Йæ нацийы хъайтарты цы рæзгæ фæлтæр нæ зоны, кад æмæ сын цыт чи нæ кæ-ны, уыцы кæстæртæн нацийы фидæн саразын сæ бон нæ бауыдзæнис. Уымæн æмæ фидæн кæддæриддæр ивгъуыдимæ баст у. Ацы ахсджиаг хæсы уæзгæ хай æвæрд у скъолаты ахуыргæнджытыл. Цæсгомджынæй йæ æххæст кæнынц нæ горæты  9-æм астæуккаг скъолайы педагогтæ.

Райдайæн кълæсты ахуыргæнæг Лохты Жаннæ бацæттæ кодта æмæ ауагъта зынгæ ирон фыссæг, поэт, публицист, йæ райгуырæн бæстæйы зынгзæрдæ патриот Икъаты Владимиры мысæн мадзал. Фыссæджы уарзон хъæбул, республикæйы полиграфион кондадон баиугæнды директор Икъаты Мадинæ фæуазæг ис уыцы бон скъоламæ.

Ахуыргæнинæгтæ раарфæ кодтой æрбацæуджытæн æмæ сын бакастысты Икъайы фырты бирæ æмдзæвгæтæй иу цалдæры. Мадзаламонæг Жаннæ Сергейы чызг сæ базонгæ кодта фыссæджы биографиимæ. «Владимир райгуырд Хуссар Ирыстоны Соцъийы хъæуы 1936 азы, майрæмкуадзæны мæйы. Йæ ныййарджытæ уыдысты хуымæтæджы зæхкусæг бинонтæ, фæлæ йæ фыд Антъон æмæ йæ мад Тамарæ фидарæй лæууыдысты ахуырады æвварс. Фараст сывæллоны ныййарджытæ æппæтдæр арæзтой, цæмæй се `ппæтæн дæр ахуырад радтаиккой. Владимир уыд зæнæджы хистæр, райдайæн кълæстæ каст фæцис сæхи хъæуы æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Уæллаг Черейы астазон скъолайы. Уым тынг хорз нысæнттыл кæй ахуыр кодта, уымæ гæсгæ йæ Цхинвалы педагогон техникуммæ райстой æнæ фæлварæнтæй. Владимир ам дæр ирдæй равдыста ахуырмæ æвзыгъддзинад. Фæстæдæр каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты уырыссаг – ирон факультет. Æртыккаг курсы студентæй райдыдта йе сфæлдыстадон куыст, фыста æмдзæвгæтæ, уацтæ æмæ сæ мыхуыр кодта газет «Советон Ирыстон»-ы. Уыцы рæстæджы  редакцийы фæзындис корректоры куысты бынат æмæ Владимир бацыд уырдæм. Кодта ма тæлмацгæнæджы куыст дæр», – радзырдта Лохты чызг.

Уадз, кæстæртæ зоной сæ фыдæлты!

Скъоладзаутæ аив бакастысты Икъаты Владимиры æмдзæвгæтæ «Фыдыбæстæ», «Æз дæ фырт дæн», «Алолайы зарæг», «Уарзын» æмæ бирæ æндæртæ. Владимир тынг уарзта сывæллæтты æмæ йе `мдзæвгæты иу хай ныффыста уыдонæн, фыста сын аргъæуттæ æмæ хъæлдзæг радзырдтæ дæр. 3-æм къласы ахуыргæнинаг Гæджиты Элинæ аив ахъазыд аргъау «Æнæкъуди рувас»-мæ гæсгæ æвæрд сценкæйы хинæйдзаг Рубæгайы ролы. Цыбырты Барсæг бакаст æмдзæвгæ «Æз дæ фырт дæн», Остъаты Дауыт, Гæбæраты Аминæ, Хъуылымбегты Тамерлан, Цыбырты Барсæг, Битеты Арсен, Тыджыты Настя æмæ иннæ ахуыргæнинæгтæ кастысты Икъайы фырты æмдзæвгæтæ, зарыдысты йе `мдзæвгæтыл фыст зарджытæ, афтæ ма арæхстджынæй акафыдысты ирон «Симд» æмæ «Хонгæ».

Ныййарæджы кад бæрзонд чи сисы æмæ йын цыфæнды зын уавæртæ æмæ дуджы дæр йæ ном сæфын чи нæ бауадзы, уый, у æцæг хъæбул. Икъаты Валодя хъæбулы ад, ныййарæджы уарзты фыццаг тæлмæнтæ банкъардта Мадинæйы райгуырдæй æмæ йын абон йæ чызг архайы йæ цытджын фыды ном сæнусон кæныныл. уыцы уарзон ахасты тыххæй Мадинæ йæхæдæг радзырдта ахуыргæнинæгтæн æмæ сын азарыд йæ фыды æмдзæвгæ «Сагъæстæ»-йыл фыст зарæг. Музыкæ Мадинæ йæхæдæг ныффыста.

«Икъаты Владимирæн мыхуыры рацыдысты поэтикон æмбырдгæндтæ «Уалдзæг», «Кæсаджы фын», «Хуры тынтæ», «Мады зæрдæ», «Фыццаг мит», «Булæмæргъы зарæг», «Зæххы рис». Уыдонæй ныртæккæ ирон æхсæнады, куыд хистæр кары, афтæ рæзгæ фæлтæр дæр пайда кæнынц стыр цымыдисимæ. Йе `мдзæвгæтæ йын скъоладзаутæ ахуыр кæнынц зæрдиагæй», – загъта Лохты Жаннæ. Кæронбæттæны скъолайы директор Зассеты Зарæ мадзалмæ æрбацæуджытæн загъта бузныджы ныхæстæ.

«Рæзгæ фæлтæры хъомыладон фарстатыл куы дзурæм, уæд æнæмæнгхъæугæ сты, ныртæккæ кæй федтам, ахæм фембæлдтæ. Æрмæстдæр сыгъдæг ирон дзырды бындурыл ис схъомылгæнæн æцæг ирон фæсивæд. Владимиры хуызæн гоймæгтæ кæддæриддæр уыдысты, æмæ уыдзысты нæ фидæны фæлтæртæн цæвиттойнаг æмæ сæрыстыр кæмæй стæм, ахæм хистæртæ æмæ сæ хъуамæ, æнæмæнгæй, зоной рæзгæ фæлтæр. Уый у алы ахуыргæнæг æмæ хъомылгæнæджы ахсджиаг хæс», – загъта скъолайы директор.

 

                                                                                  ХУЫГАТЫ Миленæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.