Æввахс рæстæджы кæронмæ æрхæццæ уыдзысты Мзиугомы арæзтадон-монтажон куыстытæ. Ныртæккæ райдыдтой лагерь газæй ифтонг кæнын.

«Куыстытæм æрæвнæлдта генералон подрядон Паддзахадон унитарон   куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон» 2023 азы декабры мæйы. Куыстыты графикмæ гæсгæ объект эксплуатацимæ лæвæрд хъуамæ æрцæуа 30 апрелы онг», – фехъусын кодтой пресс-службæйы.

Арæзтады министрады куыд банысан кодтой, афтæмæй проектмæ гæсгæ арæзт æрцæудзæн астæуккаг æлхъывдады газыхæтæл æмæ газрегуляторгæнæн пункт. Уый фадат радтдзæн Мзиугомы хъæумæ сывæллæтты улæфæн лагеры газифтонгадæн.

«Газыхæтæл арæзт цæуы фæндаг Дзау-Цхинвалыл. Йæ иумæйаг дæргъ у 6 937 метры, уыдоны нымæцы 6 750 метры – зæххы бын арæзтад æмæ 186 м. – зæххы уæлæ арæзтад. Зæххы   бын газы хæтæл æвæрд цæуы рельефмæ гæсгæ, йæ арф у 0, 8 м», – банысан кодтой министрады.

Абоны бон зæххы бын газы хæтæл ауадзыны куыстыты фыццаг  фадыг (йæ дæргъ 4000 м æмæ йæ фæтæн 110 мм), æмæ дыккаг фадыджы (йæ дæргъ 2300 м æмæ йæ фæтæн 160 мм) фесты.

«Ныртæккæ    куыстытæ уагъд цæуынц газы хæтæлы æртыккаг фадыгыл (йæ дæргъ 500 м æмæ йæ фæтæн 160 мм) Хуыцъейы хъæуы цур. Арæзтады иумæйаг сметæйон аргъ у 23 милуан 20 085 сомы», – загътой пресс-службæйы.

Объектты кусынц 12 адæймаджы æмæ техникæйы 6 иуæджы.

Къамтæ ист сты гом информацион фæрæзтæй

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.