Ацы бонты нæ горæты дзулфыцæн комбинаты дзулуæйгæнæн киоскмæ бацæугæйæ, йæ бахизæны мæ цæст схæцыд иу сылгоймагыл. Йæ разы æвæрд уыдысты йæ уæййæгтæ, афтæмæй газет «Хурзæрин» зыдæй кастис. Ацы ныв фенгæйæ, мæ зæрдæ хурварс абадт, æгайтма афтæ зæрдиагæй кæсы ирон газет. Сылгоймаг мын куыд загъта, афтæмæй цæры Нæузæххонты уынджы æмæ æнæ ирон газет йæ бон нæу, алы аз дæр æй рафыссы.

Мæ цæстытыл та кинонывтау ауадысты гуырдзиаг-ирон хæсты тæссаг цаутæ, хуссарирыстойнаг адæмы хъизæмæрттæ: алыгъуызон блокадæтæ, уыцы нымæцы информацион дæр. Адæймаджы дзул куыд хъæуы, афтæ æнæ информацийæ дæр йæ бон нæу. Уыдис ахæм рæстæджытæ, æмæ-иу нæ адæм аззадысты æнæ дзыллон информацийы фæрæзтæй. Кæддæрты-иу Дзæуджыхъæуæй Цхинвалмæ газетласæн машинæ куы æрхæццæ, уæд-иу æм адæм рады слæууыдысты исты газет сæ фæуыны сæраппонд.

Цалынмæ Хуссар Ирыстонмæ Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ не ’рбацыдысты, уæдмæ уæлдай уынгæджыйы бонтæ æрвыстой Ленингоры районы дæрддаг хъæутæ. Фæндæгтыл ацæуæнтæ нал уыд. Фæлæ фидауынгæнæг тыхтæ семæ æрбахастой сабырад, кæд сæртæг сабырад уыд, уæддæр æмæ та адæмы царды ныфс бацыд.

1992 азы ноябры мæйы Джиуæргуыбайы бæрæгбонмæ æввахс иу ахæмы Ленингоры районы быдираг хъæутæй сæ иуы уыд чындзæхсæв. Хуынд адæм ныххæлæф кодтой цинагмæ. Мæнæ ма, зæгъ, кæдæй-уæдæй чындзæхсæвы кой фехъуыстам — æртæ азы хæст сын цины фынгтæ æвæрыны фадат нал лæвæрдта. Ныр сын фадат фæцис… æмæ адæм дæр куыд æрыгон цардæмбæлттыл, афтæ кæрæдзийыл цин кæнынæй нал æфсæстысты. Дзырд дардыл у, фæлæ хуынды адæм куыддæр æрбадтысты, афтæ æзфæраздæронæй фæлæбурдтой фынгтæм, æрмæст хæрд æмæ нозтмæ нæ, фæлæ стъолтыл фынгæмбæрзæнты бæсты цы ирон газеттæ тыд уыдис (сæ фылдæр — «Рæстдзинæдтæ»), хæринæгтæ цы гæххæттыл æвæрд уыдысты, уыдонмæ æмæ сæ сусæг-æргомæй райдыдтой зыдæй кæсын. Мæнæ цыма кæсæндонмæ æрбацыдысты, уыйау се ’ппæт дæр газеткæсджытæ фестадысты. Уæлдай сын нæ уыд, газет зæронд уыд, æви ног -— иууылдæр сын уыдысты зынаргъ. Иутæ дзы фырцинæй хъæрæй дзурын дæр райдыдтой, минас кæнын дæр сæ æрбайрох. Хъуыддаг уый онг æрцыд æмæ «газеткæсæг» уазджытæ куы нæ æмæ куы нал «сабыр» кодтой, уæд фынджы хистæр æрхуынд адæмæй бирæтæн бауайдзæф кодта, зæгъгæ, фынджы æгъдау «фехæлдтат». Цины фынг куы фæцис, уæд æрхонгæ адæмæй, кæд сæ алкæйы нæ фæцис, уæддæр бирæтæ сæхимæ здæхтысты ирон газет «Рæстдзинад»-имæ, уый та, дам, фæндаггаджы бæсты. Рауад афтæ æмæ сын уыцы бон уыд дывæр бæрæгбон: сæ иу — чындзæхсæв, иннæ та — ирон газеты фенд.

Чи зоны, ацы уац бакæсыны фæстæ исчи афтæ дæр зæгъа, зæгъгæ, цавæр æнæфенгæ адæм уыдысты, ирон газет уæдмæ никуы федтой, фæлæ уæлдæр куыд банысан кодтон, афтæмæй Ленингоры районы ирон хъæутæм хæсты райдианты æртæ азæй фылдæр нал хæццæ кодта ирон мыхуыр.

Ацы цауы тыххæй мын радзырдта мæ рухсы бадинаг цардæмбал Хуриты Гиви (йæхæдæг дæр уыдис уыцы чындзæхсæвы) æмæ уæдæй кæд 30 азы рацыд, уæддæр газет «Рæстдзинад» куы фенын, уæд та мæ зæрдыл æрлæууы.

Уыимæ иумæ мæ фæнды банысан кæнын, абон Хуссар Ирыстоны адæмæн ис æппæт уавæртæ дæр информацион фæрæзтæ рафыссынæн, фæлæ цæмæдæр гæсгæ не ’мбæстæгтæй бирæты цæст нæ бауарзы 330 сомæй æрдæг азæн иунæг ирон газет «Хурзæрин» рафыссын æмæ афтæмæй сæхи Ирыстоны патриоттæ хонынц… Ацы уæззау дуджы алцыдæр фæзынаргъ, фæлæ газет «Хурзæрин»-æн йæ аргъ баззад куыд уыд, афтæ, ома, 330 сомы æрдæг азæн.

Джиоты Екатеринæ