РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннадийы сæрдариуæгадæй уагъд æрцыд æргътæ (тарифтæ) бæстон кæныны фæдыл æхсæнведомствæйон къамисы рабадт, цыран æркастæуыд 2021 азы электроэнерги æмæ æрдзон газæй ифтонг кæныны фæдыл тарифтæм.

Республикæйы Экономикон рæзты министрад куыд банымадта, афтæмæй 2021 азы январæй горæты цæрджытæн электроэнергийы аргъ уыдзæн 3 сомы, хъæууон цæрджытæн та – 2, 37 сомы. Газы аргъ та уыдзæн 4,51 сомы.

Раздæры тарифтимæ сæ куы абарæм, уæд газ горæттаг цæрджытæн фæфылдæр 36 къапеччы æмæ хъæууон цæрджытæн та – 37 къапеччы. Газ та фæфылдæр 24 къапеччы.

Бекъойты Геннади куыд банысан кодта, афтæмæй тарифты фæфылдæр кæныны уыдис æнæмæнг хъуыддаг – æндæр гæнæн нæ уыд. Уымæн æмæ электроэнерги æмæ газы уæрæсейаг оптон базары хæрдзтæ сырæзтысты. Фæлæ Хицауад сарæзта æппæт дæр, цæмæй республикæйы цæрджытæн сæ æргъты æнæбындурæй фылдæр кæнын ма æруадза. Бакуыстæуыд, бюджеты гæнæнтæ цас сты, уымæй энергоресурсты фидыны фæдыл хæрдзтæ субсиди кæныны фарстыл. Цæрджытæн баххуыс кæныны нысанæн Хицауад дарддæр компенсаци кæндзæн, раздæр куыд уыди, афтæ паддзахадон къазнæйы хыгъдæй цы энерги истæуы, уымæн йæ хæрдзты иу хай.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ивгъуыд аз цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады модернизацийы фæлгæтты райст кæй æрцыд «Цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты тарифты паддзахадон бæстонкæнынады фæдыл цæрæнуатон-коммуналон лæггæдтæ ифтонг кæныны æххуысы хицæн мадзæлтты тыххæй» Хицауады уынаффæ.

Модернизацийы планмæ гæсгæ йæ сæйрагдæр хæстæй иу у нормативон барадон базæйыл бакусын, кæцыйы бындурыл банымайæн уыдзæн экономикон æгъдауæй бындуриуæгджын тарифтæ, цæмæй хъахъхъæд æрцæуа энергоресурстæ æрвитæг æмæ фæлхасгæнджыты интересты баланс, цæмæй фæлхасгæнджытæ хызт уой тарифтæ æнæбындурæй фылдæр кæнынæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.