Аланийы аргъуыдыл 1100 азы юбилейон мадзæлттæ кæд 2022 азы уыдзысты, уæддæр республикæйы цæттæгæнæн куыстытæ райдыдтой ныридæгæн. Хицауад цы оргкомитет сарæзта, уыдон архайынц бæрæгбоныл хорз цæттæйæ сæмбæлыныл.

 Æнæхъæн Уæрæсейы цæрджытæ цæмæй бæрæгбонмæ аккагæй бацæттæ кæной, уый  тыххæй Барамындыл йæ къух æрфыста Владимир Путин. Уый фæдыл арæзт æрцыд федералон оргкомитет, йæ сæргъы Хицауады Сæрдары хæдивæг Ольга Голодец, афтæмæй. Уыдон æмгуыст кæнынц Цæгат Ирыстоны оргкомитетимæ.

Цæттæгæнæн куыстытæ рагацау уымæн райдыдтой æмæ бирæ саразын хъæуы. Рестовратортæ ныридæгæн æрæвнæлдтой культурон, историон æмæ дины объекттæ реставраци кæнынмæ, æдæппæт фынддæс объекты. Уыдонмæ хауынц фыдæлтыккон хъахъхъæнæн мæсгуытæ (иуæй-иуты дзы хъæппæрисджын мыггæгтæ сæхæдæг æмбæлон уагмæ æркодтой), Æрыдоны дины семинар, паддзахадон архивы бæстыхай, цалдæр аргъуаны æмæ бирæ æндæр объекттæ. Астæуккаг æнусты арæзт мæсгуытæ фылдæр сты Тлийы, Мамысоны, Зруджы æмæ Уæхъæцы. Оргкомитеты уæнгтæ куыд нымайынц, афтæмæй уыдон реставраци скæнын у æнæмæнг хъуыддаг.

 “Нæ хæс у федералон хицауадимæ бастдзинад дарын æмæ иумæ архайын. Уымæн æмæ ацы бæрæгбонæн ис федералон нысаниуæг. Ирыстон – Аланийы аргъуыдыл 1100 азы сæххæсты бæрæгбон хъуамæ баззайа историйы, æнæферохкæнинаг тæлмæнтæ хъуамæ райсой нæ уазджытæ. Ацы бæрæгбоны мадзæлттæ фæндаг ратдзысты æндæр къабазæн дæр – дины туризмæн. Æрыдоны дины семинар – ирон фысджыты ахуырады артдзæст та хъуамæ суа ахæм культурон центр, кæцыранмæ кувæндонмæ цæуæгау цæудзысты туристтæ”, – оргкомитеты æмбырды  фехъусын кодта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Сæйраг куыстытæй дарддæр цæттæ цæуынц уæлæмхас мадзæлттæ дæр бæрæгбонмæ ахуырады, культурæйы, спорты къабазы. Бæрæгбоны программæ “Алания – образы прошлого”-йы  фæлгæтты уагъд цæудзысты алыхуызон дунеон конкурстæ, арæзт цæуы тематикон къамты цæугæ равдыст, Дзæуджыхъæуы арæзт æрцæудзæн Аланийы, стæй Кавказы чырыстон дины историйы тыххæй зонадон конференци. Чырыстон дины ахадындзинады тыххæй ма аивады дæснытæ исынц документалон киноныв дæр. Уыимæ бæрæгбонмæ Цæгат Ирыстоны фæзындзысты сæрмагонд æхца æмæ посты маркæ чырыстон дины эмблемæтимæ.

Ныр та уал реставрацион куыстытæ цæуынц Дзæуджыхъæуы стадион “Спартак”-ы. Оргкомитеты уæнгты фæндонмæ гæсгæ, уым цæудзысты Аланийы аргъуыдыл 1100 азы юбилейы сæйраг мадзæлттæ.

Нӕ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.