Адæймагæн кад æмæ ном чи кæны, уыцы раппæлинаг миниуджытæ бирæ сты æмæ сæ хайджын чи фæвæййы, сыгъдæгæй сæ чи фæхæссы, уымæй райгонд вæййынц йæ иубæстон адæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, æрдзы сконд афтæ у æмæ алцæмæй æххæст ничи вæййы, фæлæ уыдон фылдæр хай адæймаджы уæнгты куы тæлфой, уæд уый хорзы нысан у. Нæ фыдæлтæм сылгоймаг кæддæриддæр кады бынаты уыд, аргъ ын кодтой йæ уæздандзинад, йæ хорз ахастæн. Сылыстæджы æвæрццаг миниуджытæй адæм, æхсæнад разы вæййынц алы хатт дæр æмæ ахæмæн уæлдай кад æмæ ном фæкæнынц. Ирон æвзаг хъæздыг æмæ аив у, куыд йæ айзæлдæй, афтæ йæ диссаджы дзырдты æвæрæнтæй дæр. Уæдæ ма уæздандæр æмæ мидисджындæр цы хъуамæ уа дзырд сылвæлхæн зæгъгæйæ, сты дзы сылгоймаджы æппæт хорз хиæдтæ дæр.

Уыцы раппæлинаг миниуджытæй æххæстбæрцæй хайджын у Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрæг Хъуылымбегты-Лохты Женя дæр. Фыдырдыгæй сидзæрæй раджы баззад, сидзæр та мæгуыр у, цыфæнды рæвдыд æййафа, уæддæр. Йæ ныййарæг мад Санет дыккаг мой куы скодта, уæд чысыл сывæллон дæр хъомыл кодта Гоцъиты бинонты ‘хсæн. Сахуыр кодта астæуккаг скъолайы, фæстæдæр та хуыйджыты курсыты. Алы æвзонг адæймаг дæр фæбæллы йæ амонд ссарынмæ, хъæбулты ад банкъарынмæ. Хъуылымбегон дæр йæ цард баиу кодта бынæттон куыстуарзаг лæппу Лохты Феликсимæ. Уый бирæ рæстæг фæкуыста нæ уæды областы егъаудæр заводтæй сæ иу – «Электровибромашинæ»-йы æндадзæгæй. Уæдмæ сын фæзынд хъæбултæ – Мендик, Олег æмæ Батрадз æмæ фæдывæр сæ аудындзинад сæ зæнæгмæ. Ныр уыдон сæхæдæг дæр  сты ныййарджытæ, базыдтой хъæбулты ад. Хистæр фырт Мендик уыд нæ Парламенты депутат дæр.

Хъуылымбегоны адæймагон миниуджытæй иу у æмæ алкæмæ дæр кæй дары хорз ахаст, кæны семæ хæлар цард, стæй у дзыхбарон. Раздæр азты фæллой кодта æхсæнадон хæдзарады, цалынмæ йыл карз низ не стых, уæдмæ. Фæлæ уæддæр йæ фæллойадон архайд нæ уагъта æмæ кæддæриддæр хæрзгуыст кодта йæ хæдзаргæрон зæххы фадыг, иста дзы хъæууонхæдзарадон культурæты хъæздыг тыллæг. Адæймагыл азтæ куыд цæуы, афтæ физикон куыстмæ дæр уæнгтæ нал фæтасынц. Женяйыл дæр азтæ сæ уæз æруагътой æмæ цæнгдыхæн загъта хæрзбон. Ныр улæфы, зæры бонты йæ фæллад уадзы хорз сыхаг æмæ намысджын фæллойгæнæг Хъуылымбегон, рæвдыдцух æй нæ уадзынц йæ зæнæг, уыдон цот æмæ сæ буц у.

                               ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.