Æрæджы нæ горæты цæрæг Гаглойты Мария банысан кодта йæ 102 азы бон. Уый цытæн æм фæуазæг сты Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы уæнгтæ. Уыдон æм бахастой дидинджытæ. Раарфæ йын кодтой æмæ йын бакодтой материалон æххуыс.

Мария райгуырд 1922 азы январы мæйы дыккаг æмбисы Цхинвалы районы Додоты хъæуы. Уыд ма йын цыппар æфсымæр æмæ æртæ хо. Уал кæстæр хъомыл кæнын æнцон нæ уыдис, фæлæ сæ ныййарджытæ æппæт дæр арæзтой, цæмæй сæ кæстæртæ байрæзой æмæ адæмы рæгъы рацæуой

Мария каст фæцис сæ хъæуы райдиан скъола,  кæд хъæууонхæдзарадон куыстытæ æххæст кæнын йæ бон сеп пæт нæ уыд, уæддæр. Ахуыры æмрæнхъ балæууыд йæ мад æмæ йæ фыды фарсмæ æмæ сын сæ куыстыты æххуыс кодта. Фæстæдæр каст фæцис Цхинвалы ахуыргæнджыты техникум æмæ кусын райдыдта сæ хъæуы райдиан скъолайы ахуыргæнæгæй. Фæкуыста дзы ссæдз азы бæрц. Куыстмæ йæ иузæрдион æмæ хорз ахастæн, куыд Цхинвалы районы, афтæ областы ахуырады разамынд дæр кодтой хорз аргъ.

Фæстæдæр Мария йæ цард баиу кодта йæхиау куыстуарзаг æмæ æвзонг лæппу Дзигойты Сардионимæ æмæ царды уылæнты аныгъуылдысты арфдæр. Æххуыс уыдысты сæ хъомылгæнджытæн дæр.

Фæзынд сын кæстæртæ дæр æмæ сæ цинæй радысты. О, фæлæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ Ирыстонæй фыццаг бонты райгуырæн бæстæ знæгтæй бахъахъхъæнынмæ чи ацыд, уыдоны ‘хсæн уыд Сардион дæр. Дыууæ æвзонг æмкъайы кæрæдзимæ арæх фыстой фыстæджытæ. Сардион фыста хæстон  хабæртты тыххæй, Мария та – сæ бинонты, хъæубæсты  хабæрттæ.

Хсардион, хæсты тугкалæн фæндæгтыл фæцæугæйæ  ныххæццæ Берлинмæ. Хæсты фæстæ кæд Ирыстонмæ фæллад æмæ цæфтæй æрыздæхт, уæддæр бонæй-бонмæ йе ‘нæниздзинад кодта хуыздæр æмæ аныгъуылд фæллойадон царды, æппæт дæр арæзтой, цæмæй се ‘ртæ лæппу æмæ иу чызгæн бауарзын кæной куыст, цард, сæ бæстæ. Нæ горæты Ленингоры уынджы сарæзтой хæдзар æмæ Мария кусын райдыдта Цхинвалы хъæдгуыстгæнæн комбинаты. Бинонтæ сæхицæн цардысты царды дзæбæхæн. Гъе, фæлæ 1992 азы сæ хæдзарыл сæмбæлд, гуырдзы нæ горæт æмæ хъæуты цы ракетæтæй æхстой, уыдонæй иу. Ракетæ бахауд, Сардион цы хатæны улæфыд, уырдæм æмæ фæмард.

Цардæн æрлæууæн нæй, йæ цыды хай кæны. Мария-йæн йæ фыдæбæттæ фæфылдæр сты, фæлæ йе уонг нæ ауагъта. Равдыста йæ фидар удыхъæд æмæ абон дæр йæ ныфсæй ныфсджын сты йæ бинонтæ.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.