæ хъæппæристæ сты бафæзминаг дыууæ Ирыстоны амалхъом адæймæгтæн дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, Украинæйы фæмардуæвæг хæстонтæй бирæтæ сæ фæстæ мæгуырæй ныууагътой сæ сабиты, сæ бинонты. Хорз уаид æмæ амалхъом адæймæгтæй исчитæ сæхимæ бæрндзинад куы райсиккой фæкæсынхъуаг бинонты ахасты. Лалыты Левæн та нæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ æвидигæ энерги. Уадз, ноджыдæр дын фылдæр бантысæд дæ ахсджиаг хæрзаудæн архайды.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.