Абон бирæтæ фæзæгъынц, тыхст, зын уавæры цæрæм. Адæмæн, дам, сæ зæрдæтæ фæхъæбæр сты æмæ уый аххосæй, фылдæр хатт, нæ алыварс чи ис, уыдонмæ аккаг цæстæнгæс нал æвдисæм. Уæлдай тынгдæр æфхæрæм кæстæрты, сæ смартфонтæй дарддæр, дам, ницы уынынц. Фæлæ, æвæццæгæн, уый бынтон афтæ нæу, сывæллонæн йæ туджы цы уа, йæ хæдзарæй цы гъдау æмæ уæздандзинад рахæсса, уыцы хорз миниуджытæ сæфт нæ уыдзысты, никæцы интернет ын сæ нæ байсдзæн.

«Æрæджы ацыдтæн бангмæ, мæ пенси райстон цалдæр мæйæн.  Хæдзармæ здæхгæйæ хæлцад балхæдтон æмæ «Мæскуыйаг» микрорайонмæ рейсон автобусыл сбадтæн. Кæройнаг æрлæууæны автобус разылд æмæ фæстæмæ  аздæхт. Сабыр къахдзæфтæй  хæдзармæ куыд фæцæйцыдтæн, афтæ мæ дыууæ лæппуйы, иу 11-12 азы кæуыл цыдаид, ахæмтæ, æрбасырдтой. Сæ иу мæм ме ‘хцадон æвдисы æмæ зæгъы, автобусыл, дам, нæ разæй бадтæ æмæ, дам, дын ахауд зæхмæ.  Нырма фергъиау дæн, стæй мæ цинæн кæрон нал уыд. Лæппутæ æхцадон куы ссардтой, уæд автобус фæурæдтой, аракæсбакæс кодтой æмæ мæ фæдыл ралыгъдысты. Мæ цинæн кæрон нал уыд, афарстон сæ, зæгъын, чи стут, кæй лæппутæ. Фæлæ мын æрмæст сæ нæмттæ загътой – Алан æмæ Сæрмæт. Мах, дам, горæтæй цæуæм фыццæгæм скъоламæ, ацы районæй не стæм, нæ ныййарджыты дæр нæ зон-дзынæ. Мæ хызынтæм мын февнæлдтой æмæ мын сæ хæдзары онг бадавтой. Æз ма сæм фæстæмæ хъæр кодтон, цæмæй хæдзармæ рахизой. Мæ къухы та фæйнæ мины дардтон, зæгъын сын сæ зæрдæтæ алхæнон. Уыдон мæм æввахсдæр нал æрбалæууыдысты, лидзынмæ фесты. Афтæмæй мæ хæрзгæнджытæн сæ мыггæгтæ дæр нæ базыдтон.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ме ‘хцадон куы фесæфтаид, уæд бирæ фæмаст кодтаин. Уый хуызæн мæстытæ мыл бирæ æрцыд, сфæрæзтаин та ныр дæр. Фæлæ ацы дыууæ хъомылгæнинаг лæппуйы  æгъдауæн рохгæнæн нæй. Уый арфæйы аккаг хъуыддаг у. Сæ цахъхъæн кæстæртæ хатгай æхцамæ нæ фæлæууынц.

Ме ‘гъдауджын æмæ хæрзуаг кæстæртæ  Алан æмæ Сæрмæт! Мæ сæрæй ныллæг кувын сымахæн, уæ ныййарджытæн, цы скъолайы ахуыр кæнут, уыцы ахуыргæнджытæн дæр. Уе ‘рхъуыдыдзинад æмæ адæймагдзинад арфæйаг уæнт! Æнæниз ут кæдфæнды дæр, æнæмаст æмæ зæрдæрухсæй цæрут. Хуыцау уын мæ бæсты раарфæ кæ-нæд! Уæлдай бузныг зæгъын уæ  ныййарджытæн, ахæм фæзминаг лæппутæ чи схъомыл кодта».

Редакцийы номæй мах дæр зæрдиаг  арфæтæ кæнæм Алан æмæ Сæрмæтæн.

ДЗÆГЪИАТЫ Наташæ,

«Хурзæрин»-ы газеткæсæг

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.