Ирон богалтæ хайад райстой уæгъдибар хъæбысхæстæй Мæскуыйы чемпионаты. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Хъарданты Магомет (79 кг), Соттиты Асланбег (97 кг) æмæ Дзугаты Давид (125 кг). Æвзист майдан рамбылдта Плиты Давид (125 кг). Бронзæйон призертæ та систы Хъæболты Аслан (86 кг), Дзеранты Эрик (97 кг) æмæ Гæбæраты Арсен (125 кг).

***

Ирон хъæбысæйхæцæг Найфонты Артур ссис уæгъдибар хъæбысхæстæй Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты уæлахиздзау. Пьедесталы дыккаг къæпхæнмæ  схызтысты Зехъеты Ислам (70 кг) æмæ Теблойты Ацæмæз (125 кг). Бронзæ майданты хицæуттæ та баисты Сабанты Александр (65 кг), Хæдзæрæгаты Азæмæт (86 кг) æмæ Таугазты Ирбег (97 кг).

 

Грекъаг-ромаг хъæбысхæст

 

Омскы кæронмæ бахæццæ 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй. Фыццаг бынæттæ бацахстой Беслехъоты Зауыр (72 кг) æмæ Тотраты Алан (82 кг). Бронзæйон хорзæхтæ та бафтыдысты Уалыты Сослан (55 кг), Дойаты Арсалан (67 кг) æмæ Габеты Дзамболаты (77 кг) къухты.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.