Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта кусæгон æмбырд 2019 азы РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фарстыты æмæ Хуссар Ирыстонæн æххуысæн Уæрæсе цы æхцайы фæрæзтæ хицæн кæны, уыдон куыд хардз цæуынц, уый фæдыл.

Æмбрды хайад райстой финансты, арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрадты æмæ Инвестпрограммæйы объектты подрядон куыстытæ чи æххæст кæнынц, уыцы куыстуæтты къухдариуæггæнджытæ.

Пухаты Эрик куыд банысан кодта, афтæмæй ацы бонты республикæйы планон басгæрст ауадзыны фæдыл уыдысты Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы министрады минæвæрттæ.

«Абон мах уынаффæ кæнæм, басгæрсты фæстиу-джыты фæдыл цы хыгъд арæзт æрцыд, ууыл æмæ кусæм йæ хатдзæгтыл. Æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй æххæст кæнæм Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуысады фæдыл Æхсæн-хицауадон къамисы регламенты уагæвæрдтæ. Федералон министрады фарсæрдыгæй сгарæн мадзæлттæ фадат дæттынц, Хуссар Ирыстоны рæзтæн Уæрæсе цы æхцайы фæрæзтæ хицæн кæны, уыдонæй эффективонæй пайда кæнынæн», – банысан кодта Пухаты Эрик.

2018-2019 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвсетицион программæ реализаци кæныны тыххæй, кæцымæ хаст æрцыдысты 51 мадзалы, уæрæсейаг бюджетæй хицæн æрцыд 4 миллиард сомы.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.