Дыууæ майданы рамбылдтой хуссарирыстойнаг штангисттæ Цæгат Ирыстон-Аланийы чемпионаты. Ерысты сыгъзæрин майдан рамбылдта Бестауты Родион. Уый 37 кг уæзы категорийы архайгæйæ, дыууæ истæн систа 60 кг.

Бронзæ майданы хицау та ссис Багаты Георги, кæцы ерыс кодта 67 кг уæзы категорийы. Уый та фенын кодта 99 кг бæрæггæнæн. Уымæн ма лæвæрд æрцыд «Уæлахизмæ тырнындзинады» приз дæр.

Спортсменты бацæттæ кодтой Тасойты Олег æмæ Кæсæбиты Александр. Тасойты Олегы ныхæстæм гæсгæ ма ерысты хорз сæхи равдыстой Пæррæстаты Хасан æмæ Тыджыты Руслан. Чемпионаты ма конкурсы æддейæ  хайад райста тренер Кæсæбиты Александр, кæцы сног кодта йæ спортивон карьерæ. Уый ныр цæттæгæнæн сборты ис Таганрогы, цыран йæхи цæттæ кæны Уæрæсейы чемпионатмæ.

ДЗЮДО

 Уагъд æрцыд æвзæнгты ‘хсæн Дзæуджыхъæуы гом чемпионат дзюдойæ. Ерысты хайад райстой Хуссар Ирыстоны спортсментæ дæр æмæ сын бантыст 4 майданы рамбулын. Иу сыгъзæрин æмæ иу æвзист майданы рамбылдтой Цхинвалы республикон комплексон скъолайы минæвæрттæ. Ерысты уæлахиздзау ссис Хъуылымбегты Феликс (50 кг). Дыккаг та ссис Уалыты Герман (55 кг). Бацæттæ сæ кодтой тренертæ Хъотайты Дмитри æмæ Касаты Ацæмæз.

Ерысты ма хайад райстой Знауыры районы дзюдойы скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Уыдонæй та сыгъзæрин майдан рамбылдта Имран Раджабов (55 кг). 3-аг бынатыл ацыд  Гаглойты Алан (38 кг). Сæ тренертæ  сты Гæджиты Алан æмæ Плиты Роин.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.