Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы Хуссар Ирыстоны делегацийы къухдариуæггæнæг, Постконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат брифингы рæстæджы радзырдта Женевæйаг дискусситы 49 раунды фæстиуджыты тыххæй, кæцытæ уагъд æрцыдысты 8-9 октябры Женевæйы.

Райдианы Джиоты Мурат зæрдыл æрлæуынæн куыд радзырдта, афтæмæй дискусситæ уагъд цæуынц Медведев-Саркозийы бадзырдтæм гæсгæ, кæцытæ арæзт æрцыдысты 2008 азы 12 август æмæ 8 сентябры.  Хайад дзы исынц Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Уæрæсейы Федерацийы, Гуырдзыстоны, Америкæйы Иугонд Штатты, Евроцæдисы, ИНО æмæ ЕÆÆО-йы делегацитæ.

Дарддæр Президенты æххæстбарджын куыд банысан кодта, афтæмæй ацы азы декабры уыдзысты Женевæйаг дискусситы 50-æм раунд.

«Раст у, уыцы раунд уыдзæн юбилейон, фæлæ нырма цæмæй раппæлæм, уый нын нæй, уый тыххæй нын банысанкæнинаг дæр ницы ис. Раздæр, ацы формат куы фæзынд, уæд хъуыды дæр нæ акодтам, уыцы формат афтæ бирæ кæй ахæсдзæн. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ позицитæ æндæр æмæ æндæргъуызæттæ сты – мах уæттæ абхазаг кол-легæтимæ иумæ – иуæрдыгæй æмæ гуырдзиæгтæ сæ сæрхъызойтимæ та – иннæрдыгæй. Уый фæстиуæгæн нæ къухы не ‘фты, раздæр цы хæслæвæрдтæ уыд нæ разы, уыдон аскъуыддзаг кæнын, кæцытæй иууыл сæйрагдæр у, тыхæй ма спайда кæныны тыххæй документ саразын», – банысан кодта Президенты æххæстбарджын.

Уый куыд фехъусын кодта, афтæмæй, 50-æм раунды Хуссар Ирыстон ногæй раразмæ кæндзæн йæ адæмы æдасдзинад сифтонг кæныны фарстатæ.

«Тыхæй ма спайда кæныны тыххæй документы проект, кæцыйыл мах рагæй кусæм, æркондæуыд дыууæ абзацы онг. Уым дзырдæуы, зæгъгæ, дыууæ фарсы æрдыгæй Женевæйаг дискусситы хайадисджытæ сты æхсæнадæмон барады æмæ тыхæй ма спайда кæныны принципы фарс. Уый фæстиуæгæн мах архайдзыстæм, цæмæй уыцы раунды, кæд фыстæй нæ, уæддæр æй ныхасæй зæгъой раунды æппæт хайадисджытæ дæр», – банысан кодта Джиоты Мурат.

 Амæйразмæйы раунды куысты тыххæй дзургæйæ, Женевæйаг дискусситы æмсæрдар банысан кодта, зæгъгæ, раунд уагъд æрцыд вазыгджын рæстæджы.

«Уавæр æндыгъд уый тыххæй уыд, æмæ августы кæрон Гуырдзыстоны къухдариуæгад æхсæвыгон æнæ закъонæй полициæгты пост сæвæрдтой Хуссар Ирыстоны территорийыл, хуссарирыстойнаг хъæу Цънелисмæ æввахс. Уæдæй фæстæмæ махæн техникон фембæлдтытæ вæййы Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæ аиуварс кæныны механизмты фæлгæтты, цæмæй уыцы пост ист æрцæуа, уый тыххæй», – радзырдта Джиойы фырт.

Куыд загъта, афтæмæй хуссарирыстойнаг фарс Женевæйаг дискусситы равдыста, блокпост кæм æвæрд æрцыд, уый Хуссар Ирыстоны территоримæ кæй хауы, уый бæлвырдгæнæн документтæ.

«Республикæ Хуссар Ирыстон раздæры Хуссар Ирыстоны автономон областы бынтыл арæзт кæй æрцыд, уый фæстиуæгæн республикæйы ныры арæнтæ дæр бæрæг æрцыдысты иунæг ахсджиаг документмæ кæсгæ, кæцыйы райста 1922 азы 20 апрелы æппæтгуырдзиаг ЦÆК картæтимæ иумæ, цыран бæлвырдæй нысан сты Хуссар Ирыстоны арæнтæ. Уыцы документмæ гæсгæ гуырдзиæгтæ блокпост кæм сæвæрдтой, уый хауы нæ республикæмæ.

Мах ма сын равдыстам æрмæджытæ, кæцытæ дзурæг сты, талькы куыстуат арæзт кæй æрцыд Хуссар Ирыстоны территорийыл, æмæ 1935 азы йæ кусджытæн цæрæнуат саразыны тыххæй зæххы фадгуытæ лæвæрд кæй æрцыд, Цънелисы хъæуы цы цæугæдон ис, уый рахис фарс», – банысан кодта Президенты æххæстбарджын минæвар.

Уыцы бынаты абоны бон дæр ис 49 хæдзары, кæцытæ хауынц Балтайы хъæуы администрацимæ.

Джиоты Мураты ныхæстæм гæсгæ, Женевæйы хуссарирыстойнаг фарс комментаритæ сарæзта, уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджыты адресыл Гуырдзыстон æмæ йæ фарсхæцджытæ, уыцы нымæцы æхсæнадæмон организацитæ цы критикон хъусынгæнинæгтæ сарæзтой, уый фæдыл, кæцыты хъуыдымæ гæсгæ уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ архайынц Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæны демаркацион æмæ делимитацион куыстытæ кæныныл.

«Мах ноджыдæр бахахх кодтам, демаркаци æмæ делимитацион куыстытæ иууылдæр конд кæй цæуынц хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæнджыты тыхтæй», – банысан кодта Джиоты Мурат.

Уый куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстон æрсидт, цæмæй раздæхой тыхæй ма спайда кæныны тыххæй 2017 азы хъусынгæнинаджы проектыл ногæй æруынаффæ кæнынмæ, кæцы, чысыл ма бахъæуа, райст æрцыдаид, фæлæ гуырдзиаг фарс Гуырдзыстоны къухдариуæгады æрдыгæй разыйы дзырд куынæ райста, уæд нал сразы уыцы документыл къух æрфыссыныл.

«Мах банысан кодтам, Женевæйаг процессæн уыцы здæхты куыст æвæрццаг импульс кæй ратдзæн, фæлæ, хъыгагæн, мах нæ фехъуыстой. Уый нæ, фæлæ Женевæйы дискусситы адарддæр кæныны тыххæй «нæ» ничи зæгъы. Женевæйаг процессы 11 азы куыстæй бæрæг у, дыууæ фарсы дæр быцæуаг фарстатæ фыццаджы фыццаг дипломатон æгъ-дауæй скъуыддзаг кæнын кæй хъæуы. Мах уал азы сабырæй кæй цæрæм æмæ нæ республикæ сабыр уавæрты кæй рæзы, уый, мæнмæ гæсгæ, у, цы бадзырдон процесс цæуы, уый руаджы. Дискусситы конкретон фæстиуæг æз схонин Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæ аиуварс кæныны механизмты сарæзт», – банысан кодта æххæстбарджын минæвар.

Дарддæр куыд радзырдта, афтæмæй Женевæйы уынаффæ цыд гуманитарон фарстатыл дæр, уыцы нымæцы Гуырдзыстоны æрдыгæй Хъазбеджы районы (Тырсыгомы)   ирæтты бартæ халын, афтæ ма Хуссар Ирыстонæн Цхинвайлаг триптих раздахыны фарстыл дæр.

«Мах та ногæй дзырдтам нæ уазхуызфысты – Цхинвайлаг триптихы тыххæй дæр, кæцы ныртæккæ ис Гуырдзыстоны. Радон хатт дæр та радзырдтам уазхуызфысты куыд адавдæуыд Хуссар Ирыстонæй. Радзырдтам, уый здæхт кæй хъуамæ æрцæуа йæ закъонон хицау  Хуссар Ирыстоны адæммæ, кæцыйы монон исад у уый», – банысан кодта Джиоты Мурат.

Дарддæр куыд радзырдта дипломат, афтæмæй Женевæйы фембæлды рæстæджы хуссарирыстойнаг фарс раразмæ кодта ЕÆÆО-йы æрдыгæй хæдбар эксперт Душан Игнатовичы мандат адарддæр кæныны фарст, кæцы кусы, 2008 азы августы  хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны фарсты фæдыл.

«Женевæйы фембæлды рæстæджы мах банысан кодтам, кæй æнхъæлмæ кæсæм Игнатовичы куыста дарддæр кæнынмæ, кæцы куыста не ‘мбæстæгты агурыны фарстатыл. Æвиппайды нæ фарс рахæцыд америкæйаг делегаци, кæцыйы ныфс ис хæдбар эксперты куысты мандат адарддæр кæнынæй. Уый бирæбæрцæй баст у гуырдзиаг фарсыл», – загъта Джиоты Мурат.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг фарс фехъусын кодта, 2008 азы августы хæсты рæстæджы æбæрæгæй чи фесæфт, Хуссар Ирыстоны уыцы æвзонг æмбæстæгты хъысмæты тыххæй бæрндзинад Гуырдзыстон кæй хæссы.

«Мах сын фехъусын кодтам, нæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгтæй фондзæй уыдысты гуырдзиаг тыхон структурæты къухы æмæ сæ хъысмæт сбæрæг кæныны тыххæй бæрнджын у Гуырдзыстон», – бахахх кодта Президенты æххæстбарджын Джиоты Мурат.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.