Ацы аз уӕрӕсейаг фыццаг каналы программӕ «Лучше всех»-ыл сӕххӕст фондз азы. Юбилейы цытӕн йӕ уадзӕг Максим Галкин программӕмӕ фӕхуыдта проекты дӕс хуыздӕр хайадисӕджы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдоны ‘хсӕн уыд ӕвзонг поэтессӕ, актрисӕ ӕмӕ телеуадзӕг Плиты Николь. «Программӕ «Лучше всех» мӕнӕн ссис ме сфӕлдыстадон фӕндаджы райдиан. Нырма мыл 11 азы йедтӕмӕ кӕй нӕма цӕуы, уымӕ нӕ кӕсгӕйӕ, мӕ тыхтӕ ба-фӕлвӕрдтон бирӕ професситы: уыдтӕн телеуадзӕг, актрисӕ, журналист, ралӕууын алыгъуызон поэтикон фестивалты», – радзырдта йе ʻнтыстыты тыххӕй не ‘мзӕххон ирон чызг Николь. Уӕ зӕрдыл уын лӕууын кӕнӕм, уый размӕ «15 регион» фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Плиты Николь хайад райста популярон сериал «Склифософский»-ы ӕстӕм сезоны. Афтӕ ма уый ахъазыд спектаклты, ахӕм зынгӕ ар-тисттӕ, куыд Елена Яковлева, Анастасия Сычева ӕмӕ Людмила Гавриловаимӕ.

Плиты Николь у бирӕнымӕц литературон конкурсты уӕлахиздзау. Чызджы зонынц бӕстӕйы ӕмӕ йӕ уарзынц иууылдӕр. Фондз азы размӕ Николь сценӕмæкӕсджыты дисы баппӕрста, Бродский, Анна Ахматова ӕмӕ Сергей Есенины ӕмдзӕвгӕтӕ тынг хорз кӕй бакаст, уымӕй. 7-аздзыдӕй чызджы айстой фысджыты цӕдисмӕ. 15-ӕм ноябры бӕрӕгбонон рауагъды Плиты чызг бакаст йӕхи фыст ӕмдзӕвгӕтӕ. Бӕрӕгбоны цытӕн Николӕн радтой программӕйы юбилейон майдан.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.