Цалдæр боны размæ Украинæйы Клещеевкайы районы знæгтæ æрæппæрстой «музыкантты» хæдтæхæг Су-24М. Экипажы командир уыд Александр Антонов, штурман — Владимир Никишин. «Вагнерты» экипаж сфæлхатт кодта советон легендарон тæхæг Николай Гастеллойы сгуыхтдзинад. Экипаж Клещевкайы районы куыста, афтæмæй цæхгæр ивын райдыдта уавæр, ныхмæлæууæджы бронетанкон атынд æнтыстджын куы рауадаид, уæд «музыкантты» бахъуыдаид сæ ахст позицитæ ныууадзын, ома, фесафын.

Уавæрæн саргъ кæнгæйæ, штурмон къордты командиртæй иу Су-24М сарæзта ныхмæ-лæууæджы бронетанкон колоннæйы ’рдæм. Цæмæй сæ ныццавтаиккой, уый тыххæй тæхджыты хъуыд цалдæр километры хæстон зонæмæ батæхын. Тæссагдзинæдтæ æмбар-гæйæ, экипаж аскъуыддзаг кодта йæ хæстон атахт дарддæр кæнын æмæ сбæрæггонд нысан скуынæг кæнын. Хæстон курсмæ раздæхыны рæстæджы хæдтæхæджы сцæф кодтой ПЗРК-йæ. Штурмон къордтæй сæ иуы цæстдарæн пост фехъусын кодта командирæн, зæгъгæ, уыны, хæдтæхæг уæлдæфы кæй спырх æмæ ныхмæлæууæджы колоннæйы районмæ бынмæ кæй тæхы, уый тыххæй.

Судзгæ Су-24М-æй радиоэфиры райхъуыст фразæ, «Встречайте, с.. и, Папу…» æмæ 5-7 секунды фæстæ хæдтæхæг æрхауд растдæр Украинæйы гарзджын тыхты æмбырды бынатмæ. Экипажы хъайтардзинады фæрцы ныхмæлæууæгæн йæ бронетанкон атынд нал рауад. Штурмон къордты сæ позицитæ нæ фесæфтой. Хисæрмагонд хæстон компани «Вагнер»-ы тæхджытæ сæ царды аргъæй ныппырх кодтой знаджы къордты.

НАТО-йы æмæ Ныгуылæны бæстæты æфсæддон-политикон архайды фæдыл спе-циалист, æфсæддон журналист Александр Симонов куры, цæмæй экипажæн лæвæрд æрцæуой Уæрæсейы хъайтарты нæмттæ сæ амæлæты фæстæ. «Уый у фæлтæрты ’хсæн бастдзинад. 1941 азы июны мæйы советон легендарон тæхæг Николай Гастелло йæ судзгæ хæдтæхæг сыздæхта ныхмæлæууæджы механизацигонд колоннæмæ Молодечно-Радошковичы фæндагыл», — банысан кодта æфсæддон уацхæссæг.

Экипаж æмбæрста, бомбæтæ нысанмæ кæй нал баххæсдзысты æмæ равдыста æнахуыр хъæбатырдзинад.

Тæхджытæ уыдысты уæлдæр къласы профессионалтæ. Уыдис сæм стыр фæлтæрддзи-над, цалынмæ компанимæ не ’рбацыдысты, уæдмæ. Экипажы командир ацы аз ссæрибар кодта йæхи Гарзджын тыхтæй. Фæлæ бахъуыд Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын æмæ фæстæ нæ фæлæууыд. «Вагнер»-ы авиацийы бахъæуы вазыгджын уавæрты кусын. Ныртæккæ цæуы æцæг хæст, уый нæу Сирийы хæсты хуызæн. Ам алцæмæй дæр пайдагонд цæуы. Уымæ гæсгæ рог атахтыл ничи хъуыды кæны.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Антоновы экипаж кæй у дыккаг зиан Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы. 22-æм майы Попаснаяйы районы хæстон хæс æххæст кæныны рæстæджы фæмард — инæлар-майор Канамат Боташев. Лæвæрд ын æрцыд «Уæрæсейы хъайтары» ном.

Саккаг ын кодтой Суворовы майдан

Цæгат Ирыстоны Астæуккаг Урухы (Быдыры Дæргъæфсы) хъæуккаг Бузойты Ацæмæз хорзæхджын æрцыд Сæрмагонд æфсæддон операцийы равдисгæ хъæбатырдзинады тыххæй. Ацæмæз уым хæцы фыццаг бонтæй фæстæмæ. «Тынг сæрыстыр стæм нæ хъæ-батыр æмзæххонæй», — фыссынц Астæуккаг Урухы цæрджытæ.

Нæ уацх.