Хуссар Ирыстоны дарддæр кæны йæ архайд Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитет

Æнувыдæй æркæсы æмæ скъуыддзаг кæны æмбæстæгты иууыл тыхстдæр фарстатæ. 1989-1992 æмæ 2008-æм азты конфликты фæстиуæгæн æбæрæгæй фесæфæг адæймæгты хъысмæт æмæ цæрæн бынат базонын у Сырх Дзуары Комитеты приоритетондæр хæстæй сæ иу. Организаци æдзухдæр ныхас кæны хицауады æппæт æмбæлон структурæтимæ, афтæ ма æбæрæгæй фесæфæг адæймæгты бинонтимæ, æркæсы ахæм фарстатæм, кæцытæ хауынц фесæфæг адæймæгты хъысмæт рабæрæг кæнынæн. Комитет реализаци кодта алыхуызон проекттæ: сæрдыгон лагеры баулæфынмæ арвитын, æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы бинонты сывæллæтты; ныгæд æнхъæл кæм уыдысты, ахæм 8 бынатмæ бацыд; Æхсæнадæмон конференцийы фесæфæг бинонты 10 уæнджы хайадист; цыппар зæрдылдарæн мадзалы æбæрæгæй фесæфæг бинонты хайадистæй ауагъд; координацион механизмы фæлгæтты фембæлд æбæрæгæй фесæфæг адæймæгты хъысмæт рабæрæг кæныны тыххæй тымбыл фынджы уæлхъус æмбæлдтытæ æбæрæгæй фесæфæг адæмы бинонты минæвæртты хайадистæй сæ хъысмæт сын базоныны тыххæй æмæ æндæртæ.

Гуманитарон æххуыс

Комитет дарддæр кæны гуманитарон æххуыс иууыл тыхстдæр цæрджытæн. 239 æмбæстагæн гуманитарон æххуыс бакодта хæлц æмæ гигиенæйы фæрæзтæй. 10 ацæргæ æмæ иунæгæй цæрæг адæймæгтæм бацыдысты сæ хæдзæрттæм æмæ сын бакодтой санитарон лæггад, 125 хæдзары хицæуттæн æрцæттæ кодтой суг фæйнæ 4 кубикон метры, фыццаг æнæмæнгхъæуæг предметы радтой 46 æмбæстагæн, 23 цæрæгæн баххуыс кодтой социалон фæлындзынады фæдыл æнæмæнгхъæуæг документтæ  райсыны тыххæй æмæ афтæ дарддæр.

Бинонты бастдзинад æмæ æндидзынады æнцой балæууын

Конфликты фæстиуæгæн сæ хæстæджытимæ бастдзинад чи фесæфта, уыдонæн  Программæйы фæлгæтты Сырх Дзуары Комитет фадат радта Сырх Дзуары Ныстуан арвитынæн кæнæ та сын йæ æмархайды фæрцы уыд телефонон бастдзинад. Æрхæссæм бæлвырд цæвиттонтæ. Конфликты фæстиуæгæн чи фæхицæн, уыцы бинонты уæнгты ‘хсæн бастдзинад сфидар кæныны тыххæй уыд 25 телефонон æмæ 5 та видеодзæнгæрæджы, афтæ ма бинонты уæнгты 3 хатты æрбаиу кодтой.

Медицинон æххуыс

Комитет баххуыс кодта ортопедион лæггæдтæм бахауынæн. Нейтралон æхсæнады минæвар уæвгæйæ, СДзÆК æмархайд кæны хицауадтæн æнæаргъæвгæ тагъд медицинон æххуыс бакæныны хъуыддаджы – ахæм лæггад бакодтой 192 хатты æмæ 16 адæймаджы та райстой ортопедион æххуыс. Гуманитарон æххуысæн баластой хуыссæнгæрзтæ, уæлæдарæсы комплекттæ, радтой дыууæ гæрзтæхсæн машинæйы æмæ 20 электронон  хъармгæнæны.

Æхсæнадæмон гуманитарон барады ахуыртæ парахат кæнын у Сырх Дзуары Комитеты приоритетондæр хæстæй сæ иу, ис ын контакттæ журналисттимæ, студенттæ æмæ æхсæнады æндæр къордтимæ. Цæвиттон, «Дезинформаци æмæ гуманитарон организациты ныхмæ мæнг зонæнтæ парахат кæныны» семинары хайад райстой бынæттон мыхуыры фæрæзтæ æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты 27 минæвары.

ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.