100 азы сæххæст филологон зонæдты доктор, Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетты профессор, Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты æвзаджы хайады сæргълæууæг Гæбæраты Никъалайыл. Газет “Хурзæринимæ” иумæ кæй райгуырдысты æмæ иумæ æмдзу кæй фæкодтой, чизоны йын ирзонынады бирæ саразын дæр уымæн бантыст. Уымæн æмæ газет “Хурзæрин”-ау Никъалайы ном дæр хорз зындгонд уыдис Ирыстоны, куыд ахуыргонд-ирзонæг, афтæ. Гæбæраты Никъалайы иу уынд чи фæкодтаид, иухатт ын йæ дзыхы дзырдмæ чи байхъуыстаид, уый дæр æй æнæбауарзгæ нæ фæуыдаид. Йæ рухс цæсгомыл, йæ фæтæн ныхыл, йæ фæлмæн цæстæнгасыл, йæ тæмæнкалгæ мыдгъуыз цæстытыл бæрæгæй зындис, стыр намысы хицау, æгæрон зæрдæхæлар æмæ адæймагуарзон кæй уыди, уый. Йе сныхасмæ йæ фæлмæн мидбылхудтмæ, æнæфæкæсгæ нæ фæуыдаис.

Ахуыргонд йæ амæлæты фæстæ дæр æнæферохгæнгæ уымæн ссис æмæ йын йæ адæмы хæрзæбонæн бирæ саразын бантыст. Адæм та сæ хæрзгæнджыты никуы рох кæнынц. Сисынц сын сæ нæмттæ тырысайау бæрзонд æмæ сæ фæхæссынц æнæмæлæты фæндагыл.

Уæдæ, кæд абон ирон адæм цытимæ мысынц Никъалайы ном, уæд уымæн æмæ йын йæ удæгасæй бантыст ирзонынады къæбицмæ  ахъаззаг хуынтæ бахæссын.

Никъала райгуырд Хуссар Ирыстоны рагондæр хъæутæй сæ иу –  Куатетрийы хъæуы. Йæ ныййарджытæ Ясон æмæ Шушанæ уыдысты, сæхи фæллойæ, сæ бирæ цоты рæстæй хъомыл кæнын чи фæрæзта, хъæубæсты æхсæн кад æмæ радæй чи цардысты, ахæм хистæртæ.

Гæбæраты Никъала Зиулеты астæуккаг скъола куыддæр бакаст, афтæ райдыдта Стыр  Фыдыбæстæйон хæст æмæ 17 аздзыд лæппумæ æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Райдианы йæ ахуыр кæнынмæ арвыстой Бакойы æфсæддон ахуыргæнæндонмæ. Афæдзы фæстæ æрыгон лейтенат бахауд архайæг фронтмæ. Фыдызнаджы ныхмæ тох кодта æндæр æмæ æндæр фронтты. Афтæмæй тохгæнгæ фæцыд Австрийы онг. Уым æй æрыййæфта Уæлахизы бон дæр. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхджын æрцыд бирæ ордентæ æмæ майдантæй. Уыдоны нымæцы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг æмæ дыккаг къæпхæнты ордентæй. Никъала ма хæсты фæстæ дыууæ азы баззад æфсады рæнхъыты, стæй æрыздæхт йæ райгуырæн уæзæгмæ. Уыцы аз ахуыр кæнынмæ бацыд Тбилисы паддзахадон уни-верстеты филологон факультеты уырыссаг хайадмæ.

Зонады бæрзæндтæм Гæбæраты Никъалайы фæндаг лæгъз нæ уыдис. Судент ма куы уыдис, уæд фидæны ахуыргонд цымыдис кæнын райдыдта ирзонынады фарстытæм. Йæ дипломон куыст дæр уыд Нарты эпосы фæдыл. Уыимæ ма йе студентон бонты æмбырд кодта ирон æмбисæндтæ æмæ загъдаутæ, кæцыты фæстæдæр рауагъта хицæн чиныгæй. Йæ пародитæ та Пиранты Микка, зæгъгæ, ахæм номы бын мыхуыры цыдысты журнал “Фидиуæджы”.

Гæбæраты Никъала университет каст фæцис 1952 азы æмæ уыцы аз ссис ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны уырыссаг æвзаджы кафедрæйы аспирант. Йæ зонадон къухдариуæггæнджытæ уыдысты ирон æвзаджы зынгæ иртасæг Георги Ахвледиани æмæ Д.С.Мгеладзе, кæцытæн стыр бастдзинæдтæ уыд нæ уæды педагогон институтимæ. 1956 азы июны мæйы Никъала диссертаци бахъахъхъæдта ахæм темæйыл: ”Уырыссаг фразеологион иуæгтæ æмæ се`нгæс æмбарынæдтæ ирон æвзаджы” æмæ ссис филологон зонæдты кандидат. Æрыгон ахуыргонды уайтагъд райстой Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институтмæ. 60-æм азты институты баконд æрцыд æвзаджы хайад æмæ уæдæй суанг йæ амæлæты бонмæ æнæраивгæйæ фæкуыста йæ сæргълæууæгæй.

Ахуыргонд æнтысгæйæ куыста ирон æвзаджы лексикологийы хицæн фарстатыл. Фæлæ уæддæр ирон æвзаджы арф æмбарынад, йæ лексикæйы æппæт сусæгдзинæдтæ æргом кæнынмæ йе `взыгъддзинад уый равдыста, фæстæдæр, ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат саразыны фæдыл хайады кусджыты сæргъ куы слæууыд, уæд.

Гæбæрайы фырт стыр куыст бакодта ирон æвзаджы структурæйы сæйрагдæр проблемæтæ – ирон дзырдарæзты системæйы амæлттæ æмæ фæрæзтæ иртасыны фæдыл. Йæ фундаменталон монографи “Нырыккон ирон æвзаджы дзырды æмæ дзырдарæзты морфологион структурæ”-йы дунеон лингвистикон зонады æмвæзадыл иртæст цæуынц ацы проблемæтæ. Автор дзы зæгъы ног оригиналон хъуыдытæ, аразы дзы йæхи хатдзæгтæ. Ацы куыст ссис йæ докторон диссертаци æмæ йæ æнтысгæ бахъахъхъæдта 1981 азы. Афтæмæй йын лæвæрд æрцыд филологон зонæдты докторы ном.

Ирзонынады ма Никъала фыццаг хатт сарæзта “Ирон æвзаджы инверсион дзырдуат, кæцы стыр æххуыс у, ирон æвзаджы дзырды æмæ дзырдарзты структурæ, йæ фонетикæ æмæ фонологи чи иртасы, уыцы ахуыргæндтæн. Ирон æвзаджы лингвистикæйы цыдæриддæр терминтæ ис, уыдон кæд арæзт цыдысты, чи сæ сарæзта æмæ кæд, уый тыххæй сарæзта чиныг “История становления осетинской лингвистической терминологии”.

Æдæппæт Никъалайæн йæ фыссæн сисы бынæй рацыд 200 зонадон куыстæй фылдæр.

Гæбæраты Никъала æвæллайгæ куыст фæкодта ирзонынады æндæр æмæ æндæр проблемæтæ иртасыны фæдыл дæр. Уый стыр лæггæдтæ бакодта  ирон æвзагæн æмæ иумæйагæй та ирон адæмæн. Никъала-иу йæ раныхасы дзырдта, зæгъгæ, адæймаг цы æргъадтæ скодта йæ цардвæндагыл, уыдонæй иууыл сæйрагдæр у монондзинад. Æвзаджы фесафджытимæ сæфы монондзинад дæр. Ацы сæйраг æргъадтæ уый хуыдта нæртон симд, нарты кадджытæ, Къостайы “Ирон фæндыр”-ы æвзаг, нæ куырыхондзинады хæзнатæ – æмбисæндтæ, загъдаутæ, фразеологизмтæ. Уыдон иууылдæр сты нæ монондзинады феномен æмæ сæ куы фесафæм, уæд нал уыдзæнис ирон адæмы хатт, ирон адæмæн сæ равзæрд чи зона, ахæм адæймæгтæ.

Гæбæраты Никъала зонадон куысты æмрæнхъ бирæ азты дæргъы уæзгæ бавæрд бахаста ирон æвзаджы фæдыл квалификациджын педагогон æмæ зонадон кадртæ цæттæ кæныны хъуыддагмæ.

Уый ма арæзта ахуыргæнæн чингуытæ астæуккаг скъолатæн дæр. Ацы чингуытæ куы фæзындысты, уæдæй фæстæмæ цалдæр хатты ногæй уагъд æрцыдысты æмæ сын ис, стыр зонадон академион нысаниуæг. Ахуырдзаутæ базыдтой дзырды грамматикон формæтæ, сæ бастдзинад ныхасы, базонгæ сты ирон æвзаджы морфологи æмæ синтаксисимæ баст терминтимæ. Чингуыты теоретикон æрмæг та лæвæрд цæуы хуымæтæг, æмбаргæ ирон æвзагыл æмæ уымæн стыр нысаниуæг ис. Æвзаджы рæзтæн йæ æгъдау ахæм у, æмæ æппынæдзух кæны ивгæ, рæзы æмæ уымæ гæсгæ грамматикæйы кæддæры фидаргонд теоретикон æрмæджытæ хатт æвзаджы практикон æрмæгимæ æмдзу нал фæкæнынц.

Профессор Гæбæраты Никъала уыдис Ирыстоны зындгонддæр ахуыргæндтæй сæ иу. Лæвæрд ын æрцыд зонады сгуыхт архайæджы кадджын ном. Хорзæхджын уыд нæ республикæйы паддзахадон хорзæх – Кады орденæй. 2008 азы Уæрæсейы Президент В. Путины Указмæ гæсгæ хорзæхджын æрцыд Пушкины номыл Уæрæсейы Федерацийы майданæй. 2010 азы йæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг схорзæхджын кодта орден “Во славу Отечества”-йæ æмæ йын 2011 азы та лæвæрд æрцыд “Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуаты” тыххæй Хетæгкаты Къостайы номыл премийæ.

Гæбæрайы фырт хорз зыдта ирон, уырыссаг, зæронд славяйнаг, гуырдзиаг, англисаг æвзæгтæ. Йæ сæрмагонд куыстыты нымæц æххæссы 200 фылдæрмæ.

Зындгод ахуыргонд стыр куыст кодта ирон æвзаг пропагандæ кæныны фæдыл дæр. Нæ телекæсджытæ йæ арæх уыдтой бынæттон телеуынынады – уагъта алæвæрдты цикл “Не `взаг -нæ хæзна”.

Никъала ма йæ адæмы `хсæн зындгонд уыд, куыд хæларзæрдæ, адæмуарзон адæймаг æмæ хорз бинонты хицау, афтæ. Йæ цардæмбал Зариффæимæ схъомыл кодтой дыууæ чызджы æмæ иу фырт æмæ сæ бафтыдтой царды фæндагыл.

Зæгъын хъæуы уый æмæ бирæ ахуыргæндтæ сфæлварынц се сфæлдыстадон хъарутæ ирзонынады къабазы, фæлæ дзы алкæмæн нæ бантысы уæзгæ бавæрд йæ рæзты хъуыддагмæ бахæссын. Никъалайæн та бантыст зонады бæрзæндтæм æдæрсгæйæ схизын. Æмæ абон кæд не ‘хсæн нал ис, уæддæр сæрыстырæй дзурæм ирзонынады къабазы йе стыр лæггæдты тыххæй.

Никъала йæ адæмæн стыр ахуыргонд æмæ фарны лæг уыдис. Йæ цард цæвиттойнаг уыд, йæ фæстæ чи цæуынц, æрмæст уыцы ахуыргæндтæн нæ, фæлæ махæй алкæмæн дæр.

   БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.