Президент Гаглойты Алан йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы делегацийы минæвæртты. Уыдон Хуссар Ирыстонмæ фæуазæг сты ССРЦ-йы сырæзтыл сæдæ азы æмæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сырæзтыл 32 азы сæххæсты цытæн мадзæлтты хайад райсынмæ.

Бæстæйы разамонæг раарфæ кодта уæрæсейаг бæрзонд уазджытæн, ССРЦ-йы æмæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сырæзтыл 32 азы сæххæсты цытæн мадзæлттæм æрцæуын кæй саккаг кодтой, уый тыххæй. Æрвылхатт, зæгъгæ, рæстæг ссарут æмæ цыфæнды рæстæджы дæр вæййут нæ фарсмæ.

Гаглойты Алан банысан кодта, Хуссар Ирыстоны разамынады цæттæдзинад Уæрæсейы Федерациимæ конструктивон бадзырдтытæ æмæ æмгуыстадмæ.

Коммунистон партийы лидер Коцты Станиславæн Гаглойты Алан раарфæ кодта, кæдфæндыдæр цæттæ кæй у æргом баныхасмæ, уый тыххæй.

Уæрæсейы Федерациимæ, зæгъгæ, не ’хсæн цы хъарм æмæ æууæнкджын ахастытæ ис, уыдонæн бæрзонд аргъ кæнæм. Ныфс бавæрдта, нæ уæрæсейаг коллегæтимæ, хæлæрттимæ Ирыстонæн кæддæриддæр кæй уыдзæн æргом ахастытæ.

Гаглойты Алан ма æрдзырдта, Донбассы ныры уавæрыл, зæгъгæ, мах стæм уыцы адæмы фарсмæ, уымæн æмæ ирон адæм хорз æмбарынц сæ уавæр, сæ рис æмæ цин æмæ сæ хъыгтæ.

«Уырыссаг дуне хъахъхъæнгæйæ, мах бахъахъхъæндзыстæм нæ истори æмæ араздзыстæм нæ иумæйаг фидæн. Уымæ гæсгæ махæй алчидæр хæсджын у, нæ хъарутæ аздахын æмæ нæ хъуыддаг кæронмæ бакæнын», — дзырдта бæстæйы разамонæг.

Делегацийы сæргълæууæг УФ-йы Паддзахадон Думæйы Хæдбар Æмхæларадты паддзахадты, евразиаг интеграци æмæ æмфыдыбæстæйонтимæ бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Тайсауты Хъазбег паддзахады разамонæгæн арфæйы ныхæстæ загъта Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин æмæ Думæйы æппæт фракциты æмæ политикон партиты къухдариуæггæнджыты номæй.

Бирæ фарстытыл, зæгъгæ, уынаффæ цыд нæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ. Банысан кодта, Хуссар Ирыстоны закъондæттынадон органы ныртæккæ кæй архайы професионалон командæ, кæцытæ æххуыс кæндзысты бæстæйы разамынады куыстæн æмæ мах дæр уыдзыстæм сæ фарсмæ.

Хуссарирыстойнаг коллегæтимæ фембæлды фæстиуджытыл дзургæйæ ма Тайсауты фырт банысан кодта, зæгъгæ, хъуамæ фæмидисджындæр æмæ активондæр кæнæм нæ иумæйаг куысты фæстиуджытæ. Уымæн æмæ бирæ фарстатæ æрбæстон кæнын хъæуы парламентон архайды фæлгæтты.

Паддзахадон Думæйы депутат Янæ Лантратова ныфсджынæй загъта, кæй архайдзæн дыууæ бæстæйы ’хсæн æмгуыстад рæзын кæныныл.

«Уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг парламентты æмархайды нысанæн цы парламентон къорд „Дружба“ ис, уый тынг бирæ сарæзта, йæхи равдыста уæрæсейаг Парламенты Хуссар Ирыстонæн иууыл ахсджиагдæр адæймагæй», — дзырдта Янæ.

Уæрæсейаг парламентари ма банысан кодта, кæй никуы ферох уыдзæн, Хуссар Ирыстон Донбассы республикæтæн цы æххуыс бакодта, уый. Уæлдай стыр аргъ скодта, Донецк æмæ Луганскы бæстæты хæдбардзинад фыццаг Хуссар Ирыстон кæй банымадта, уы-мæн.

«Ныртæккæ дæр ирон адæм уыцы территорийыл цы æгæрон æххуыс кæнынц æмæ ма уыимæ иумæ Донбассы бæстæтæн цы гуманитарон æххуыс цæуы, уый Стыр Уæрæсе никуы ферох кæндзæн. Стыр бузныг уæ номæй æппæт Ирыстоны адæмæн», — банысан кодта Хъазбег.

Фембæлды ма хайад райстой Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты сæрдары хæдивæг, фракци «КПРФ»-ы къухдариуæггæнæг Гутъанаты Аслан æмæ депутат Дудайты Чермен. Хуссар Ирыстонæй та — Парламенты Сæрдар Æлборты Алан, йæ хæдивæг Чилæхсаты Владимир, Коммунистон партийы сæрдар Коцты Станислав, Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдары хæдивæг Гаглойты Малхаз.

Нæ уацх.